Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик ауагъта æмбырд паддзахадон унитарон куыстуæтты архайды фарстыты фæдыл.

Æмбырды хайад райстой Хицауады Аппараты къухдариуæггæнæг Гаглойты Олег, Экономкион рæзты министр Кокойты Геннади, Хъалонтæ æмæ фиддонты комитеты сæрдар Кадзты Владимир, Инвестицион политикæйы фæдыл Хицауады Сæрдары æххæстбарджын Гурам Мелкоев æмæ Экономкион рæзты министры уынаффæгæнæг Павел Ковальский.

Ныртæккæ республикæйы уæвы 50 паддзахадон унитарон куыстуа-тæй фылдæр. Уыдон хæсджын сты, цæмæй рæстæгыл республикæ-йы бюджетмæ хъалонтæ фидой, пенсион фондмæ ахынцинæгтæ аразой, фæлæ ацы хæстæ æх-хæст кæнынц æрмæст иуцалдæрæй.

Фарон Хицауад райста «Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон унитарон куыстуæтты архайдæн разамынад кæныны тыххæй» уынаффæ. Пухаты Эрик банысан кодта, зæгъгæ, æппæт бæрнон адæймæгтæ дæр хъуамæ сахуыр кæной уыцы Барамынд, æмæ сæ финансон-хæдзарадон архайд æххæст кæной уыцы нормативон документмæ гæсгæ, сæ куысты ахадындзинад æвдисгæйæ.

«Паддзахадон унитарон куыстуæттæ сты хæдзариуæггæнæг субъекттæ, фылдæр кæнæ къаддæр бæрцæй æмткæй республикæйы экономикæйæн дзуапп чи дæтты, ахæмтæ. Уымæ гæсгæ уæ курæг дæн, цæмæй разамынад кæнат сфидаргонд Барамындæй æмæ ма халат уæ хæс цы у, уыдон», – загъта Хицауады Сæрдар.

Пухаты Эрик æрдомдта паддзахадон унитарон куыстуæтты къухдариуæггæнджытæй, цæмæй раттой хыгъдтæ азы фыццаг æмбисы сæ куысты  тыххæй æмæ сæ бавдисой ацы азы 15 сентябры æмгъуыдмæ. Афтæ ма сын бацамыдта, цæмæй æвæстиатæй æрæвналой 2018 азы куысты нывæзт саразынмæ.

РХИ-йы Хицауады

официалон сайт

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.