Кæрон алцæмæн дæр вæййы. Сæйраг уый у, уыцы кæрон цæмæ æркæндзæн, цы фæстиуджытæ йын уыдзæн… Кæрон цы хъуыддагæн нал вæййы, уымæй та фæлмæцы алцы дæр æмæ алчи дæр. Ныр цалдæр мæйы дæргъы Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламент æххæст хъомысадæй кæй нæ кусы, депутатты иу къорд бойкот кæй расидт,  уый аххосæй, уыцы хъуыддаг афтæ ныддаргъ, афтæ ныиивæзт æмæ дзы сфæлмæцыдысты,  æгæрыстæмæй, ахæмтæ дæр, сæрысуангæй уыцы бойкот расидыны цырв чи уыд, разæнгард æй чи кодта…

 Уымæн æмæ кæрон алцæмæн дæр вæййы. Кæрон æрцыд уымæн дæр, адæмы номæй пайдагæнджыты адæм æмбарын кæй райдайынц… Афтæ куынæ уаид, уæд уыцы депутаттæ уынгты цæмæн рацу-бацу кæнынц адæмæн сæ позици бамбарын кæныны тыххæй, адæм сæм сæхæдæг куы бацæуынц, уæд цæмæннæ вæййынц бынаты, цæмæннæ ныхас кæнынц сæ адæмимæ? Ногæй та логикон фарст: уынджы хъæбæрыл, уазалы лæугæйæ, цалдæр лæгимæ ныхас кæнынæй хъарм æмæ райдзаст залы цалдæр сæдæ адæймагимæ ныхас кæнын хуыздæр фадат нæу адæмæн дæ позици бамбарын кæнынæн?

Фæлæ хуыздæр уыдзæн, æппæтыл дæр сæрысуангæй æрдзурын, цæмæй нын фадат уа равзарынæн, цы вазыгджын уавæр нæм сæвзæрд, уый бамбарынæн.

Куыд ма уын хъусын кодтам, афтæмæй, бойкот чи кæны, уыцы депутаттæн семæ фем-бæлын æмæ, цы кæнынц, уымæй сæ бафæрсыны фыццаг бафæлвæрд уыд 12 февралы. Бæлвырддæр зæгъгæйæ, уæд официалон æгъдауæй уыдис дæсæм бафæлвæрд, æп-пынфæстаг, республиликæйы сæйраг финансон документ, ома, бюджет райсынмæ. Фæлæ сессимæ æрбацыд æдæппæт ссæдз депутаты. Ардæм цы бирæнымæц адæм æрæмбырд, уыдоны раз дæр ма цалдæр хатты бафæлвæрдæуыд, цæмæй æрбацæуой сессимæ æмæ адæмæн бамбарын кæной, сæ комкоммæ хæстæ цæмæннæ æххæст кæнынц æмæ республикæйы цардæн æнæмæнгхъæуæг ахсджиаг закъæттæ цæмæннæ исынц, уый. Фæлæ æнæхъуаджы уыд куыд Парламенты къухдариуæгад, афтæ адæмы архайд дæр – бынтондæр сæ ницæмæ æрдардтой…

Уыцы бон Парламенты æмбырдтæуадзæн залы адæмы раз ныхасы рацыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли йæхæдæг:

«Ацы депутатты равзæрстой адæм, фæлæ уыдон нæ кусынц адæмы хæрзæбонæн, кæд уый сæ комкоммæ хæс у, уæддæр. Политикон дивидендтæ, къухы бафтын кæныныл архайгæйæ, къухдариуæгадыл цъыф бакалын æмæ адæмы ‘хсæн хæццæдзинад тауынмæ бафæлваргæйæ, уыдон не ‘мбарынц, æппæт уыдæттæй зындзинад кæй æвзарын кæнынц, чи сæ равзæрста, уыцы адæмæн. Знон уыдон сымахæй куырдтой, цæмæй сын схъæлæс кæнат, абон та сымах курут уыдонæй, цæмæй сæ куыстмæ æрбацæуой æмæ бюджет райсой. Уый нысан кæны адæмæй хынджылæг кæнын! Уыдонæн уæлдай нæу, сывæллæтты цæхæрадæтты цы сывæллæттæ ис, уыдонæн хæринаг уыдзæн æви нæ, дзулфыцæн комбинат кусдзæн æви нæ, рухс æмæ нæм газ уыдзæн æви нæ», – загъта Президент.

