Къуырисæры, 14-æм февралы 30 азы æххæст кæны Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды сырæзтыл. Ацы Къорды 10 азæй фылдæр цæсгомджынæй чи баслужбæ кодта æмæ абон дæр ОМОН-имæ æнгом бастдзинад кæмæн ис, уыдонæй иу у нæ горæты цæрæг Гуыцмæзты Валери. Валери ОМОН-ы баслужбæ кодта 11 азы дæргъы.

Мæ разы бады æвзонг зæрдæмæдзæугæ хæрзæгъдау нæлгоймаг, йæ ныхас – хиуылхæцгæ æмæ уæздан. Куы йæ афарстон, зæгъын, ОМОН-ы службæ цæмæн равзæрстай, уæд мын афтæ рахабар кодта: «Скъолайы ахуыр кæнгæйæ, архайдтон каратэйы секцийы, кæцыйы тренер уыд ОМОН-ы командиры хæдивæг Тедеты Сослан. Уый нын зæрдæбынæй амыдта спорты ацы хуызы сусæгдзинæдтæ. Фæлæ хъуыддаг уый мидæг уыд, æмæ нын уыцы уæззау рæстæджыты нæ уыд тренировкæгæнæн зал æмæ нæ Сослан арæх кодта ОМОН-ы спортзалмæ. Уым федтон фыццаг хатт ОМОН-ы службæгæнджыты тренировкæ кæнгæ дæр. Федтон сын сæ рæнхъæйлæуд дæр. Мæ зæрдæмæ тынг фæцыд сæ формæ дæр. Æмæ скъолайы фæстæ кæд ме ‘мкарæнтæй бирæтæ Спецназмæ бацыдысты, уæд мæнæн та мæ фæндаг уыд комкоммæ дæр ОМОН-мæ. Фыццаг бонæй фæстæмæ нын афицертæ амыдтой службæйы сусæгдзинæдтæ, дзырдтой нын къорды сырæзты истори, йæ фыццаг командир Гæззаты Вадимы фæдзæхстыты тыххæй. Уый-иу дзырдта, зæгъгæ, суткæйы цахæмфæнды рæстæджы дæр, фæнды бон уа, фæнды – æрдæгæхсæв, уæддæр уынджы чи рацæйцæуа, уый мацæмæй хъуамæ тæрса. Арæх-иу нын дзырдтой ОМОН-ы хæстонтæй, уыцы нымæцы командиртæй дæр хъæбатырæй чи фæмард, уыдоны æнахуыр сгуыхтдзинæдты тыххæй. Мæ зæрдæ мын тынг баца-гайдтой Сиукъаты Темо, Санахъоты Гришик æмæ æндæр зынгхуыст хъайтарты хæстон цаутæ. Уыдон равдыстой æнахуыр хъайтардзинæдтæ сæ Райгуырæн Ирыстон хъахъхъæнгæйæ. Никуы мæ ферох уыдзысты, 1992 азы июны мæйы ОМОН-ы хæстонтæ цы бæллæхы бахаудтой, уый фæдыл нын цы тæссаг хабæрттæ радзырдтой, уыдон дæр. Сæ хъайтардзинæдтæ нын систы бафæзминаг цæвиттоны хуызæн. Ахæмты фæрцы адæймагмæ сæвзæрынц патриотизмы æнкъарæнтæ, бафæнды йæ уыдоны хуызæн суæвын».

Уыцы рæстæджы Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъæнæг органты æппæт системæ уыд вазыгджындæр уавæры. Милицийæн сæ хæцæнгæрзтæ исын райдыдтой 1991 азæй райдайгæйæ. Уæд нырма уæвынад кодта Советон Цæдис æмæ йын æххæст кодтой йæ бардзырдтæ. Ныр адæймагмæ диссаг фæкæсы ОМОН-ы саразæг Гæззаты Вадимы хъайтардзинад, кæцы уыцы рæстæджы уыд милицийы горæтон хайады кусæг. Фыццаг легендарон къордмæ бацыд 13 адæймаджы. Штаб организаци æрцыд Тулдзы къохы. 1992 азы 14-æм февралы ОМОН официалонæй бацыд РХИ-йы Мидхъуыддæгты министрады структурæмæ. Къорды сконды нымæц рæзт сахатгай. Цыдысты йæм алыгъуызон адæм: раздæры афгайнæгтæ, мидхъуыддæгты органты кусджытæ, дохтыртæ, ахуыргæнджытæ, студенттæ æмæ зноны скъоладзаутæ. Æддагон знаджы ныхмæ тох кæныны æмрæнхъ уыдоны бахъуыд республикæйы сæвзæргæ криминалы ныхмæ тох кæнын дæр. Республикæйы сабырдзинад æмæ фæтк сфидар кæнын тыххæй къорды уæнгтæ фесæфтой сæ хæстонтæй цалдæры. «Абоны онг дæр кадимæ мæхи нымайын ацы къорды иу хайыл, æппынæдзух дæр мын бастдзинад ис ацы дæлхайимæ. ОМОН-ы фыццаг командир Гæззаты Вадимы фæдзæхст уыд ахæм: «Мидæггагон æмæ æддагон знаджы ныхмæ тох кæнын. Уый у централон принцип», – дзырдта Валери.

