Знон, 24-æм марты Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти ауагъта æмбырд Уæрæсейы Федераци æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн ивгъуыд аз Сразыдзинады фæлгæтты пенсион фонды цы куыстытæ æрцыд,уый фæдыл.

Æмбырды куысты хайад райстой Хицауады Сæрдары хæдивæг Пухаты Эрик, Президенты уынаффæгæнæг социалон фарстыты фæдыл Сиукъаты Радион, Финансты министр Хæбæлаты Азæ, пенсион фонды сæргълæууæг Тасойты Азæ æмæ уæрæсейы пенсион фонды Алагиры хайады бæрнон кусджытæ.

Æмбырды райдианы Хъуылымбегты Доменти, Пенсион ифтонгады тыххæй æрдзырдта Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн Мæскуыйы ноябры мæйы къухтæ цы сразыдзинадыл æрфыстæуыд, уымæ гæсгæ пенситæм зынгæ хай кæй бафтыд. Пенсион ифтонгады иумæйаг суммæ кæд нæ хæццæ кæны Цæгат Кавказы Федералон окруджы пенсион ифтонгады астæуккаг æмвæзадмæ, уæддæр цадæггай, ома, дыууæ азмæ этапгай фылдæр кæндзæн, цалынмæ Цæгат Кавказы Федералон окруджы пенсион ифтонгады æмвæзадмæ схиза, уæдмæ.

Уымæй дарддæр ма дзырд цыд нæ республикæйы æмбæстæгтæй ацы аз 30 ноябрмæ æрмæстдæр бынæттон, ома, хуссарирыстойнаг пенситæ чи исынц, уыдонæн та нысан æрцыд иурæстæгон бафыст 10 мин сомы, куыд социалон æххуыс, афтæ. Уыцы суммæ пенсиисджытæн фыст цæуы дыууæ этапæй: ивгъуыд аз, декабры мæйы райстой фæйнæ 5 мин сомы æмæ та ныр дæр райсдзысты  фæйнæ 5 мин сомы.

Пенсион ифтонгады сæргълæууæг куыд банысан кодта, афтæмæй: «Абон республикæйы ис цыппар мин пенсионеры онг. Уыдон нымæц азæй-аз кæны фылдæр. Махæн нæ нысан у, цæмæй пенсион ифтонгады системæ фæраза пенсионертæн лæггад кæнын æмæ сын, гæнæнуæвгæйæ, сæ æфтиæгтæм бафтын кæнын. Ахæм хæслæвæрд ис махæн президентæй. Зæгъын хъæуы уый, æмæ фæстаг рæстæджы ацы фадыджы ахсджиаг куыст кæй æрцыд. Пенситæ рæзынц этапгай», – дзырдта Тасойты Азæ.

Уый ма куыд загъта, афтæмæй 2014 азы бынæттон пенситы индексаци уыд 8,1 %. 2015 азы та 7,5 %. Пенситæ фылдæргонд цыдысты РХИ-йы Президенты Указмæ гæсгæ. Уымæй дарддæр ма 24.12. 2013 азы Президенты Указмæ гæсгæ пенсионертæн æрцыд иурæс-тæгон баххуыс иу мин сомæй.

Рох кæнын нæ хъæуы 2012 аз Республикæйы астæуккаг пенсийы нымæц кæй уыд 1 мин æмæ 585 сомы. Абон та астæуккаг пенси у 6 мин æмæ 248 сомы. Уымæй уæлдай ма республикæйы ныртæккæ архайы хæсты фæстиуæгæн инвалидты пенси. Фыццаг къорды инвалидтæн сæ пенси у 11 620 сомы. Дыккаг къордæн та 8 140 сомы.

Æмбырды рæстæджы ма дзырд цыд пенситæ  аразыны фæдыл иуæй-иу проблемæтыл. Куыд, зæгъæм, не ‘мбæстæгтæй бирæтæн нымад кæй не ‘рцыдысты сæ куысты стаж 1991 азæй 2002 азмæ. Ныртæккæ нæ республикæйы къухдариуæгад архайы уыцы фарстыл, цæмæй уæлдæр загъдгонд æмгъуыды куыст алкæмæн дæр нымад æрцæуа.

«Ацы фарсты фæдыл уæрæсейаг коллегæтимæ æрцыд куыст æмæ æрцыдыстæм иумæйаг æхсæн-хицауадон бадзырдмæ. Уый бындурыл æнцойгæнгæйæ не ‘мбæстæгтæн уыдзæн уавæртæ 1991 азæй 2020 азмæ куысты стаж нымад æрцæуа», – банысан кодта Хицауады Сæрдар.

Уый радта хæслæвæрттæ, цæмæй арæзт æрцæуа бадзырды проект æмæ æхсæнхициуадон къамисы радон рабадты къухтæ фыст æрцæуой.

Президенты уынаффæгæнæг Сиукъаты Радион куыд банысан кодта, афтæмæй не ‘мбæстæгтæй иуæй-иутæн кæй нæй Уæрæсейы Федерацийы æппынæдзухон регистраци, уый тыххæй сын вæййы проблемæтæ банг ВТБ сын хыгъд не ‘рбайгом кæны. Уый ма загъта, кæй фæнд кæнынц фембæлын РСО-Аланийы бангы ВТБ-йы хистæримæ, цæмæй æруынаффæ кæной ацы фарстыл «гæнæн ис æмæ арæзт æрцæуой ахæм уавæртæ, цæмæй пенситæ хыгъдгонд æрцæуой РХИ-йы национ бангмæ æмæ не ‘мбæстæгты нал хъæудзæн УФ-мæ цæуын сæ пенситæ райсынмæ», – банысан кодта уый.

Алагиры районы пенсион хайады специалисттæ куыд загътой, афтæмæй æнæмæнгхъуыддаг у РХИ-йы фæсарæйнаг паспорттæм гæсгæ пенсийы кары æмбæстæгтæн лæвæрд куы цæуиккой Цæгат Ирыстон-Аланийы фæсарæйнаг паспорттæ.

Тасойты Азæ куыд загъта, афтæмæй пенситы фæдыл закъоны проектмæ хаст æрцыд пенситæ фæфыл-дæр кæныны фарст.

Æмбырдæн фæстиуджытæ аразыны рæстæджы Хъуылымбегты Доменти загъта: «Мах æппæт дæр сараздзыстæм, цæмæй не ‘мбæстæгтæй пенси чи исы, уыдон сæ бартæй пайда кæной æппæтварсонæй. Ацы фарстатæй иуæй-иуты мах араздзыстæм нæ паддзахады сæрмагонд ресурстæй пайдагæнгæйæ, иннæты та уæрæсейаг коллегæты æххуысæй. Мах ма банысан кæндзыстæм Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы министрадтæ æмæ ведомствоты ‘хсæн ахастытæ кæй сты бæрзонд æмвæзадыл Пенсион ифтонгадтæ Цæгат Кавказы Федералон окруджы пенситæм скæнын», – дзырдта Хицауады Сæрдар.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.