«Æрмæст æй не ‘мбарын, адæм цæмæн хъуамæ æвзарой зындзинæдтæ? Сымах хъуамæ æмбарат, адæм уæ цæй тыххæй равзæрстой, уый, æмæ рацæуат уæ куыстмæ. Æмæ кæд уæ бон кусын нæу, уæд та радтут уæ мандаттæ æмæ республикæйы ма дæлдон кæнут», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

———————————————

Регламентмæ гæсгæ депутатты хуымæтæджы фылдæр хайы хайадистæй сесси ауадзыны бар нæй?

Æмæ кæцы регламентмæ гæсгæ ис бар, цæмæй депутатты хуымæтæджы къаддæр хай сæ хæстæ ма æххæст кæной, сессийы куысты хайад ма исой, цалдæр мæйы сæ куыстмæ ма цæуой?..

 Кæцы регламент æмæ кæцы закъоны ис фыст ахæм бар, цæмæй депутаттæ Президентæй домой Генералон прокуроры отставкæйы арвитын?..

————————————

Уыцы бон дæр та ныхас цыд депутатты домæнты тыххæй. Республикæйы Генералон прокурор Дзæгъиаты Уырызмæджы отставкæйы арвитыны тыххæй Президент бамбарын кодта йæ хъуыды: «Цы уæлдай у, прокурор чи уа, уый, адæм цæмæн хъуамæ уой ахæм уавæры? Иннæрдыгæй та, кæд депутаттæ афтæ нымайынц, ома, æххæстгæнæг хицауад исты раст нæ аразы, уæд та хъуамæ æрæмбырд уой æмæ уыцы фарст рахæссой сессимæ».

Адæмимæ фембæлды рæстæджы Президент банысан кодта, оппозицийы уæвæг депутаттыл Уæрæсейы Федерацийы Советæй æрцæугæ уазджытæ дæр кæй нæ бандæвтой, уый. Афтæмæй та уымæй мах æрмæст нæхи нæ, фæлæ Уæрæсейы Федерацийы дæр бафтыдтам нæ иумæйаг знæгты цæсты, сарæзтам ахæм цыдæр, не знæгты фæндиаг кæй фæрцы фестæм.

Мах Уæрæсейы Федерацийы фæрцы цæрæм, Уæрæсе нæ фервæзын кодта бынтон скуынæгæй, уый нын банымадта нæ паддзахадон хæдбардзинад. Цас хорздзинæдтæ дзы зонæм, æмæ цы, бузныджы бæсты йæ дунеон æмæхсæнады цæсты бафтыдтам, знаджы куыроймæ та дон ауагътам. Уыцы делегацийы сæргълæууæг Константин Косачев йæхæдæг цас хæрзты бацыд Ирыстон æмæ ирон адæмæн, цал æмæ цал политикон аренæйыл ралæууыд æмæ цал хатты сдзырдта нæ сæрыл, цал хатты бауырнын кодта дунеон æмæхсæнадæн, мах раст кæй стæм, агрессор Гуырдзыстон кæй у, Гуырдзыстон нæ кæй цагъта нæ фыдæлты зæххыл! Мах та цы бакодтам? Гуымир ныхасæй, бату йыл кодтам, ныххудинаг, ныдæлдзиныг æй кодтам…

Бибылты Анатоли уыцы бон ногæй æрсидт, бойкот чи расидт, уыцы депутаттæм, цæмæй рацæуой сæ куыстмæ:

«Ноджыдæр æмæ уæ ноджыдæр курæг дæн, цæмæй рацæуат куыстмæ æмæ æрæвналат уæ комкоммæ хæстæм, боныфæстагмæ, райсат бюджет. Кæд уыцы депутаттæ уæддæр не ‘рбацæуой сессимæ, уæд æз æппæт адæмы номæй сидын, ныртæккæ сессийыл чи ис, депутатты уыцы фылдæр хаймæ, цæмæй мауал æнхъæлмæ кæсой, адæмыл чи нæ тыхсы, уыдонмæ æмæ райсой бюджет, депутатты фылдæр хайы схъæлæс кæныны бындурыл», – загъта Бибылты Анатоли.

Президенты ахæм фæндоныл залыуæвджытæ сæмбæлдысты зæрдиаг къухæмдзæгъдимæ, домдтой, цæмæй бюджет ист æрцыдаид уыцы бон.

