РХИ-йы Парламенты фæндзæм сессийы иуæндæсæм рабадты депутаттæ  æруынаффæ кодтой æмæ хорзыл банымадтой, «Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцийы (Сæйраг закъоны) 50-æм статьяйы 29-æм пункт йæ тыхы кæй нал ис, уый банымайыны тыххæй» РХИ-йы Конституцион закъоны проект.

Фарст уынаффæмæ раразмæ кодта Закъондæттынад, закъондзинад æмæ бынæттон хæдуагæвæрды фæдыл парламентон комитеты сæрдар Габатты Алан.

Нысангонд  æрцыд, зæгъгæ, Конституцион закъоны проект бакуыст æрцыд РХИ-йы Конституцион закъоны 50-æм статьяйæ 29-æм пункты аппарыны сæраппонд, кæцымæ гæсгæ республикæйы Президенты æххæстбартæм бафтыдæуыдзæн РХИ-йы Пенсион фонды сæрдары снысан кæнын.

Пенсион фонд рацухгонд æрцыд æххæстгæнæг органты номхыгъдæй, республикæйы хицауадмæ та бафтыдæуыд ацы уагдонмæ ахасты бындурæвæрæджы æххæстбартæ, уыцы нымæцы къухдариуæггæнæджы снысан кæныны фæдыл дæр.

Депутатты фылдæр хай ацы закъоны проект банымадтой хорзыл.

Парламенты депутаттæ ма хорзыл банымадтой «2021 азæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон бюджеты тыххæй» РХИ-йы закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» РХИ-йы закъоны проекты дæр.

Бюджет æмæ хъалонты фæдыл парламентон комитеты сæргълæууæг Джиоты Еленæ куыд радзардта,  афтæмæй æхсæнпаддзахадон къамисы æмсæрдæрттæ куыд аскъуыддзаг кодтой, афтæмæй рахастæуыд ахæм фæндон, цæмæй инвестицион программæйы фæрæзтæ дыккагæй дихгонд æрцæуой. Сæрмагондæй, уый хауы электроадæттæн хæххыты техникон æгъдауæй æрбаиу кæныны фæдыл куыстыты финанс кæнынмæ.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, инвестицион программæйы реализацийæн финансон æххуысы тыххæй статьяйæ  191 милуан сомы  æрвыст цæуынц социалон-экономикон рæзтæн. Уыдон нысан сты Сæудæджерады комитеты бюджетон ассигнациты.

«Ноджы дæр ма иу ивындзинад баст у, 2016 азы 5-æм декабры райстæрцæуæг «УФ-йы фæрæзты хыгъдæй РХИ-йы паддзахадон æмæ муниципалон уагдæтты кусджыты куыстмыздтæ фæфылдæр кæныны сæраппонд æмфинанскæнынады фæтк æмæ уавæрты фæстиуæгæн  Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн  Сразыдзинадмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» 2021 азы 25-æм майы суагъæйы уагæвæрды реализациимæ. Ацы суагъæмæ гæсгæ, фæфылдæр сты бюджетон фадыджы кусджыты куыстмыздтæ, æмæ барасткæнинæгты ацы проекты фæнд цæуы, цæмæй  фæфылдæргонд куыстмыздтæ разыной  бюджетон фæрæзты сæйраг дихгæнджытыл се ‘ппæтыл дæр», – йæ ныхасмæ бафтыдта уый.

Джиоты Еленæ куыд банысан кодта, афтæмæй барасткæнинæгтæ хауынц Президент æмæ Хицауады резервон фондтæм дæр.

«Президенты резервон фондæй Хицауады фондмæ æрвыст цæуынц 13 милуан сомы, сырх зонæйы медицинон кусджытæн бафидынæн фæрæзтæ кæй нæ фаг кæныны, уый тыххæй», – бамбарын кодта депутат.

РХИ-йы финансты министры хæдивæг Тыбылты Маринæ, куыстмыздты фæфылдæрыл дзургæйæ, банысан кодта, зæгъгæ, суммæ иумиагæй у иу миллиард 495 милуан сомы. Уый ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, фыццаг этап финансгонд æрцыд 720 милуан сомæй.

