Республикæ Хуссар Ирыстоны парламентон æвзæрстыты бон Централон æвзарæн къамисы пресс-центры Централон æвзарæн къамисы сæрдар Плиты Беллæ куыд фехъусын кодта, афтæмæй Хуссар Ирыстоны дæр æмæ уымæй æддейæ дæр цы æвзарæн фадгуытæ ис, уыдон се’ппæт дæр байгом сты æмæ æвзæрстытæ райдыдтой æмбæлон  рæстæгыл.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, РХИ-йы парламентон æвзæрстыты тыххæй информаци дæт-тынц куыд республикæйы, афтæ фæсарæнты информацион фæрæзтæн дæр.

«Æдæппæтæй æвзæрстыты хайад исынц æндæр æмæ æндæр информацион фæрæзтæй 90-æй фылдæр журналисты», – банысан кодта Плиты Беллæ.

Уый куыд загъта, афтæмæй Хуссар Ирыст-оны æвзæрстытæм тынг цымыдис æвзæрын кæнынц фæсарæйнаг хъусдарджытæ.

«Æдæппæт аккредитацитæ райстой 70 дунеон хъусдарæджы , уыцы нымæцы Европæйæ дæр», – фехъусын кодта Плиты Беллæ æмæ банысан кодта, зæгъгæ, «Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламентмæ æвзæрстыты тыххæй» Конституцион закъонмæ гæсгæ æвзæрстытæ уагъд цæуынц мажоритарон-пропорционалон системæмæ гæсгæ. Уый та афтæ нысан кæны, æмæ 34 мандаты дихгонд æрцæудзысты, 7 процентон барьеры сæрты чи ахиза, уыцы политикон партитæ æмæ фылдæр хъæлæстæ цы иумандатонтæ райсой, уыдон.

Бибылты Анатоли: «Фидарæй мæ уырны, æвзæрстытæ кæй ацæудзысты сабыр уавæры»

РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли фæуазæг Централон æвзарæн къамисы пресс-центрмæ æмæ раарфæ кодта журналисттæн æмæ Централон æвзарæн къамисы кусджытæн.

Уый фæстæ банысан кодта, зæгъгæ, æвзæрстыты агъоммæйы кампани  республикæйы цæуы сабыр уавæрты,æвзарæн фадгуытæ та байгом сты æмбæлон рæстæгыл.

«Æвзæрстытæ уагъд цæуынц сабыр уавæрты, адæм активонæй цæуынц æвзарæн фадгуытæм, райсомæй бирæ адæм радтой хъæлæс æмæ мæ уырны, сæ активондзинад кæронмæ кæй аххæсдзæн. Æвзарæн фадгуытæ æхгæд куы æрцæуой, уæд та зæгъæн уыдзæн, æвзæрстытæ бæрзонд æмвæзадыл кæй ацыдысты», – загъта Бибылты Анатоли.

Уый фидарæй банысан кодта, зæгъгæ, парламентон æвзæрстыты фальсификацитæн уæвæн нæй. Ома, æвзæрстыты системæ афтæ арæзт у, æмæ дзы уæвæн нæй хъæлæсдæттыны фæстиуджытæ фæивынæн. Æвзæрстыты агъоммæйы кампани, зæгъгæ, ахæм хуызы ауагъдæуыд, æмæ республикæйы уавæр сдестабилизаци кæнынæн  ницы хуызы ис гæнæн.

Уый политикон партитæн дæр æмæ иумандатонтæн дæр загъта æнтыстыты фæндиæгтæ. Хорз боны фæндиæгтæ загъта журналисттæн дæр.

Æвзæрстытæ – республикæйæн æддейæ

РХИ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Димитр куыд банысан кодта, афтæмæй цы æвзарæн фадыджы радта хъæлæс, уым æппæт дæр уыд æмбæлон фæткмæ гæсгæ, бæрзонд æмвæзадыл. «Мæн уырны, иннæ фадгуыты дæр уавæр уыдзæн ахæм».

Уый ма радзырдта хъæлæсæппæрсты æхсæнадæмон  хайы  тыххæй  дæр.

«Хуссар Ирыстоны арæнтæй æддейæ дæр нæ фæсарæйнаг минæварадты бакондæуыд æвзарæн фадгуытæ, цæмæй не ‘мбæстæгтæй нæ бæстæйæн æддейæ чи ис, уыдонæн дæр фадат уа хъæлæс дæттынæн. Дыууæ æвзарæн фадыджы байгом Дзæуджыхъæуы,  Мæскуыйы РХИ-йы минæварады тер-риторийыл – иу æвзарæн фадыг, Сухумы  иу æвзарæн фадыг. Цæмæй Хуссар Ирыстоны æддейæ хъæлæсдæттыны процесс ацæуа æмбæлон уавæрты, уый тыххæй æппæт документаци дæр æрвыст æрцыд развæлгъау. Алы ран дæр ис политикон партиты æмæ иумандатонты минæвæрттæ», – банысан кодта министр.

