Ног азы размæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли радта паддзахадон хорзæхтæ, РХИ-йы цардархайды алыгъуызон фадгуыты уæлдай хуыздæр йæхи чи равдыста, уыцы кусджытæн.

Паддзахады сæргълæууæг æрæмбырдуæвджытæн раарфæ кодта Ног азы æмæ Чырыстийы Райгуырды боны цытæн. Йæ цæст бауарзта амонд, фидар æнæниздзинад æмæ ирд уæлахизтæ. Уый стыр аргъ скодта ахуыргæнджыты, дохтырты, æфсæддонты, культурæйы архайджыты куыстæн æмæ сын бузныг загъта аивгъуыйгæ азы активон, æнтыстджын куысты тыххæй.

«Уадз, алкæйы хæдзары дæр уæд уарзт, амонд æмæ гармони. Алчидæр цæсгомджынæй куы æххæст кæна йæ куыст, йæ равзаргæ профессийыл æнувыд куы уа, уæд махæн нæ бон уыдзæн размæ цæуын нæ паддзахиуæгады рæзты хъуыддаджы. Æрмæстдæр иумæ махæн нæ бон суыдзæн не ‘мбæстæгты цард фæхуыздæр кæнын»,- загъта уый.

Дарддæр паддзахады сæгълæууæджы къухæй «Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы», «Хуссар Ирыстоны адæмы Фыдыбæстæйон хæсты уæлахизыл 10 азы сæххæсты сæрппонд», «Республикæ Хуссар Ирыстоны 25 азы сæраппонд» майдантæ райстой Президенты Администрацийы, Уæлвæткон уавæрты министрады, ахуырады, æнæниздзинад хъæхъхъæныны æмæ экономикæйы фадыджы кусджытæ.

Ирон литературæйы рæзты, национ традицитæ пропагандæ кæныны хъуыддагмæ йе стыр хайбавæрды тыххæй, афтæ ма йæ райгуырды боныл 70 азы сæххæсты цытæн Президенты Барамындæй Кады орденæй хорзæхджын æрцыд Хъазиты Мелитон.

«Республикæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт дохтыры» кадджын ном лæвæрд æрцыд Букуылты Георгийæн, «Республикæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт ахуыргæнæджы» ном – Екатерина Карапетовайæн, «Республикæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт экономисты» ном – Бæззаты Фатимæйæн, «Республикæ Хуссар Ирыстоны хъæууон хæдзарады сгуыхт кусæджы» ном та лæвæрд æрцыд Шавердаты Викторæн.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.