Республикон политикон парти «Иугонд Ирыстон» дарддæр реализаци кæны, 2008 азы августы хæстон архайдтыты рæстæджы цы хæдзæрттæ бахъыгдард сты, уыдоны æмбæрзтытæ раивыны фæдыл программæ.

Раивтой Дзаттиайы фырты уынджы 7-æм хæдзар, Гаглойы фырты 23-æм æмæ 8-æм июны уынджы 137-æм хæдзæртты. Афтæ ма Къостайыхъæуы æмæ Дменисы хъæуы дыууæ хæдзары æмбæрзтытæ.

Хæдзæртты хицæуттæ райгондæй банысан кодтой, кусæг бригадæтæ æмбæрзтытæ кæй ивынц тагъд æмæ гъæдджынæй.

Къостайыхъæуы цæрæг хæдзары хицау Гоцъиты Эвелинæ, радзырдта, зæгъгæ, 2008 азы хæсты рæстæджы æрмæст хæдзары æмбæрзт хъыгдард не ‘рцыд, фæлæ ма рудзгуытæ дæр. «Рудзгуытæ мах нæхи тыхтæй раивтам. Хæдзары æмбæрзт раивыны тыххæй-иу нæм бирæ хæттыты æр-бацыдысты,  фæлæ никуы ницы сарæзтой. Æрдæг азы размæ æз куырдиат ныффыстон Бибылты Анатолимæ æмæ абон уый фæстиуæг уæхæдæг уынут», – загъта уый.

Гоцъиты чызг ма банысан кодта, уый кæй никуы дызæрдыг кодта, нæ Президентæй æххуыс кæй райсдзæнис, ууыл æмæ дзы у стыр бузныг.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, Парламенты спикер уæвгæйæ, Бибылты Анатоли уымæн асхджиаг финансон æххуыс бакодта, йæ фыртæн хос кæнын куы хъуыд, уæд.

Йæ истори ма радзырдта Дменисы хъæуы цæрæг Босыкты Андрей дæр.  Уымæн дæр йæ хæдзар ныртæккæ у ногæмбæрзт. Босыкы фырт йæ цардæмбалимæ цæргæцæрæнбонты арæзтой хæдзар æмæ цин кодтой сæ алы чысыл æнтыстыл дæр. Фæлæ 2008 азы хæдзарыл сæмбæлд сармадзаны снаряд, кæцы æрмæст æмбæрзт нæ ныппырх кодта, фæлæ ма рудзгуытæ, дуæрттæ æмæ къултæ дæр. Уæдæй фæстæмæ уымæл æмæ уазалы цæрынц. «Махæн нæ бон нæу уый сцалцæг кæнын, уымæн æмæ нæ пенси хардз цæуы хостыл æмæ хæрдыл. Æмæ бахатыдыстæм æххуысмæ», – загъта хæдзары æфсин.

«Мах бузныг стæм парти «Иугонд Ирыстон»-æй æмæ йæ къухдариуæгадæй, афтæ ма Бибылты Анатолийæ, ахæм мæгуырдзинады нæ кæй нæ ныууагътой», – банысан кодта  Босыкты  Андрей.

Дзаттиайы фырты уынджы 7-æм хæдзары цæрæг Худжиты Маруса бузныджы ныхæстæ дзырдта парти «Иугонд Ирыстон»-ы сæрдар Тадтаты Аланæн, уымæн æмæ æххуысмæ бахатыд сæрмагондæй уымæ.

«Уый уайтагъд мæ куырдиатмæ йæ хъус æрдардта. Цалдæр боны фæстæ мæм æрбацыд къамис, æмæ ныр мæ хæдзары æмбæрзт раивыны куыстытæ сты фæуынхъус», – банысан кодта Худжиты чызг.

Банысан кæнын хъæуы, абоны бонмæ ивд  кæй æрцыд 172 хæдзары æмбæрзтæй фылдæр æмæ ацы программæ дарддæр æххæст цæудзæн.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.