Президент куыд бафиппайдта, афтæмæй Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцийы фыст ис, республикæйы хицауиуæгады иунæг гуырæн кæй у йæ адæм. Æмæ адæм домынц бюджет райсын.

Уыцы бон адæмимæ фембæлд ахицæн ахæм дзырдæй: кæд дыццæджы, 16 февралы дæр сессимæ не ‘рбацæуой уыцы депутаттæ, уæд адæмы раз сæхимæ бæрндзинад райсдзысты депутатты фылдæр хай æртæ партийæ: «Иууон Ирыстон», «Адæмы иудзинад» æмæ Коммунистон парти.

Æмæ афтæ дæр рауад. Дыццæджы, 16 февралы дæр та не ‘рбацыдысты депутатты уыцы къорд, кæд се ‘взарджытæ Парламентмæ ноджы фылдæрæй æрбацыдысты, уæддæр. Адæм æмæ депутатты фылдæр хай ма уæддæр цалдæр сахаты фенхъæлмæ кастысты оппозицион депутатты æрбацыдмæ, фæлæ та ацы хатт дæр æнæхъуаджы уыд се ‘нхъæлмæкаст. Ацы хатт дæр та не ‘рбацыдысты, æхсæвæй-бонæй «адæм-адæм» чи хъæр кæны, уыдон сæ адæмы цурмæ, бæлвырддæр зæгъгæйæ, адæм сæ кæдæм равзæрстой, уырдæм. Уæддæр ма семæ уагъд цыд баныхæстæ, уæддæр ма сæм хатыдысты, цæмæй æрбацæуой, хайад райсой сессийы куысты…

Фæлæ… Бирæгъæн, дам, æмбисæндтæ хастой, уый та – ауадзут, дам, мæ уæлæ, дам, сæгъ фæлидзы…

Цалынмæ, сессимæ та чи нæ куымдта, уыдонимæ баныхæстæ цыд, уæдмæ уал адæмæн фадат уыд, цæмæй кæрæдзийæн ракæной сæ зæгъинæгтæ. Ам æрæмбырдуæвджытæй алкæмæн дæр фадат уыд йæ хъуыдытæ зæгъынæн, йæ æмбæстагон позици бамбарын кæнынæн. Æмбырд байгом кодта Парламенты Сæрдар Тадтаты Алан. Уый лæмбынæг æрдзырдта сæвзæргæ уавæры тыххæй. Банысан кодта, куыстмæ чи нæ цæуы, уыцы депутаттæ раст кæм не сты, æппæт уыдæттæ. Парламенты Сæрдар загъта, стыр ныфс æй кæй ис, протестгæнæг депутаттæ сæ протест кæй аххос кæнынц, уыцы Дзабиты Иналы амæлæты аххосджынтæ иууылдæр æфхæрд кæй баййафдзысты, уымæй. Афтæ зæгъы Президент дæр. Уæдæ ма цы, цы ма нæ уæлфад гал лæууы, цы нын нæ фаг кæны, цæмæн хъыгдарæм, фыдракæнд сбæрæг кæнын æмæ хъуыддаг тæрхондоны онг фæхæццæ кæныныл чи кусы, уыдоны?

Парламенты Сæрдары хæдивæг, парламентон парти «Адæмы иудзинад»-ы лидер Челæхсаты Владимир йæ раныхасы куыд банысан кодта, афтæмæй цыфæнды хицауады дæр хъæуы оппозици, фæлæ закъоны фæлгæттæй хизын нæ хъæуы. Уый куыд загъта, афтæмæй Бибылты Анатолийы фарсхæцæг нæу суанг 2011 азæй фæстæмæ, фæлæ сессийы куысты хайад исы, уымæн æмæ уый хъæуы адæмы, у адæмы хæрзиуæгæн.

Закъон дæр, регламент дæр æмæ позици дæр хъуамæ уой адæмы хæрзиуæгæн. Уæдæ ма цы, цæмæн змæнтæм уыцы адæмы, кæрæдзийы ныхмæ сæ цæмæн кæнæм? Цытæ фыссæм кæрæдзийыл, цахæм бынаты сæвæрдтам нæхи дæр æмæ нæ адæмы дæр?.. Депутат сессимæ бацæуа æмæ, йæ комкоммæ хæс æххæст кæнгæйæ, сессийы куысты хайад райса, уый тыххæй йæ социалон хызæджы комментариты «рагон профессийыл хæст» адæймагыл нымайынц,  фæлæ фæзуаты закъоны бындурыл æвзæрст Президентæй æнæзакъонæй отставкæйы ацæуын куы дома, уæд дуду у, уæд стыр политик æмæ патриот у!..

