Архайæг Президент Тыбылты Леонид паддзахадон хорзæхтæй схорзæхджын кодта  республикæйы цардархайды алыгъуызон сферæты кусæг адæймæгты. «Фæнды мæ зæгъон уын бузныджы ныхæстæ Хуссар Ирыстоны хæрзæбонæн уæ куысты тыххæй. Дарддæр дæр уын уæ куысты уæд сгуыхтдзинæдтæ æмæ æнтыстытæ», – цытджын церемонийы райдиан загъта уый.

Архайæг Президенты къухæй Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон ордентæ, майдантæ æмæ Кады грамотæтæ райстой зонады, медицинæйы, хъæууон хæдзарады  фадгуыты æмæ барадхъахъхъæнæг органты кусджытæн сæ аккагдæртæ.

Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты уырыссаг æвзаджы кафедрæйы сæргълæууæг  Тедеты Залинæ, кæцыйæн лæвæрд æрцыд «Республикæ Хуссар Ирыстоны зонады сгуыхт архайæг»-ы кадджын ном, йæ рады бузныг загъта Тыбылты Леонидæн, фондз азы дæргъы ХИПУ-йы профессортæ – ахуыргæнджыты скондмæ йæ хъусдарды, æххуысы æмæ фарсхæцынады тыххæй.

«Леонид Харитоны фырт, стыр бузныг, нæ университетæн цы æххуыс бакодтай, уый тыххæй. Тынг мæ фæнды бузныг зæгъын, университетон комплекс йæ историон бынаты саразын кæй аскъуыддзаг кодтай, уый тыххæй дæр», – загъта Тедеты Залинæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты официалон сайт

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.