Уый куыд радзырдта, афтæмæй фæсарæнтæй æхсæндунеон хъусдарджытæ нæ республикæмæ æрцыдысты развæлгъау. «Хъусдарджытæ нæм æрцыдысты Уæрæсейы Федерацийæ, Цæгат Ирыстонæй, Абхазæй, Донецк æмæ Луганскы Адæмон республикæтæй,  Приднестроваг-Молдаваг Республикæйæ, Республикæ Арцахæй, Финляндийæ, Бельгийæ, Герман, Италийæ. Цымыдисон уый у, æмæ нæм дыууæ адæймаджы скондæй делегаци æрцыд Японæй дæр. Германæй æрцыд Берлины горæтон округы депутат. Уыдон æвзæрсты-тæм сæ хъус дарынц куыд Цхинвалы, афтæ нæ республикæйы хъæуты дæр».

Министр куыд банысан кодта, афтæмæй Цæгат Ирыстон, Абхаз æмæ Мæскуыйы æвзарæн фадыгон къамистæ зонæнтæ æрвитынц дыууæ сахатæй дыууæ сахатмæ.  Цы информаци дæттынц, уымæ гæсгæ хъæлæсдæттæн процесс цæуы активонæй, штатон режимы. Уымæй дарддæр фадгуыты ис, не ‘мбæстæгтæй РХИ-йы Парламентмæ депутаттæм кандидатты минæвæрттæ дæр.

Æмбæстæгты æвзарæн бартæ хъахъхъæд цæуынц

ЦÆК-ы пресс-центрмæ фæуазæг РХИ-йы Генералон прокурор, 3-аг къласы Юстицийы паддзахадон уынаффæгæнæг Дзæгъиаты Уырызмæг. Уый журналисттæн радзырдта æвзæрстыты уадзыны рæстæджы æмбæстæгты æвзæрстон бартæ хъахъхъæныны фæткы тыххæй. Генпрокурор куыд банысан кодта, афтæмæй Хуссар Ирыстоны Генпрокуратурæ бацæттæ кодта зæрдылдарæн гæххæттытæ æвзæрстытæ уадзыны рæстæджы фæтк хъахъхъæныны тыххæй.

Уыдоны  æвзарæн фадгуытæм æрвыста  Централон æвзарæн къамис, уыдон ма æрвыст æрцыдысты республикæйы районты мидхъуыддæгты управленитæм, горæты æмæ районты прокурортæм. Ахуыртæ ауагъдæуыд, æвзæрстыты агъоммæ дæр æмæ æвзæрстыты рæстæджы дæр фæтк чи хъуамæ хъахъхъæдтаид, уыдонæн.

Дзæгъиаты Уырызмæг куыд радзырдта, афтæмæй æвзæрстытæ цæуынц сабыр уавæрты. Горæты прокурортæ æмархайд кæнынц æвзарæн фадгуыты къамисты сæрдæрттимæ.

Уый ма фехъусын кодта, зæгъгæ,политикон партитæ «Ныхас» æмæ «Фыдыбæстæ» куырдиæттæ балæвæрдтой, ома, дам,Цæгат Ирыстоны территорийыл цы æвзарæн фадгуытæ бакондæуыд, уым, ис фæткхалынæдтæ. Уыцы куырдиæттæм гæсгæ цæуы бæрæггæнæн куыст.

«Уыцы дыууæ политикон паритийы инфор-мацийы фæдыл цæуы бæрæггæнæн куыст. Уыдон хъусын кæнынц, ома, дам, уыцы æвзарæн фадгуыты æлхæнынц æвзарджыты», – загъта  Генералон  прокурор. 

Йæ ныхæстæм гæсгæ, уыцы партитæ цы видеоæрмæг æрбавдыстой, уым нæ зыны фæтк халыны цаутæ.

Уый куыд бамбарын кодта, афтæмæй фæтк-халынады тыххæй информаци цы æвзарæн фадгуыты тыххæй æрбарвыстæуыд, уыдон Цæгат Ирыстоны территорийыл кæй сты, уый тыххæй бæрæггæнæн куыст кæндзысты сæ уæрæсейаг коллегæтæ кæрæдзийæн æххуысы тыххæй бадзырдмæ гæсгæ.

«Бæлвырддæр информаци радтæн ис бæрæггæнæн куысты фæстæ», – банысан кодта Генпрокурор.

Республикæйы территорийыл дæр æмæ уый æддейæ дæр æвзæрстытæ уагъд цæуынц æнæ фæткхалдæй.

Осиаты Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.