Сæ рады депутаттæ банысан кодтой, зæгъгæ, куыстмыздтыл не схæцыдысты, финансты министр æмæ Хицауады Сæрдар раздæр цы фехъусын кодтой, уыцы æмвæзады онг. Сæ ныхæстæм гæсгæ, 50 мин кæнæ 30 мин сомы онг фæфылдæр кæныны тыххæй цы ныфс æвæрдтой, уый нæ сæххæст.

Финансты министры хæдивæг Тыбылты Маринæ банысан кодта, зæгъгæ, астæуккаг куыстмызды суммæ, кæцы амæйразмæ банысан кодта Хицауады Сæрдар,  у, сразыдзинады цы цифрæтæ ис, уыйас.

Депутаттæ закъоны проекты райстой фылдæр хъæлæстæй.

Æддагон политикæ æмæ æхсæнпарламентон бастдзинæдты фæдыл парламентон комитеты сæргълæууæг Дриаты Заза сессийы рабадтмæ рахаста,  Америкæйы иугонд штатты æрдыгæй Республикæ Кубæйы экономикон, базарадон æмæ финансон блокадæ æруромыны сæраппонд Иугонд Нациты Организацийы Генералон Ассамблеймæ, Иугонд Нациты Организацийы сконды паддзахадты парламенттæм æмæ æхсæнадæмон парламентон организацитæм Уæрæсейы Федерацийы Федералон Æмбырды Паддзахадон Думæйы сидты тыххæй фарст.

Дриайы фырт куыд бахахх кодта, афтæмæй Кубæйы ныхмæ санкцион мадзæлттæ анхъæвзтой кубæйаг адæмы цардæн ахсджиаг фадгуытыл æмæ негативонæй æндавынц экономикæйыл æмæ социалон рæзтыл.

Ацы сидты фарс рахæцыдысты депутаттæ се ‘ппæт дæр.

ПАРЛАМЕНТАРИТÆ СРАЗЫ СТЫ 2021 АЗЫ ПАДДЗАХАДОН БЮДЖЕТЫ БАРАСТКÆНИНÆГТЫЛ

Сессийы рабадтмæ ма рахастæуыд РХИ-йы Паламенты депутатты сæрдыгон парламентон улæфтыты тыххæй   фарст дæр. Сессийы рæстæджы, ацы уынаффæйы пайдайæн парламентаритæ кæй не схъæлæс кодтой, уый фæстиуæгæн аскъуыддзаг чындæуыд, цæмæй Парламент йæ куыст адарддæр кæна.

Депутаттæ раразмæ кодтой,  «Мегафон – Хуссар Ирыстоны» тарифтæ кæй фæзынаргъдæр сты, уый тыххæй фарст. Уыдон банысан кодтой, зæгъгæ, ацы организацийы лæггæдтæ цалдæр хатты фæзынаргъдæр сты.

РХИ-йы Парламенты Сæрдар Тадтаты Алан фæндон бахаста, цæмæй закъондæттæг органмæ фæхоной Мегафоны директоры æмæ йæ бафæрсой, цæимæ баст у тарифты фæзынаргъ.

Парламентаритæ дзырдтой, бензины аргъ тынг кæй фæзынаргъ, уый тыххæй дæр.

Парламенты спикер Тадтаты Алан куыд бамбарын кодта, афтæмæй бензины аргъ фæфылдæр, Уæрæсейы йæ цы аргъæй æлхæдтой, уый кæй фæзынаргъдæр, уый аххосæй.

Уымæй дарддæр сессийы рабадты Парламенты вице-спикер Гасситы Петр бакаст доклад, цыран дзырдæуыд, Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Республикæ Абхазы паддзахадон хæдбардзинæдтæ аивыны тыххæй æрæджы къорд скæсæйнаг бæстæтæ Уæрæсейы Федерацимæ кæй æрсидтысты, уый тыххæй.

Гасситы Петр РХИ-йы Парламенты номæй фæндон бахаста, цæмæй  скæсæйнаг бæстæты æрсидтæн скондæуа политикон аргъ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.