Хуссар Ирыстоны информацион агентад «Спутник»-ы  пресс-центры Мидхъуыддæгты министр Наниты Игорь, штабы сæргълæууæг Кокойты Тарзан, йæ хæдивæг Пухаты Мераб, Криминалон милицийы къухдариуæггæнæг Цхуырбаты Андрей æмæ  Паддзахадон автоинспекцийы сæргълæууæг Джиоты Алан информацион фæрæзтæн лæвæрдтой пресс-конференци.

Фæстаг рæстæджы арæх фехъусæн ис министрады оптимизацийы тыххæй. Ацы процесс куыд бандæвта Мидхъуыддæгты министрадыл, уый тыххæй информаци сарæзта Кокойты Тарзан. Йæ ныхæстæм гæсгæ, министрады сæрмагонд сконд 2017 азы фæкъаддæр 400 адæймаджы бæрц, фæлæ уыдонæй иуæн дæр йæ бартæ дæлдзиныг не ‘рцыдысты.

Мидхъуыддæгты министрады органты системæйы оптимизаци цæуы Æмцæдисад æмæ интеграцийы фæдыл уæрæсейаг-хуссарирыстойнаг бадзырдмæ гæсгæ. Документмæ гæсгæ этапгай фидардæр кæндзæн материалон-техникон базæ, рæздзысты куыстмыздтæ æмæ министрады кусджыты социалон гарантитæ. Ацы мадзæлттæ æххæст цæудзысты, æрæджы Мæскуыйы бафысгæ уæлæмхас сразыдзинады фæлгæтты.

Кокойты Тарзан куыд бамбарын кодта, уымæ гæсгæ ацы Сразыдзинад йæ тыхы нæма бацыд, уымæн æмæ хъæуы ауадзын къорд мидæггаг паддзахадон процедурæтæ.

«Не ‘мбæстæгтæй бирæтæ оптимизаци афтæ æмбарынц, цыма штатон нымæц хъуамæ фæкъаддæр уа, фæлæ уый раст нæу. Æмбарын æй хъæуы афтæ, æмæ уæвæг фæрæзтæй спайда кæнын хъæуы афтæ, цæмæй системæ архайа æмæ куса ахадгæйæ.

Мидхъуыддæгты министрады оптимизаци райдыдта уæлæмхас сразыдзинадыл къухтæ æрфыссыны агъоммæ. Уый фæстиуæгæн абоны онг кусджыты нымæц фæкъаддæр 1700-1300 адæймаджы онг», – дзырдта Тарзан. Уый ма банысан кодта, министрады уыцы 400 кусæджы æрвыст кæй æрцыдысты пенсийы, æмæ сæ пенси кæй у сæ куыстмыздтæй фылдæр.

Ныр цæмæн хъуыд уыцы оптимизаци?

Кокойты Тарзан куыд радзырдта, уымæ гæсгæ мид-хъуыддæгты органты нымæц бæрæг кæнынц паддзахады цæрджыты нымæцмæ гæсгæ. Дæнцæгæн æрхаста Белоруссийы уавæр. Уым 100 мин цæрæг-мæ хауы 1440 Мидхъуыддæгты министрады кусæджы.

«Мах дæр Хуссар Ирыстоны банымадтам афтæ, æмæ дзы цæры 100 мин адæймаджы, æрцæуæккаг æмбæстæгтæ, уазджытæ æмæ мигрантты нымæц хынцгæйæ. Уæрæсеимæ сразыдзинады фæлгæтты куыстмыздтæ фæлтæргай кæй фылдæр кæнынц, уымæ гæсгæ куыстæй сæрибар цы кусджытæ æр-цæуы, уыдон фæрæзтæ дих цæуынц иннæ кусджытыл», – дзырдта ныхасгæнæг. Уый ма куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ æнæведомствæйон хъахъхъæнынады управленийы цы кусджытæ æрцыд сæрибар, уыдон раконд æрцыдысты ногæй цы паддзахадон унитарон уагдон «Ирбис» арæзт æрцыд, уырдæм. Иумиагæй сисгæйæ, оптимизаци уагъд цæудзæн 2018-2019 азты æмгъуыды тыххæй.

Мидхъуыддæгты министрады кусджыты æхсæн бархалынæдты Наниты Игорь куыд радзырдта, уымæ гæсгæ 2017 азы министрады хисæрмагонд æдасдзинады управлени ауагъта 75 службæйон басгæрсты. Уыдон фæстиуæгæн æртæ кусæджы райстой ныхкъуырд, æхсæзæй – æфхæрд, æртындæсæй – карз æфхæрд æмæ æхсæзæй та службæйы домæнтæн дзуапп кæй нæ дæттынц, уый тыххæй фæдзæхст æрцыдысты.

«28 кусæджы иуварс æрцыдысты бæрæг аххосæгтæм гæс-гæ мидхъуыддæгты министрады рæнхъытæй, æртæ æрмæджы та æрвыст æрцыд Генералон прокуратурæмæ уголо вон хъуыддаг сыл бакæныны тыххæй.

Хъыгагæн, арæх вæййы бы-нат службæйон дисциплинæ фехалынæн, фæлæ министрады къухдариуæгад ууыл, кæй зæгъын æй хъæуы, нæ разы кæны.

