Фæзæгъынц, зæгъгæ, фатер куыдфæнды хæрзæфснайд ма уа, уæддæр дзы искуы иу ран, чи нал хъæуы, ахæм мигæнæн куы уа, уæд фатер æфснайды хуызæн дæр нал вæййы. Ацы дзырдтæ мæн уырныдтой рагæй, фæлæ мæ æрæджы нæ горæты уынгты тезгъокæнгæйæ бауырныдтой тынгдæр. Уымæн æмæ арæх, кæй хæрзарæзтыл фæцин кæнæм, уыцы, уынгты фенæн ис уынгты хæрзарæзтыл мæгуырауæрдæм чи ‘ндавы, ахæм зæронд хæдтулгæйы пырхæнтæ, арæзтадон æрмæджытæ. Æз зæронд телхъæдты тыххæй дзурын ацы уацы. Цалцæг цы уынгтæ, æрцыдысты, уыдонæн се ‘ппæты дæр ивд æрцыдысты электрон хæххытæ ногтæй, зæрдæ райы ног æфсæн цæджындзтæй. Зæронд телхъæдты хъуыд ралыг кæнын æмæ аласын. Лыг æмæ дзы ласгæ дæр акодтой дзæвгар, фæлæ сæ иу хай баззадысты сæ бынæтты æмæ ныр цалдæргай азты лæууынц чи бæлæстыл, чи та хæдзæрттыл хъилæй. Æрмæст уынгты рæсугъддзинадыл не ‘ндавынц мæгуырауырдæм, фæлæ ма тыхсын кæнынц фистæгæй цæуæг адæмы дæр. Уымæн та цæвиттонæн, нывы цы телхъæды уынут, уый, ис тротуарæн йæ тæккæ астæу. Æрмæст 8 июны, Сталины, Октябры æмæ Джиоты А. уынгтыл ис 40 ахæм телхъæдæй фылдæр. Кæй аххосæй баззадысты, уый нæ зонын, фæлæ хорз зонын уый, æмæ сæ Хуссар Ирыстоны электрохызæг æмæ Цхинвалы администрацийы разамынды кусджытæ абонмæ æнæ ралыг æмæ аласгæйæ ма хъуамæ ныууагътаиккой.

Банысан ма хъæуы уый дæр, æмæ капиталон цалцæг цы уынгтæ æрцыдысты, уыдонæй Мамсырайы фырты уынгæй дарддæр алы уынджы дæр ис ахæм цухдзинад.

Гæззаты Иван 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.