Республикæйы къухдариуæгады бахæсмæ гæсгæ арæзт æрцыд ««Хуссар Ирыстоны территорийыл РХИ-йы паддзахадон арæныл арæнгæрон зонæ сæвæрын æмæ РХИ-йы паддзахадон арæн схæрзарæзт кæныны фæдыл мадзæлтты тыххæй» РХИ-йы Хицауады уынаффæмæ (райст æрцыд 2012 азы 3 августы) ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» Хицауады уынаффæйы ног проект, кæцыйы райста Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауад 2017 азы 27 январы.

Ацы уынаффæмæ хаст æрцыдысты бæрæг ивындзинæдтæ, кæцытæ хауынц арæнгæрон зонæмæ адæймæгты æмæ транспортон фæрæзты, бацæуын (хизын), рæстæгмæ уæвыны фæткмæ, сæрмагондæй та хъæуæгыл нымад нал сты Республикæйы æмбæстæгты уæздан гæххæттытæ, ома:

  1. Арæнгæрон зонæмæ РХИ-йы æмбæстæгтæ бацæудзысты (хиздзысты), рæстæгмæ уæвынад кæндзысты æмæ уым рацу-бацу кæндзысты РХИ-йы паспортмæ (кæнæ йæ цы документ ива), уымæ гæсгæ кæнæ службæйон бæлвырдгæнæнмæ гæсгæ.

Уый тыххæй РХИ-йы æмбæстаг арæнхъахъхъæнæг органты минæвæртты домæнтæм гæсгæ хъуамæ равдиса РХИ-йы æмбæстаджы паспорт, кæнæ та  РХИ-йы паддзахадон органты кусæджы службæйон бæлвырдгæнæн.

  1. Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы æнахъом æмбæстæгтæ, кæцытæ цæуынц РХИ-йы æмбæстæгтимæ хъуамæ равдисой райгуырды тыххæй æвдисæндар.

Арæнгæрон зонæмæ бахизгæйæ (рахизгæйæ), æмбæстаг хæсджын у, арæн-хъахъхъæнæг контролы посты службæгæнæгæн равдиса уæлдæр банысангонд документтæй иу æмæ йæхи срегистраци кæна.

Уыцы иурæстæджы ма  арæнгæрон зонæйы уæвынад кæныны тыххæй баззадис иу къорд арæнгонд фæткы. Уыдон сты:

а) арæнхъахъхъæнæг органты æмæ РХИ-йы Мидхъуыддæгты министрады кусджыты архайдæн ныхдуртæ æвæрын,   паддзахадон арæнтæ хъахъхъæныны фæдыл сæ службæйон хæстæ æххæст кæныны рæстæджы;

б) змæнтæн архайд кæнын æмæ æндæр адæймæгты сфидаргонд фæткойтæ халыныл ардауын;

в) хæдзарадон, амалиуæгадон, иртасæн, амалгæнæн æмæ æндæр куыстытæ кæнын, РХИ-йы Паддзахадон Æдасдзинады комитеты Арæнхъахъхъæнæг управленийæ æнæ æмбæлон бар райсгæйæ, дзыллон æхсæнадон-политикон, культурон æмæ æндæр мадзæлттæ уадзын;

г) æнæ гоймаг бæлвырдгæнæн  документтæй кæцытæ бар дæттынц арæнгæрон  зонæйы уæвыны  тыххæй;

д) æбæрæг адæймæгты æмæ  гоймаг бæлвырдгæнæн æмæ арæнгæрон зонæйы уæвынæны бары тыххæй документтæ кæмæ нæй, ахæмты ласын  (сбадын кæнын);

е)  куы дæм уа æхсæнгарз кæнæ æндæр хæцæнгарз, хæстон фæсауæрцтæ, рæмудзæн (хъæстæгæнæн, наркотикон) æрмæг æмæ сæ æндæр ранмæ куы ласай æнæ бары документтæй (бар ис æрмæстдæр РХИ-йы закъон уый тыххæй бар кæмæн дæтты, уыдонæн);

ж) арæнхъахъхъæнæг органы æввахс дæлхайæ бар нæ райсгæйæ паддзахадон арæнгæрон 100-метрон зонæйы уæвын;

з) арæнхъахъхъæнæг органтæй бар нæ райсгæйæ, арæнхъахъхъæнджыты, арæнгæрон нысæнтты, инженерон-техникон арæзтадты, арæнхъахъхъæнæг органты æндæр объектты нывтæ æмæ видеотæ исын, афтæ ма сыхаг паддзахады территорийы нывтæ æмæ видеотæ исын;

и) сыхаг паддзахады территорийыл уæвæг адæймæгтимæ ныхас кæнын, исты дзаумæттæ, æрмæджытæ (уæзтæ) кæнæ сигналтæ сæ исын кæнæ дæттын;

к) сыхаг бæстæйы территорийы ‘рдæм æхсын;

л) арæнгæрон æмæ фæдзæхсæн нысæнттæ, бастдзинады æмæ коммуникациты хæххытæ, инженгерон-техникон арæзтадтæ, арæнхъахъхъæнæг органты  æндæр объекттæ куынæг кæнын, халын, сæ бынæтæ сын фæивын.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.