Æгас дунейыл, уыцы нымæцы Хуссар Ирыстоны дæр коронавирусон инфекци кæй апарахт æмæ мæлыны цаутæ кæй сарæх сты, уый катайдзинад æмæ тыхстдзинад æвзæрын кæны алы адæймагмæ дæр. Уæлдай тынгдæр катайы бахауынц, ацы низæй фæрынчыны цаутæ кæм рабæрæг вæййынц, уыцы къордты æмæ коллективты уæнгтæ. Сæхи æмæ се ‘ввахс хиуæтты цардæн тæрсгæйæ, уыдон бахауынц паникæйы. Æмæ уый та æхсæнадæн æвзæрын кæны стыр тасдзинад.

ХИПУ-йы психологи æмæ педагогикæйы кафедрæйы доцент, психолог Гæбулты Индирæимæ ныхас кæнгæйæ, уый радзырдта паникæ фæзыныны æмæ хуызты тыххæй, афтæ ма психологийы цæстæнгасæй не ‘хсæнады æцæгæйдæр цытæ цæуы, уыдæтты тыххæй.

Уый куыд банысан кодта, афтæмæй пандемийы аххосæй адæмы ‘хсæн æнкъардæуы паникæ. Бæлвырддæрæй та, алчи йæхимидæг раздæр цы тасдзинад æнкъардта, уый равзæрын кодта паникæ. Паникæ у бардзы уагахасты формæтæй сæ иу, фæлæ уый æвиппайды æмæ æнæбындурæй нæ фæзыны. Уый баст у, реалон кæнæ  кæуыл ахъуыды кæнæм, ахæм тасдзинады раз дзыллон тасдзинад æвдисынимæ.

«Нæ адæм та сæхи æмæ се ‘ввахс адæймæгты тыххæй фыццаг хатт не ‘взарынц тасдзинад, уый мах æвзæрстам рæстæгæй-рæстæгмæ. Ахæм ситуацийы адæм кæрæдзийыл æндавынц сæ тыхст хъуыдыты руаджы æмæ ахæм уавæр цæхгæр лæмæгъ кæны адæймаджы фæндвидардзинадыл контроль кæнын. Адæймаг реалонæй гæнæн ис ма æмбара раст хъуыды кæны æмæ аразы æви нæ, йæхиуыл нал котроль кæны, уымæн æмæ адæймаджы эмоцион примитивон домындзинæдтæ, кæцытæ баст сты физикон æгъдауæй хи бахъахъхъæнынимæ, къаддæр кæнынц адæймагæн аргъ кæнынимæ бастуæвæг домындзинæдты», – бамбарын кодта психолог.

Паникæйы фæзынды алыгъуызондзинæдтæ

Психолог куыд зæгъы, афтæмæй гæнæн ис паникæйы адих кæнын, йæ масштабмæ гæсгæ цас аххæссы, уымæ  гæсгæ æмæ йæ фæстиуджытæм гæсгæ. Йæ хуызтæ та вæййынц индивидуалон – иу адæймаг æй куы бавзары, къордонцалдæр адæймагæй, дæсгай, сæдæгай адæй-мæгтыл куы фæзыны æмæ дзыллон, кæцы аххæссы мин кæнæ дæсгай мин адæймæгтыл.