Йæ сырæзтæй цалдæр мæйы фæстæ ОМОН-ы бахъуыд тохы бацæуын ТЭК-ы районы. Къорды службæгæнджытæн фæстæмæ алæууæн нæ уыд, сæ фæстæ уыд Цхинвал æмæ слæууыдысты, сæхицæй бирæ фылдæр чи уыд, уыцы знæгты ныхмæ. Сæ уарзон горæт хъахъхъæнгæйæ, хъæбатырæй фæмард сты Дзабиты Геннади, Александр Михайленко, Гуыбаты Зураб, Гæбæраты Станислав, Табуты Радион æмæ æндæртæ. Диссагæн баззад хæстон-афгайнаг Джиоты Владикы (Басмачы) хъæбатырдзинад. Уый кæд мæлæтдзаг цæф фæцис, уæддæр ма цасдæр рæстæджы дæргъы æхста знæгты. Диссагæн баззад хæрзæвзонг Санахъоты Гришикы хъайтардзинад. Уыцы тохы фæцæф ОМОН-ы командир Гæззаты Вадим дæр. ОМОН-ы хæстонтæ знаджы горæтмæ не ‘рбауагътой…

Рацæудзысты азтæ æмæ сæ хистæр хæстон æмбæлтты сгуыхтдзинад сфæлхатт кæндзысты ОМОН-ы ног фæлтæртæ.

2008 азы 8-æм августы гуырдзиаг æфсæдты уæззау техникæ рацыд Цхинвалы ‘рдæм Тъбеты фæндагыл. Гуырдзиаг æфсæдты къорды иумæйаг нымæц уыд 400 адæймаджы бæрц уæззау техникæимæ. Сæ фæндаг сын æрæхгæдтой ОМОН-ы хæстонты чысыл къорд. Æмæ та ногæй сæ фæстæ уыд Цхинвал, æмæ та ногæй хæцыдысты æнæмсæр тохы фæстаг нæмыджы онг æхсгæйæ. Ацы тохы дæр фæмард сты хъæбатыр æвзонг хæстонтæ Къæбысты Алан, Дзахоты Валери, Мæлдзыгаты Сослан, Санахъоты Алан, Быценты Гайоз. Лæппутыл цыд 20-гай азтæй цъус фылдæр. Валери дæр активон хайад иста гуырдзиаг тыхæйисджыты ныхмæ.

Гуыцмæзы фырт, ОМОН-ы службæ кæнгæйæ, уыд сæрмагонд взводы æмæ йе ‘мбæлттимæ цыд тыхст фæсидтытæм, кæцытæй-иу бирæтæ сæрæгасæй нал раздæхтысты. 2003 азы ссис афицер. Гуыцмæзты Валери уыд сæрмагонд цæттæдзинады хæстон службæйон инспектор. Уый сорганизаци кодта Хæстон аивæдты клуб «Рухс сомбон», зæгъгæ. Сывæллæттæн тренировкæтæ уадзы нæ горæты Сывæллæтты сфæлдыстады галуаны. Уагдоны директор Джиоты Арянæйы зæрдæмæ фæцыд йæ фæнд, бамбæрста йæ æмæ йын рахицæн кодта зал. Абон тренировкæ кæны 90 сывæллоны бæрц, кæцытыл цæуы 6 азæй 13 азы онг. Фæлæ æрмæст тренировкæтыл не ‘рлæууыд Гуыцмæзты Валери. Мæнæ куыд фæзæгъынц, зæгъгæ, курдиатджын адæймаг алцæмæй дæр курдиатджын вæййы.Тренировкæты фæстæ рахицæн кæны 30 минуты æмæ сывæллæттæн амоны дала-фæндырыл цæгъдын, амоны сын патриотикон зарджытæ, цæмæй рæзгæ фæлтæр зоной сæ хъайтарты, цымыдис кæной сæ радтæг адæмы культурæмæ æмæ уой сæ радтæг Ирыстоны æцæг патриоттæ. Афтæ ма нæ горæты 11-æм скъолайы ахуырдзаутæн дæр тренировкæтæ уадзы тхэквондойæ æмæ сын амоны далафæндырыл цæгъдын дæр. Валери райгонд у ацы скъолайы директор Собаты Юзæйæ, кусынæн ын æппæт уавæртæ дæр кæй сарæзта, уый тыххæй.

2013 азы 14-æм июны 1992 азы фæмардуæвæг службæгæнджыты номыл байгом Обелиск. Обелискы официалонæй бакæныны церемонимæ æрбацыдысты, мæлæты дзæмбытæй чи раирвæзт, уыцы лæппутæ дæр æмæ сæрныллæгæй «рухсаг ут» загътой се ‘дзард æмгæрттæн.  Афтæ та уыдзæн ныр дæр. Æдзард хæстонтæн сæ ном рох макуы хъуамæ уа.

Æнæ скæнгæ мын нæй йæ фыд Гуыцмæзты Хъазбеджы (Хъайсын) кой. Уый у РХИ-йы адæмон артист, Советон Гуырдзыстоны сгуыхт артист. Уыд паддзахадон ансамбль «Симд»-ы солист. Кафыд зынгæ Хъотайты Кларæимæ дæр. Фыды курдиат рахастой йæ цыппар хъæбулы дæр. Валерийы фаззон æфсымæр Вадим гуымсæгыл цагъта Цæгат Ирыстоны паддзахадон ансамбль «Алан»-ы.

Гуыцмæзты Валери нæм бахатыд, цæмæй йæ номæй нæ газеты фæрцы арфæйы ныхæстæ зæгъæм ОМОН-ы службæгæнджытæн сæ бæрæгбоны цытæн. Уадз, бирæ азты дæргъы лæггад кæной сæ радтæг хæстæфхæрд Ирыстонæн. Арфæ кæнæм Валерийæн йæхицæн дæр ацы нысаниуæгджын боны цытæн. Хорз хъуыддагыл лæуд дæ æмæ дæ къухты бафтæд стыр æнтыстытæ рæзгæ фæлтæры хъомылады хъуыддаджы.

          ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.