Ивгъуыд къуырийы кæрон Хицауады хæдзары уагъд æрцыд хорзæхтæ дæдтыны цытджын церемони Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны боны цытæн. РХИ-йы Президент Тыбылты Леониды Барамындмæ гæсгæ Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хорзæхтæй хорзæхджын æрцыдысты æндæр æмæ æндæр фадгуыты кусджытæ: Уæлвæткон уавæрты министрады кусджытæ, Хъахъхъæнынады æмæ Мидхъуыддæгты министрадты службæгæнджытæ, уæрæсейаг 4-æм базæйы æфсæддон службæгæнджытæ, журналисттæ, ахуыргæнджытæ æмæ афтæ дарддæр.

Фембæлды райдианы Тыбылты Леонид раарфæ кодта æрæмбырдуæвджытæн  бæрæгбоны цытæн. «Уæрæсейы Федераци Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад куы банымадта, уыцы бон мах æрвылаз дæр нысан кæндзыстæм, куыд республикæйы сæйрагдæр бæрæгбонтæй сæ иу, афтæ.

Мах иууылдæр рацыдыстæм уæззау фыдæвзарæнтыл ивгъуыд æнусы 1990 азтæй фæстæмæ, æмæ абон махæн Стыр Уæрæсейы руаджы нæ къухты бафтыд хæдбардзинад, кæцымæ ирон адæм æнхъæлмæ кастысты ссæдз азы дæргъы. Мах абон цæуæм раст фæндагыл, цæмæй нæ паддзахад рæза æмæ фидардæр кæна. Сымахæй бирæтæ лæууыдысты республикæ расидыны æмæ арæзты гуырæнты. Стыр бузныг мæ зæгъын фæнды Саулохты Александрæн, кæцы уæд дæр æмæ абон дæр махимæ иумæ архайы нæ республикæйы размæцыдыл.

Мах иумæ сараздзыстæм æппæт дæр, цæмæй нæ архайд суа Стыр Уæрæсеимæ ноджы æрбаввахсдæр кæныны бындур, кæцы нын 2008 азы 26 августы банымадта нæ хæдбардзинад. Абон мах сæрыстыр стæм уыцы ахастытæй, кæцытæ нын уæвынад кæнынц Уæрæсейы Федерациимæ. Мах хъуамæ зонæм уый, æмæ нын абон Уæрæсеимæ цы 90 сразыдзинæдтæ æмæ бадзырдтæ ис, уыдон дзурæг сты ууыл, цахæм бæрзонд æмвæзадыл сты нæ ахастытæ. Уæрæсейы æмрæнхъ ма нын нæ хæдбардзинад банымадтой ноджы цалдæр паддзахады – Венесуэла, Никарагуа, Науру, Тувалу. Нæ хæдбардзинад нын чи банымадта, уыцы паддзахадты нымæц кæд нырма цъус у, уæддæр махæн сæйраг дæр у æмæ нын ИНО-йы уæнг – Уæрæсе кæй банымадта нæ хæдбардзинад. Мах никуы ферох кæндзыстæм, Уæрæсе нын цы стыр æххуыс кодта æмæ абон дæр кæны, уый.

Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн Æмцæдисад æмæ интеграцийы тыххæй бадзырды иууон хъахъхъæнынады тыгъдад саразын хынцыд кæй цæуы, уый бирæ цæуылдæрты дзурæг у. Нæ æдасдзинад ифтонг у æмæ махæн нæ бон у кусын нæ республикæйы рæзтыл. Мах сæрыстыр стæм ацы Бадзырдæй æмæ уыцы хæларадон ахастытæй, кæцытæ сæвзæрдысты нæ хъахъхъæнынады ведомствоты ‘хсæн», – банысан кодта Тыбылты Леонид.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты Барамындмæ гæсгæ “РХИ-йы сгуыхт инженер”-ы кадджын ном лæвæрд æрцыд Саулохты Александрæн. «Александр Аполлоны фырт бирæ азты къухдариуæгад кодта республикæйæн, афтæ ма уыд Транскамы арæзтады штабы сæргълæууæг, æмæ йын мах кад кæнæм уый тыххæй», – загъта нæ бæстæйы сæргълæууæг.

Афтæ ма алыгъуызон хорзæхтæй хорзæхджын æрцыдысты æндæр æмæ æндæр фадгуыты кусджытæ.

Фембæлды кæрон нæ бæстæйы сæргълæууæг се ‘ппæтæн дæр  раарфæ кодта сæ хорзæхты тыххæй: “Сымах стут уæ хорзæхты аккаг. Сымах ном кæнут уæ Райгуырæн бæстæйæн æмæ хицауад хъуамæ аргъ кæна уæ куыстæн æмæ мах, кæй зæгъын æй хъæуы, агурдзыстæм фадаттæ, цæмæй уын аргъ кæ-нæм уæ куыстæн,”- загъта Президент.

“Хуссар Ирыстон цæуы раст фæндагыл æмæ мах цæуæм уыцы раст фæндагыл, кæцы равзæрстой нæ фыдæлтæ, цæмæй мах кæддæриддæр уæм Стыр Уæрæсеимæ. Æнæ Уæрæсейы æххуысæй махæн нæ уаид ахæм хорз уавæртæ. Абон мах цæрæм сæрибар æмæ хæдбар республикæйы. Уæлдай бузныг мæ зæгъын фæнды, 4-æм Æфсæддон базæйы службæгæнджытæн – нæ хæлæрттæн. Стыр бузныг уе ‘ххуысы тыххæй. Фидауынгæнæн контингент гуырдзиаг агрессоры фыццаг цæф райста йæхимæ. Ирон адæм никуы ферох кæндзысты Уæрæсейаг Фидауынгæнджыты хъайтардзинад”, – банысан кодта бæстæйы сæргълæууæг.

ЧЕРТХЪОТЫ Жаннæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.