Йæ арфдзинадмæ гæсгæ паникæ вæййы рог æмæ астæуккаг. Рог паникæ фæзыны, зæгъæм, сывæллон хæдзармæ рæстæгыл куынæ æрбацæуы, машинæ æнæнхъæлæджы куы ныссигнал кæны, уæд адæймаг нæ сафы йæхиуыл контролкæнынад. Астæуккаг паникæйы рæстæджы деформаци цæуы химбарынад, цы цæуы, уымæн аргъ кæнын, рæзы тасдзинад, тыхстдзинад æмæ æддæрдыгæй æндæвдад. Психолог цæвиттон æрхаста, аивгъуыйгæ уалдзæджы адæм дзыллон æгъдауæй магазинты товартæ куы æлхæдтой. Адæймаг ахæм рæстæджы балхæны ахæм товартæ дæр, кæцытæ йæ бынтондæр нæ хъæуынц. Фæлæ фæзыны эффективон паникæ æмæ æмбарынад ахицæн вæййы. Ахæм хуызы паникæ тагъддæр фæзыны, туаггуыры дефицит чи æвзарынц, ахæм рынчынтæ. Адæймаг хуыдыг фæкæны æмæ йæм афтæ кæсы, цыма йæ уавæр тынг æвзæр у. Æмæ æцæгæй та фæсын-дæгдæр вæййынц æппæт физиологион функцитæ. Ахæм рæстæджы адæймаджы фæхъæуы æрсабыр кæнын, цы цæуы, уый йын бамбарын кæнын, улæфæн фæлтæрæнтæ аразынæн ын баххуыс кæнын, уымæн æмæ ахæм паникон уавæры рынчын йæхиуыл бынтондæр нал контроль кæны.

Йæ дæргъвæтиндзинадмæ гæсгæ махмæ цы постконфликтон синдром фæзынд, уый æрсабыр кодта паникæ, фæлæ тас уæддæр баззадис. Æгъатыр хæсты тас, зæххæнкъуысты тас – æппæт уыдæттæ баззадысты æмæ сын ис æмбæхст характер, фæлæ сæхи базонын кæнынц хицæн æмæ хицæн рæстæджыты. Ахæм хуызы тасмæ нæ республикæйы разамонджытæ хъус никуы æрдардтой. Ныр, Ковид-19 куы фæзынд, уæд сæвзæрд ахæм ситуаци æмæ æхсæнады куы сытынг вæййынц онгуагъддзинад, æнæууæнкдзинад æмæ депресси», – банысан кодта Гæбулты чызг.

Йæ фæстиуджытæм гæсгæ дæр паникæ дих кæны цалдæр хуызыл: фыццаг у, фæстиуджытæ куынæ разынынц, дыккаг – физикон æмæ психологион травмæтæ адæймаг куы райсы, афтæ ма йæ куыстхъомдзинад адæймаг куы фесафы; æртыккаг хуыз у, уæззау фæстиуджытæ йын куы вæййы, адæймаджы æмбарынад зынгæбæрцæй куы фæцуды, нуæртты системæйы низтæй куы фæрынчын вæййы, паникон атакæтæ сын куы фæзыны.

«Сусæггаг нæу, нæ республикæйы бирæрæстæгон тас чи бавзæрста, ахæмтæн кæй вæййы паникон атакæтæ. Уыдонæн улæфт нал фæфаг кæны, сæ зæрдæ уæлдай куыст фæкæны, схизы сæ туджы артериалон æлхъывдад æмæ сæм афтæ фæкæсы, цыма ныртæккæ амæлдзæн. Уыдис-иу ахæм рынчынтæ, кæцытæ-иу ахæм симптом-тимæ бацыдысты дохтырмæ. Фæлæ нын медиктæ дзырдтой, зæгъгæ, сæ зæрдæтæ кæнынц нормалон куыст. Фæлæ рынчын реалонæй æнкъардта зæрдæйы рыст. Æмæ уый та бирæ рæстæджы куы аххæссы паникон атакæты, психосоматикон фоныл, уæд фæзынынц инфаркттæ, инсульттæ, зæрдæ-дадзинты серьезон низтæ. Психосоматикæ у, буар куы фæриссы психикæйыл æддагон факторты æндæвдадæй. Махæй алчи дæр фехъуыста, æппæт низтæ кæй цæуынц нуæрттæй. Нуæрттæ та сриссынц тасæй, кæцыйæн рæстæгыл схосгæнæн нæй, цæры нæ хъуыдыйы æмæ алыгъуызон проблемæты хуызы йæхи раргом кæны. Дохтыртæ адæмæн хос кæнынц пси-хологион травмæтæ æмæ паникон атакæты фæстиуджытæм гæсгæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, ис вирус, фæлæ æз дзурын тасы тыххæй, кæцы фæзыны низы рæстæджы кæнæ та æнæуый дæр», – зæгъы психолог.

