15 сентябры ауагъдæуыд РХИ-йы Парламенты 8-æм сессийы фыццаг рабадт. Боны фæткы уыд иунæг фарст – Тадтаты Аланы йæхи куырдиатмæ гæсгæ Парламенты Сæрдары бынатæй ссæрибар кæныны тыххæй, фæлæ депутатты домæнмæ гæсгæ боны фæткмæ бахастæуыд дыккаг фарст дæр Парламентæн ног Сæрдар равзарыны тыххæй.  

Тадтаты Алан депутатты раз раныхас кодта, æмæ загъта, зæгъгæ, йæ ныфс ис Парламенты дарддæры конструктивон куыстæй, стыр хъыгимæ банысан кодта ныры онг закъондæттæг орган æмбæлон æмвæзадыл кæй нæ куыста, уый дæр.

«Абон æз аскъуыддзаг кодтон закъондæттæг органы сæрдары хæстæ æрæвæрын. Фæстаг азты бирæ цæвиттонтæ ис æрхæссæн Парламенты куысты кæрæдзи ныхмæлæудтыты, хицæн депутатты бойкотты тыххæй. Ацы негативон хъуыддæгтæ тынг бахъыгдардтой конструктивон куысты. Уыдæтты аххосæй цъус бакуыстæуыд Хуссар Ирыстоны хæрзæбонæн. Цалдæр азы дæргъы æз архайдтон алы фракциты депутаттимæ бадзурыныл, цæмæй Парламент нормалонæй скуыстаид, уый тыххæй-иу сын цæуылдæрты сразы дæн, фæлæ уавæр рараст кæнын мæ бон не сси. Ныр Парламенты Сæрдары хæслæвæрдтæ мæхицæй исын ахæм ныфсæй, цæмæй депутаттæ иууылдæр кусын райдайой республикæйы ног къухдариуæгадимæ, цы адæм сæ равзæрста, уыдоны хæрзæбонæн», – загъта Тадтаты Алан.

Дарддæр дискусси уыд депутатты иу хайы фæндыд сусæг хъæлæсæппæрстæй фарст аскъуыддзаг кæнын, иннæ хай та æргом хъæлæсæппæрсты фарс уыд. Цæмæдæр гæсгæ, дыууæты дæр тынг уырныдта, закъонмæ гæсгæ раст кæй уыдысты. Бирæ радзур-бадзуры фæстæ æргом хъæлæсæппæрсты фæстиуæгæн скъуыддзаг æрцыд, цæмæй Парламенты Сæрдары йæ бынатæй ссæрибар кæныны фарст скъуыддзаг æрцыдаид æргом хъæлæсæппæрстæй.

Парламенты Сæрдары отставкæйы ацыды тыххæй схъæлæс кодтой 19 депутаты.

Тадтаты Алан «Иугонд Ирыстоны» партийы уæнг уæвгæйæ, дарддæр æххæст кæндзæн депутаты хæстæ.

Тадтайы фырт бузныг загъта йæ коллегæтæн, æмгуыст кæй кодтой, уый тыххæй æмæ банысан кодта «Иугонд Ирыстон»-ы фракциимæ иумæ кæй кусдзысты, æрвылбонон фарстатыл.

Дарддæр уынаффæ цыд боны фæткы дыккаг фарстыл. Депутаттæ спикеры бынатмæ раразмæ кодтой дыууæ кандидатурæйы – парти «Ныхас»-ы лидер, Сæудæджерад, арæзтад, транспорт, бастдзинад æмæ æрдзон ресурсты фæдыл парламентон комитеты сæргълæууæг Æлборты Аланы æмæ парти «Иугонд Ирыстон»-ы уæнг, Хъахъхъæнынад æмæ æдасдзинады фæдыл парламентон комитеты сæргълæууæг Бибылты Ацæмæзы.

Сусæг хъæлæсæппæрсты фæстиуæгæн Æлборты Аланы пайдайæн схъæлæс кодтой 33 депутатæй 21 депутаты. Кæд  Бибылты Ацæмæз парти «Иугонд Ирыстон»-æй у æмæ депутатты фылдæр хай ацы партийы  уæнгтæ сты, фæлæ йæ фарс рахæцыдысты, æрмæстдæр, 12 депутаты. Афтæмæй Парламенты Сæрдары бынатмæ æвзæрст æрцыд Æлборты Алан.

Парламенты ног сæргълæууæг  бузныг загъта йæ коллегæтæн, кæй йыл баууæндыдысты æмæ йæ кæй равзæрстой. «Фæндвидарæй уын дзырд дæттын, фракцимæ æмæ партимæ нæ кæсгæйæ, мах æмгуыст кæндзыстæм нæ адæмы цард фæхуыздæр кæныны тыххæй», – загъта Æлборты Алан.

Депутаттæ раарфæ кодтой ног сæрдарæн, загътой йын конструктивон куысты фæндиæгтæ.

Депутат Санахъоты Давиды хъуыдымæ гæсгæ, Парламенты уынаффæ æмæ скъуыддзаг кæнын хъæуы æппæт проблемон фарстатыл, уыцы нымæцы паддзахадон арæны æмæ хъахъхъæнынады министрады сæ раздæры æмвæзадыл сæвæрыны тыххæй. «Ацы риссаг фарстатæ кæронмæ бакæнын хъæуы», – бахахх кодта Санахъойы фырт.

 

ПАРЛАМЕНТЫ НОГ СÆРГЪЛÆУУÆДЖЫ ЦЫБЫР БИОГРАФИ

Æлборты Алан Юрийы фырт райгуырд горæт Цхинвалы 1976 азы 22-æм августы. Ахуыр кодта 12-æм астæуккаг сколайы. Каст фæцис Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты «Финанстæ æмæ кредит»-ы факультет. Каст фæцис УФ президенты цур РАНХСиГС академийы «Паддзахадон æмæ муниципалон управлени»-йы факультет.

Куыста РХИ-йы Таможнæйон комитеты. У таможнæйон службæйы капитан. Куыста цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады хистæрæй, фæстæдæр та Ленингоры районы администрацийы хистæры хæдивæгæй. 2013 азæй 2017 азмæ уыд горæт Цхинвалы горæтон администрацийы сæргълæууæг. 2019 азæй у РХИ-йы VII сæвзæрст Парламенты депутат, РХИ-йы Сæудæджерад, арæзтад, транспорт, бастдзинад æмæ æрдзон ресурсты фæдыл парламентон комитеты сæргълæууæг. Хорзæхджын у «Фыдыбæстæ хъахъхъæнæг»-ы майданæй. Ис ын цардæмбал. Хъомыл кæны иу сывæллон.

ОСИАТЫ Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.