Знон киноконцертон зал «Чермен»-ы уагъд æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон Æдасдзинады комитеты сырæзтыл 24 азы сæххæсты цытæн цытджын æмбырд. Хайад дзы райстой РХИ-йы Президент Тыбылты Леонид, Хицауады Сæдар Хъуылымбегты Доменти, Парламенты Сæрдар Бибылты Анатоли, хицауады уæнгтæ, Æдасдзинады комитеты кусджытæ æмæ ветерантæ.

Цытджын æмбырд байгом Паддзахадон гимны зæлтæй. Æдасдзинады комитеты службæгæнджытæн сæ профессионалон бæрæгбоны цытæн раарфæ кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон Æдасдзинады комитеты сæрдар инæлар-майор Виктор Шаргаев. Уый æрдзырдта комитеты сырæзты æнæмæнгхъæуындзинадыл, цы уавæрты рæзт æмæ æндидзыдта йæ куыст, æппæт уыдæттыл. Банысан кодта, Гуырдзыстон æнауæрдонæй кæй куынæг кодта ирон адæмы, кæй афтид кодтой бирæ ирон хъæутæ. Уымæ гæсгæ хъуыд адекватон, тагъдыл райсинаг мадзæлттæ, цæмæй организаци æрцыдаид бæстæйы хъахъхъæнынад. Æмæ 1992 азы 28 майы Хуссар Ирыстоны Уæлдæр Совет райста къорд паддзахадон органтæ саразыны фæдыл Уынаффæ – уыдон нымæцы Æдасдзинады министрад дæр. Уыцы министрады фыццаг къухдариуæггæнæг уыд ныры Президент Тыбылты Леонид, уæды фæлтæрдджын æдасдзинады комитеты кусæг.

Виктор Шаргаев куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ азæй-азмæ комитет рæзт, фидарæй-фидардæр кодта. Комитет хæстон архæйдтыты рæстæджы лæууыд Фыдыбæстæ хъахъхъæныны сæрыл, бæстæйы æндыгъд уавæр оперативонæй бæстон кæныныл. Паддзахадон Æдасдзинады комитеты кусджытæ уæды змæст дуджы аиуварс кодтой бирæ террористон акттæ нæ республикæйы территорийыл, кæд знагæн æнтыст йæ фыдаудæн митæ, уæддæр.

«2008 аз Æдасдзинады комитетæн дæр ссис уæззау фæлварæнты аз. Спецдæлхæйттæ, оперативон сконд, арæнхъахъхъæнджытæ бахастой аккаг хайбавæрд паддзахаддзинад бахъахъхъæнынмæ. Хайад райстой тохты, æрурæдтой знаджы уæззау тыхтæ Къуайса æмæ Ерцъойы здæхты.

Контрразвæдсгæрст æмæ диверсион мадзæлтты хайад истой службæгæнджытæ. Гуырдзиаг агрессийы фæстæ 44 службæгæнæджы хорзæхджын æрцыдысты паддзахадон хорзæхтæй, уыдонæй æхсæз – паддзахадон уæлдæр хорзæх орден «Уацамонгæ»-йæ, – банысан кодта Шаргаев.

Комитеты кусджытæ оперативон куыст кодтой фæсхæст уавæрты дæр.

Паддзахадон æдасдзинады комитеты сæрдар Виктор Шаргаев фæсныхас куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ комитет ныртæккæ дзуапп дæтты æппæт нырыккон домæнтæн, техникон ифтонгады, профессионалон кадртæ бацæттæ кæныны хъуыддаджы.

Арфæ ракодта æппæт службæгæнджытæн сæ профессионалон бæрæгбоны цытæн, бузныг сын загъта сæ службæйы тыххæй. Уæлдай бузныджы ныхæстæ загъта комитеты ветерантæн, уымæн æмæ уыдон аккаг хайбавæрд бахастой бæстæйы спецслужбæтæ саразыны хъуыддагмæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхтыл Уæлдæр командæгæнæг Тыбылты Леонид æхсызгонæй банысан кодта, абон зæрдæбынæй кæй арфæ кæны комитеты службæгæнджытæн, уымæн æмæ йæхæдæг дæр уыд Æдасдзинады комитеты кусæг. Æрдзырдта, ацы орган куыд æмæ цы уавæрты арæзт цыд, уыдæттыл. Уæззау уавæрты арæзт цы-дысты паддзахадон æдасдзинады органтæ Хуссар Ирыстоны.

«Абон махæн нæ бон у æмæ зæгъæм, Паддзахадон Æдасдзинады комитеты ис-тори бæстæйы историау кæй у хъæздыг патриотизм æмæ удуæлдайдзинады дæнцæгтæй. Æдасдзинады комитеты кусджытæ æппæт рæстæджыты сæхи  æвдыстой æмæ æвдисынц æцæг патриоттæй», – дзырдта паддзахады сæр-гълæууæг.

Æдасдзинады комитеты службæгæнджытæй бирæтæ, æндæр структурæтæ, уæрæсейаг æфсæддон службæгæнджыты æмрæнхъ сæ цард рауæлдай кодтой Ирыстоны сæрибардзинад æмæ хæдбардзинады сæрыл. Уыдон рухс ном ссарыны охыл Тыбылты Леонид бахатыд иу минут æмырæй алæууын. Уыдон, зæгъгæ, рох никуы уыдзысты махæй.

Гуырдзыстоны провинциалон фашизм æргомæй рацыд Хуссар Ирыстоны ныхмæ. Уыцы рæстæджыты Æдасдзинады комитеты кусджытæ лæууыдысты сæ хиуæтты, Иры дзыллæ æмæ Фыдыбæстæ бахъахъхъæныныл.

Уæрæсейы Федерацийы æнгæс структурæтимæ æмархайд æмæ иумæйаг куыст банымадта иттæг хорзыл, уый нын, зæгъгæ, фадат дæтты нæ æмбæстæгты хъахъхъæнын, арæнтæ хъахъхъæнын.

Тыбылты Леонид ма хорзыл банымадта, нæ æвзонг лæппутæ Федералон æдасдзинады службæйы хаххыл кæй ахуыр кæнынц Уæрæсейы, æмæ, зæгъгæ, мах æнхъæлмæ кæсæм уыдонмæ цæттæ специалисттæм.

Арфæ ракодта ноджыдæр комитеты кусджытæ æмæ ветерантæн.

Бæстæйы сæргълæууæг хицæн паддзахадон хорзæхтæй – майдантæй, цытджын грамотæтæй æмæ арфæйы фыстæджытæй схорзæхджын кодта къорд кусæджы.

Паддзахадон æдасдзинады майдантæ, æнæрадон æфсæддон нæмттæ, риуыл-дарæн нысæнттæ, арфæйы фыстæджытæй та Хуссар Ирыстоны Паддзахадон æдасдзинады комитеты сæрдар Виктор Шаргаев схорзæхджын кодта комитеты кусджыты æмæ иуæй-иу министрадты минæвæртты.

Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Федералон æдасдзинады службæйы сæрмагонд минæвар Владимир Мальков Уæрæсейы Федерацийы Федералон æдасдзинады службæйы директор, армийы инæлар Александр Бортниковы номæй арфæ ракодта бæрæгбонгæнджытæн.

Бæрæгбон фидауы хъазтизæр æмæ хиирхæфсæн мадзæлттæй. Уымæ гæсгæ цытджын изæр адарддæр кодтой Хуссар Ирыстоны сфæлдыстадон къордтæ.

Къæбулты М.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.