Паникæйы сæйраг аххосаг – уæлдай тас

Гæбулты Индирæ нын куыд бамбарын кодта, афтæ-мæй паникæ фæзыныны  аххосæгтæ дæр сты алыгъуы-зон, фæлæ сæ сæйрагдæр у гиперболизацигонд, фестыр-дæргонд тас.

«О, республикæйы ис коронавирусон рынчынтæ, фæлæ уый нæ нысан кæны, æмæ махæй æнæмæнг алкæ-уыл дæр бахæцдзæн. Ацы тас у фестырдæргонд, æвип-пайды тасдзинæдтæм цæттæ кæй не стæм, ситуацийæн критикон аргъ кæй нæ кæнæм, уый аххосæй. Хъæуы æдыхст уæвын, дохтырты рекомендацитæ æмæ хисæр-магонд гигиенæ куы хъахъхъæнат, уæд ницы æрцæудзæн. Паникæ фæзыныны аххосæгтæ бирæ сты – уыдон сты цар-дæн æнæнхъæлæджы тасдзинад фæзынын, бирæ рæстæджы тыхст, æнæнцой уавæры уæвын – уыдæттæ сты нæ коллективон æмбарынады. Зæрдыл æрлæууын кæ-нын мæ фæнды, ирæтты геноцидæй кæй рацыд 100 азы, фæлæ уæды æрцæугæ цаутæ лæвæрд цæуынц фæлтæрæй-фæлтæрмæ генетикон æмвæзадыл, уый бæлвырдгонд у. Махæн уый нысан кæны критикон ситуациты куыд Ковид-19 рæстæджы паникæмæ æвæлмас ахаст не ‘вдисын». Не ‘хсæнадыл æндавдзæн паникæ. Паникæ æркæны æвæтк архайдтытæм, ныхæстæм, хъуыдытæм – уый у æрдзон, техногенон кæнæ пандемион бæллæхтæм цæрджыты психологион æдзæттæдзинад», – загъта Индирæ.

Психологы ныхæстæм гæсгæ паникон уавæр цырынгæнджытæ сты негативон информаци, дам-думтæ, дезинформаци. Не ‘хсæнады модæйау ссис дезинфор-маци парахат кæнын æмæ йын критикон аргъ дæр ничи кæны. Уый æвзæрæрдæм æндавы адæймаджы, æхсæнады æмба-рынадыл.

«Махмæ афтæ кæсы, цыма фæзынд коронавирус æмæ адæм ныххаудтой паникæйы, фæлæ уый афтæ нæу. Махæн ис, кæй æмбарæм, ахæм тастæ, цъус кæй æмбарæм æмæ, кæй ферох кодтам, ахæм æнæмбæрст тастæ. Уыдон сты, æмæ раргом сты коронавирусы æвиппайды сытын-гы руаджы. Раздæр уыдис карантин æмæ мах ницæмæй тарстыстæм. Тасы фæзын-дæн иттæг стыр стимул радта коронавирусæй рынчынты нымæцы рæзт, уæззау рынчынты æмæ дзы чи фæзиан, уыдоны тыххæй информаци. Цымыдисон у уый, æмæ кæй кусы ахæм механизм – адæм хъуыды кæнынц ассоциативон æгъдауæй. Мах æнæахъуыдыгæнгæйæ ситуацийы барæм, цы бавзæрстам, уыдæтти-мæ, арæзт цæуы, кæмæн не схос кодтам, уыцы тасдзинады фæлгонц, кæцымæ мах психологон æгъдауæй цæттæ не стæм. Иууыл мæгуыраудæр та уый у, æмæ паникон уагахасты фæстиуджытæ гæнæн ис ноджы мæгуыраудæр уой нæ адæмы физикон уавæрæн – фылдæр кæндзысты нуæртты æмæ психологион низтæ, зæрдæ-дадзинты низтæ, сæкæрниз, онкологи æмæ æндæртæ», – банысан кодта Гæбулты Индирæ.