 

Алы бархалынады цауы фæдыл дæр ист цæуы мадзæлттæ, барадхалджыты суанг сæ бынатæй ссæрибар кæныны онг дæр», – дзырдта министр. Уымæй дæр, дисциплинæ фехалыны æппæт фактты фæдыл уагъд цæуы службæйон басгæрст министрады хисæрмагонд æдас-дзинады управленийы ‘рдыгæй. Хатт хъуыддаг ахастæуы Генералон прокуратурæйы онг.

Наниты Игорь банысан кодта, зæгъгæ, службæйон дисциплинæ чи халы, уыдон къæм æвæ-рынц мидхъуыддæгты органты кусæджы аккаг номыл.

Æрæджы Вокзалгæрон уынджы фæзуаты æмбисбон министрады кусджытæй æхсæнгар-зæй чи æхста, уыдон сты ахст, фарст æрцыдысты æмæ сæ хъуыддаг ис Генералон прокуратурæйы. Факты фæдыл та конд æрцыд уголовон хъуыддаг. Фæдсгарыны рæстæджы уал сæ службæйон хæстæ æххæст кæнынæй иуварс æрцыдысты æртæ æмкусæджы.

Куыд зонæм, афтæмæй Мидхъуыддæгты министрады хаххыл Уæрæсейы Федерацийы Уæлдæр ахуыргæнæндæттæм ахуырмæ цæуынц нæ курсанттæ. Ацы аз уыдон нымæц у 22 адæймаджы. Уыдон ахуыр кæнынц УФ-йы Мидхъуыддæгты министрады хаххыл Краснодары, Орловы, Воронеж, Ростов, Волгограды Уæлдæр ахуыргæнæндæтты.

«Уым уыдон ахуыр кæнынц теорийыл, æмæ практикон зонындзинæдтæ та райсынц минис-трады системæйы бакусыны рæстæджы. Уыдонæй иу дæр æгуыстæй нæ баззайдзæн, нæ хæс у æмæ сæ куыстæй сифтонг кæнæм, цæмæй ам, бынаты адарддæр кæной сæ куыст æмæ архайд», – дзырдта уый.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, ацы аз уæлдæр ахуырад цы курсанттæ райстой, уыдон се ‘ппæт дæр куыстæй ифтонг æрцыдысты Мидхъуыд-дæгты министрады. 2018 азы дæр министрад æнхъæлмæ кæсы 15 рауагъдонмæ уæлдæр ранымайгæ ахуырадон уагдæттæй.

Ныртæккæ Уæрæсейы Уæлдæр ахуыргæнæндæтты Мидхъуыддæгты министрады хаххыл ахуыр кæны 110 курсанты.

Ногазон бæрæгбоны къæсæрыл кæй стæм, уымæ гæсгæ бирæ мадзæлттæ уагъд цæудзæн æхсæнадон бынæтты. Уыдонмæ сæ хъус дардзысты Мидхъуыддæгты министрады 530 кусæджы, уымæн æмæ 31 декабрæй уыдон службæ кæндзысты фæтыхджындæргонд режимы. Уый тыххæй та пресс-конференцийы рæстæджы радзырдта Пухаты Мераб. Уыдонæй, зæгъгæ, 367 кусæджы сæ хъус дардзысты горæты фæткмæ, Цхинвалы районы – 36, Дзауы –  51, Знауыры – 26 æмæ Ленингоры та  – 56.

«Абоны онг министрадмæ балæвæрд æрцыд 142 куырдиаты министрадтæ æмæ уагдæттæй – ногазон мадзæлттæ уадзыны тыххæй фæтк æмæ æдасдзинад ифтонг кæныны нысанæн. Уыдонæй 59 мадзалы уагъд цæудзысты горæты территорийыл, иннæтæ та районты», – дзырдта Пухайы фырт. Куыд ма банысан кодта, уымæ гæсгæ Мидхъуыддæгты министрад бакуыста, æхсæнадон фæтк æмæ цæрджыты æдасдзинад хъахъхъæныны фæдыл ногазон бæрæгбонтæ нысан кæныны рæстæджы организацион-профилактикон мадзæлтты планыл.

Паддзахадон автоинспекцийы управленийы сæргълæууæг Джиоты Алан дæр пресс-конфе-ренцийы рæстæджы лæмбынæг æрдзырдта фæндагон змæлды æдасдзинад æмæ фæткойты фæдыл. Æхсызгонæй банысан кодта, ивгъуыд азтæм абаргæйæ кæй фæкъаддæр фæндагон-транспортон цауты нымæц, уыцы нымæцы ма ацы аз бынат нæ уыд æнамонд цау-тæн. Уый ма дзырдта фидæны плæнттыл, фæндаджы фæткойтæ гуымир æгъдауæй чи халы, уыдоны ныхмæ тохыл.

Криминалон милицийы сæргълæууæг Цхуырбаты Андрейы ныхæстæм гæсгæ фыдра-кæнды цаутæ къаддæр кæнынц æмæ сæ раргом кæныны процент та – фылдæр. Ныхас дарддæр кæнгæйæ, Кокойты Тарзан зæрдыл æрлæууын кодта, ацы аз нæ республикæйы къорд стыр фыдракæнды кæй æрцыд. Уыдон ракæнджытæ уыдысты адæймæгты къорд, сæ раздзог у ахст, иннæты та агуырдæуы. Тарзаны ныхæстæм гæсгæ, уыдон раздзог ахст кæй æрцыд, уый фæрцы æрцахсынæй æргом æрцыд цалдæр фыдракæнды.

Къæбулты Марина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.