Иугæр та æнæхъуаджы фæцис, протестгæнæг депутаттæм æнхъæлмæкаст, уæд та ацы хатт дæр æрæмбырдуæвæг адæм сæхæдæг райдыдтой домын, цæмæй бюджет ист æрцæуа, сессийы уæвæг депутатты фылдæр хъæлæстæй.

Политикон партитæ «Иууон Ирыстон» æмæ «Адæмы иудзинад»-ы  фракциты депутаттæ нырма схъæлæс кодтой, сессийæн йæ куыст райдайыны бар кæй ис, уыцы фарсты фæдыл. Уый фæстæ та схъæлæс кодтой 2021 азæн Республикæ Хуссар Ирыстоны бюджет райсыны тыххæй. Бюджеты проект депутатты тæрхонмæ рахаста Парламентон комитеты сæрдар Джиоты Еленæ.

Парламенты Cæрдар Тадтаты Алан куыд загъта, афтæмæй «Адæм депутаттæ равзарынц уый тыххæй, цæмæй уыдон тох кæной адæмы интересты сæраппонд. Бюджет ма райсын практикон æгъдауæй бандавдзæн республикæйы алы цæрæгыл дæр, уымæ гæсгæ бюджет хъæуы райсын. 5 февралы уалдзыгон сесси куы байгом, уæд дзы хайад райста 30 депутаты, абон дарддæр цæуы уыцы сесси æмæ дзы хайад исы 18 депутаты”.

«Нæ архайдтыты мах къухдариуæг кæнæм Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституци æмæ Уæрæсейы Федерацийы райсгæ нормæтыл, кæцыты бæлвырдгонд у, закъон ист кæй цæуы парламентаритæн сæ фылдæр хайы хъæлæстæм гæсгæ», – йæ раныхасы банысан кодта Парламенты сæрдары фыццаг хæдивæг Гасситы Петр. Уыцы хъуыды бафидар кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Президенты официалон минæвар Куымæридтаты Аннæ дæр.

Паддзахадон бюджеты уæлдай ма Парламенты депутаттæ æмхъæлæсæй райстой пенсион фонды бюджеты фæдыл закъон æмæ республикæйы Социалон-экономикон рæзты план дæр. Уымæй уæлдай, кæдæй-уæдæй депутаттæн бантыст Националон бангы Хъусдарæн советы директорты уæнгтæ сфидар кæнын дæр.

Æмæ та… Сессийы куысты фæстиуджытæ Парламенты æмбырдгæнæн залы чи бадт, уыдонæй раздæр базыдтой нæ активон комментатортæ. Бюджет цалдæр мæйы ист кæй нæ цыд, уый тыххæй иу сыбыртт дæр кæмæй нæ райхъуыст, уыдон та ныр ныр бæсты цъармæ дæндагæй бавнæлдтой. Годжыцаты Нелли ма йæ «по сути переворот» дæр рахуыдта!.. Фæзуатæй та фæйнæрдæм интервьютæ дæттынмæ фесты, Ирыстоны зæххыл дур дурыл нал ныууагътой…

Цы кодтат, цы уыл æрцыд, цы зæгъын уæ фæнды?

Регламентмæ гæсгæ депутатты хуымæтæджы фылдæр хайы хайадистæй сесси ауадзыны бар нæй?

Æмæ кæцы регламентмæ гæсгæ ис бар, цæмæй депутатты хуымæтæджы къаддæр хай сæ хæстæ ма æххæст кæной, сессийы куысты хайад ма исой, цалдæр мæйы сæ куыстмæ ма цæуой?..

 Кæцы регламент æмæ кæцы закъоны ис фыст ахæм бар, цæмæй депутаттæ Президентæй домой Генералон прокуроры отставкæйы арвитын?..

…Цæмæ æрцæудзыстæм ахæм цардæй цæргæйæ, цы бауыдзæн, Ирыстоны хуыздæр хъæбулты тугæй æлхæд Ирыстон?.. Кæд фæзуатмæ цы адæм æрбацæуы, уыдон адæм сты, уæд Парламентмæ цы адæм бацæуы, уыдон адæм не сты?..

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.