Зæронд психологион травмæтæ сæхи кæддæриддæр зонын кæнынц

Психолог куыд нымайы, афтæмæй йæ рæстæджы адæмы нæ ракодтой депрессивон уавæрæй, сæхицæн та уый сæ бон нæ бацис. Æмæ уый та æркодта цæрджыты физикон æнæниздзинады стыр проблемæтæм. Адæм аххосджын кæнынц медикты, фæлæ æрмæст медицинæйæн дæр уый йæ бон нæу, хъæуы медицинон æххуыс бакæнын дæр, уымæн æмæ пси-хикон уавæр æркæны соматикон низтæм.

Психолог æмбæстæгты фæдзæхсы, цæмæй  сæ зæрдыл дарой, тас сæхæдæг кæй сныв кодтой æмæ кæмæй тæрсынц, ахæм тæссаг нывтæ кæй не сты. Тас у, сæ-ры кæй сæвзæрын кæнут, ахæм иллюзи.

«Дистанцион æгъдауæй мæ бон у бафæдзæхсын – кæд æмæ уын райдыдта паникæ кæнæ уæм фæзынд тас, уæд уæлдæф: фындзæй кæронмæ арф сулæфут, дыууæ секунды уæ улæфт æруромут æмæ стæй дзыхæй раулæфут. Афтæ фараст хатты куы бакæнат, уæд фендзыстут, куыд тагъд æрсабыр уыдзыстут, уымæн æмæ цыфæнды паникæйы рæстæджы дæр сæвзæры спазм улæфæн системæйы, туаггуыры цухдзинад та æвзæрырдæм æндавы зæрдæйы куыстыл.

Цæрджытимæ хъуамæ кусой психологтæ æмæ уыцы æмбарынад æхсæнады ис. Ныртæккæ травматикон ситуаци къаддæр нæу хæсты фæстæ азтæй. Постконфликтон синдроммæ ма бафтыд иу симптом – пандемион. Æмбæрстгонд у, республикæйы раз кæй лæууынц ахсджиаг хæстæ, фæлæ кæмæн аразæм фидæн, адæм куы рынчын кæной æмæ куы мæлой, сывæллæттæ рынчынтæй куы гуырой. Хъусдард аздахын хъæуы адæмы психикæмæ, куыд сфæраздзысты пандемийы, уый ахсджиаг у», – банысан кодта Гæбулты Индирæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ æхсæнады ис паникæ цырынгæнджытæ – паникертæ, кæцытæ адæмæн уырнын кæнынц ахæм мæнг цыдæртæ æмæ сæ æппарынц паникæйы.

«Æз сидын ахæмтæм, цæмæй ахъуыды кæной, паникæ таугæйæ, уыдон сæ ныхæстæй, сæ уагахастæй нæ адæмы кæй марынц æмæ нæ знæгтæ дæр кæй нал хъæуы.

Ма таут тас æмæ ма æвзæрын кæнут паникæ! Кæй æхсæн тауынц паникæ, уыдон дæр ахъуыды кæнæт, цы тас сæм сæвзæры, уый реалон у æви нæ. Нæ фесæфтой сæхиуыл контроль кæнын?  Адæймаджы организмы цахæмфæнды низы фæзынд дæр у сигнал. Цыдæр дзы йæ уагыл кæй нæу. Æмæ ахсджиаг нæу, уый вирус у æви æндæр низ. Уый у сигнал, кæй хъæуы царды цыдæр аивын, цæвит-тон хъуыдытæ дунембарынад, цардуаг, фæлæ уыдæттæ бамбарын æмæ сæ саразын, куыд фæтк, афтæ адæймагæн æнцон нæ вæййы. Махæн ис уд, кæцыйы хъæуы хъахъхъæнын æмæ хъуыдытæ, кæцытæ хъуамæ контроль кæной», – кæронбæттæны загъта йæ хъуыды Гæбулты Индирæ.

                                   БЕСТАУТЫ Валя

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.