РХИ-йы Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты министрады архайды ахсджиагдæр здæхтытæй сæ иу у алыгъуызон категориты æххуысхъуаг æмбæстæгтæн æххуыс кæнын.

Æрвылаз дæр уæззау уавæры бахауæг адæймæгтæн баххуыс кæныны тыххæй республикæйы бюджетæй рахицæн æрцæуы 12 милуан сомы. Кæмæн баххуыс кæнынц æмæ арæхдæр паддзахадмæ æххуысмæ чи бахаты, уый тыххæй радзырдта Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты министры хæдивæг Сиукъаты Наирæ.

2015 азы 9-æм октябры «Алыгъуызон категориты æххуысхъуаг æмбæстæгтæн адресон социалон æххуыс бакæныны фæдыл фæтк æмæ бындурты тыххæй» РХИ-йы Хицауад райста уынаффæ, кæцымæ гæсгæ материалон æххуыс сæ бон у райсын æмбæстæгты ахæм категоритæн: гуырдзиаг-ирон конфликты фæстиуæгæн чи фæмард, уыдоны бинонтæ; 75 азæй фылдæр кæуыл цæуы, ахæм иунæг æмбæстæгтæ, кæцытæ пенси исынц Хуссар Ирыстоны, фæцæфы фæстиуæгæн инвалидтæ чи систы, уыдон, кæцытæ пенси исынц Хуссар Ирыстоны; сабибонтæй фæстæмæ инвалидтæ; сывæллæттæ-сидзæртæ.

Хъыгагæн, æххуыс кæмæн хъæуы, уыдонæй алкæмæн баххуыс кæнын нырма нæ бон нæу, финансон фæрæзтæ нын кæй нæ фаг кæнынц, уымæ гæсгæ, фæлæ нæ бон куыд у, афтæ тырнæм уавæр фæхуыздæр кæнынмæ. Адæм бузныг сты æрмæст материалон æххуысы тыххæй нæ, фæлæ хуымæтæджы адæймагон хъусдарды тыххæй дæр.

Æнæниздзинад æмæ социалон рæзты министрад 2016 азы 1-æм январæй 1-æм сентябрмæ финансон адресон æххуыс бакодта 751 адæймагæн, кæцытæн сæ иумæйаг суммæ уыд 7986000 сомы. Уыдоны нымæцы сты 1 æмæ 2-аг къорды инвалидтæ (760000 сомы), сабибонтæй фæстæмæ 90 инвалидæн (930000 сомы), 351 бирæсывæллонджын бинонтæн (4060000 сомы),  фæмардуæвджыты 52 бинонтæн (540000 сомы), æххуысхъуаг бинонтæн (675000 сомы), 47 сидзæрæн (505000 сомы).

Уый æддейæ ма 10 адæймагæн, кæй фæрынчын сты, уый тыххæй рахицæн æрцыд 170000 сомы, ноджы 130000 сомы та рахицæн кодтам фондз æмбæстагæн мард бавæрын сорганизаци кæныны тыххæй. Уæлдæр ранымад категоритæй дарддæр ма баххуыс кодтам иунæг æмбæстæгтæн, уыдонæн лæггад кодтам хæдзармæ. Бацамынд рæстæгмæ æнæмæнгхъæуæг продуктты хуызы баххуыс кодтам 78 æмбæстагæн (156000 сомы).

Афтæ ма адресон финансон æххуыс 60000 сомы райстой республикæйы æртæ æмбæстаджы, кæцытыл стæрхон кодтой Гуырдзыстоны.

Уавæрæй пайда кæнгæйæ мæ зæгъын фæнды, адæм арæх фæцымыдис кæнынц, паддзахад кæмæн хъуамæ баххуыс кæна æмæ уый тыххæй кæдæм бахатын хъæуы, уымæ. Ацы фарстытыл кусы РХИ-йы Æнæниздзинад æмæ социалон рæзты министрады социалон фиддонты хайад. Уый тыххæй бахъæудзæн куырдиат, документтæ, цыран хъуамæ уой бинонты сконды, æппæт æфтиæгты æмæ исады тыххæй бæрæггæнæнтæ, паспорт, куы бахъæуа, уæд æнæниздзинады уавæры æмæ цæрæнбынаты тыххæй справкæтæ.

Æппæт куырдиæттæм дæр æркастæуы материалон æххуыс бакæныны фæдыл къамисы рабадты, кæцы уагъд æрцæуы мæйы мидæг иу хатт. Райсгæ уынаффæйы тыххæй фехъусын кæнæм æмбæстæтæн.

 

РХИ-йы Президент æмæ

Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.