Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли РХИ-йы паддзахадон хорзæхтæ – «Республикæ Хуссар Ирыстоныл 25 азы сæххæсты сæраппонд», «Хуссар Ирыстоны адæмы Фыдыбæстæйон хæсты уæлахизыл 10 азы сæххæсты сæраппонд» майдантæй, Кады грамотæтæй схорзæхджын кодта фæндагон хæдзарады фадыджы сгуыхт кусджыты.

Паддзахады сæргълæууæг транспортон фадыджы кусджытæн раарфæ кодта сæ профессионалон бæрæгбоны цытæн, банысан кодта, республикæйы фæндагон инфраструктурæйы дарынад æмæ модернизацийы сæ ахсджиагдзинад.

«Стыр бузныг уын уæ зын куысты, уæ æрвылбонон архайды тыххæй. Инвестицион про-ектты фылдæр хай æруæз кодта уе ‘уæхсчытыл. Сымах фæрцы фæуд кæны Гуфта-Къуайсайы фæндаджы арæзтад, баззад ма дзы 15 километры бæрц, кæцы фæуыдзæн иннæ азмæ. Егъау куыст цæуы Гром-Цъинагары фæндагыл, столицæйы уынгты, æгæрыстæмæй бæрæгбоны дæр конд цæуынц фæндагон куыстытæ.

Сымах рæстæгыл æмæ гъæдджынæй æххæст кæнут цалцæггæнæн куыстытæ. Уæ фæстиуджытæ сты бæрзонд æмвæзадыл æмæ уый, кæй зæгъын æй хъæуы, тынг æхсызгон у. Ныфс мæ ис, сымах дарддæр дæр цæсгомджынæй кæй æххæст кæндзыстут уæ фæллойадон архайд», – загъта Бибылты Анатоли.

Фæндагон хæдзарады кусæджы боны цытæн ма йе ‘мкусджытæн раарфæ кодта фæндагон арæзтад æмæ автомобилон фæндæгты эксплуатацийы фæдыл комитеты сæрдар Гуыззыдтаты Эдуард, йæ цæст сын бауарзта фидар æнæниздзинад, куысты æнтыстытæ æмæ бинонты фæрныгад.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.