Иуæй-иу хуссарирыстойнаг политиктæ паспортизацийы темæйыл цы дам-думтæ апарахат кодтой, ома, дам,  Цæгат Ирыстон-Аланийы цæрæг Уæрæсейы Федерацийы  æмбæстæгтæн массон æгъдауæй лæвæрд цæуынц Республикæ Хуссар Ирыстоны иумиагæмбæстагон документтæ, уый тыххæй РХИ-йы Паддзахадон æдасдзинады комитет хъусын кæны, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны æмбæстагдзинад бæрæггæнæн документты бланктæ æвæрд сты Хуссар Ирыстоны Паддзахадон æдасдзинады комитеты.

«Документтæ лæвæрд цæуынц, Паддзахадон æдасдзинады комитеты æмæ Мидхъуыддæгты министрады хаххыл бæлвырдгæнæн куысты фæстæ рахæс-гæ уынаффæмæ гæсгæ», – фехъусын кодта Паддзахадон æдасдзинады комитеты пресс-службæ.

Паддзахадон æдасдзинады комитет ма куыд хъусын кæны, афтæмæй 2006 азæй 2011 азмæ, РХИ-йы Президенты раздæры Администрацийы рæстæджы паддзахадон хицауиуæгады бæрнон бынæтты кусæг иуæй-иу адæймæгты æнæмæт ахасты фæстиуæгæн фесæфтысты 10 минæй фылдæр хуссарирыстойнаг паспорты  сыгъдæг бланктæ ифтонггæрзтимæ иумæ.

Документтæ кæй фесæфтысты, уый фæдыл Паддзахадон æдасдзинады комитет æмæ Генералон прокуратурæ кæнынц оперативон-фæдысгарæн æмæ агурæн куыст. Сæфт бланкты номертæ лæвæрд æрцыдысты Уæрæсейы Федерацийы æмæ Уæрæсейы арæнхъахъ-хъæнæг службæйы органтæм.

«Дыууæфарсон системон мадзæлтты реализацийы фæстиуæгæн Уæрæсейы Федерацийы  ист æрцыдысты, æнæзакъонæй лæвæрд цы хуссарирыстойнаг паспорттæ цыдысты, уыдон. Куыд рабæрæг, афтæмæй уыцы паспорттæ уыдысты, рæсттæрхонæй чи æмбæхсы, ахæм криминалон адæймæгтæм», – банысан кодта ведомствойы пресс-службæ.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты паспортон-визæйон службæ штатон режимы радта 2014 азы 5044, 2015 азы – 4156, 2016 азы та – 3114 хуссарирыстойнаг паспорты.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.