Революцийы агъоммæ ирон культурæйы рæзтыл куы дзурай, уæд нæ ахиздзынæ Питеры иу-вæрсты. Ирон адæм сæхи куы базыдтой, уæдæй абонмæ Питер у нæ уарзон сахар, фыл-дæр лæггæдтæ нын чи бакодта, ахæм сахар. Уым ахуыр кодтой фыццаг ирон профессио-налон поэт Мамсыраты Темырболат, нæ лите-ратурæйы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къоста, нæ драматургийы бындурæвæрæг Брытъиаты Елбыздыхъо, нæ куырыхон лæг Абайты Уасо, г. «Правда»-йы фыццаг корреспондент уыд Ко-цойты Арсен, фыццаг ирон дохтыр Хетæгкаты Андухъапар ахуыр дæр æмæ кусгæ дæр кодта Петербурджы, нæ академик Джусойты Нафи уым фæцис каст аспирантурæ. Чи сæ фæуы-дзæн нымад, зонады къабазы Петербург-Ле-нинград махæн цас фæлтæр схъомыл кодта, уыдон.

Питеры йе сфæлдыстадон уæнгтæ чи аивæзта, уыдонæй иу уыд Брытъиаты Елбызды-хъо. Уымæн 1912 азы Петербурджы бантыст ирон журнал рауадзын, схуыдта йæ «Хуры тын». Абоны бон ацы журналы рацыдыл æххæст кæны 110 азы. Йæ фæзынд, йæ хæрзиуджытыл нæ хъæуы æрдзурын, хъæуы сæ зонын, уымæн æмæ нæм Питерæй дæр нæ хуры тын  сдардта йæ был, Уæрæсейы Сæйраг артдзæст ирон аив ныхасæн радта фæндаг, фæн-даг радта уæд нæ Ирон сылгоймæгты приютæн дæр, кæрон скодта, Къостайы туг растæй чи цъырдта, уыцы æгъатыр адæймæгты митæн дæр.

Революцийы агъоммæйы периодикон мы-хуырыл дзургæйæ, журнал «Хуры тын»-æн йæ-хи нысаниуæг ис. Йæ уадзæг, йæ ифтонггæнæг кæд ирон интеллигенцийы минæвæрттæ уыдысты, уæддæр ын сæрæвæрæг уыд Брытъиаты Елбыздыхъо. Абон дæр ацы журнал хæссы Елбыздыхъойы ном.

Ахӕм хъуыдыйыл хӕст уыд йӕ цыбыр царды ирон драматурги ӕмӕ театры бындурӕвӕрӕг Брытъиаты Елбыздыхъо. Адӕммӕ ӕнӕхъуаджы нӕ баззад ныхас: «Къоста нын радта чиныг, Елбыздыхъо та нын байгом кодта театры дуӕрттӕ».

Æнæрынцой зӕрдӕйы хицау уыд Елбыздыхъо, Назраны ахӕстоны дӕр йӕ зӕрдӕ дзырдта йӕ адӕмы сомбоныл, национ культурӕйы рӕзтыл – ахæстоны цемент пъолыл дӕлгоммӕ хуысгӕйӕ фыста ӕгъуыстаджы драмӕ «Дыууӕ хойы». Кӕд нырма ирон профессионалон театр нӕма уыд, уӕддӕр Елбыздыхъо фидарӕй уырныдта, рӕхджы кӕй уыдзӕн театр дӕр ӕмӕ артисттӕ дӕр. Уымӕн дзырдта, йемӕ ахӕстоны чи бадт, уыцы зынгӕ ӕхсӕнадон кусӕг Хъесаты Гиуӕргийӕн: «Рӕхджы уыдзӕн ирон театр. Уыдзӕн нын нӕхи артисттӕ дӕр. Фӕлӕ театры дӕр ӕмӕ артистты дӕр хъӕуы пьесӕ ирон ӕвзагыл».

Дзырд «ирон» Елбыздыхъойы туджы сфыхт ӕмӕ йын рахизын нал бантыст; уый йӕ цӕргӕйӕ рыг абадын никуы бауагъта ирондзинадыл дӕр ӕмӕ ирон ӕвзагыл дӕр.

Ирон ӕвзаг ӕвӕринаг кӕй у, уӕрӕседзаутӕ дзы арвистон ӕмӕ хынджылӕг кӕй кодтой, уый тыххӕй сын сӕ ных бакъуырдта йӕ комеди «Уӕрӕседзау»-ы.

Елбыздыхъо йӕ цыбыр цард снывонд кодта йӕ адӕмӕн, мадӕлон ӕвзаджы рӕзт ӕмӕ сыгъдӕгдзинадӕн. Тынг райгонд уыд, ирон газеттӕ ӕмӕ журнæлттӕ кӕрӕдзи фӕдыл гуырын кӕй райдыдтой, уыцы хъуыддагӕй.

Ирыстоны цард, стӕй адӕмы уавӕр Елбыздыхъойы дуджы раппӕлинаг ницӕмӕй уыд. Интеллигенци рӕзт, истой ахуырдзинад Уӕрӕсейы стыр сахарты. Се ‘ппӕт инженертӕ, дохтыртӕ, офицертӕ нӕ уыдысты, уыдоны ‘хсӕн дзӕвгар уыд ахӕмтӕ, кӕцытӕ хъуыды кодтой Иры фидӕны рухс фӕндӕгтыл, ӕмӕ архайдтой ӕппӕт тыхтӕй дӕр, цӕмӕй нацийы культурӕ рӕза. Уыцы хъуыддӕгтӕн та ирд ӕвдисӕн сты ирон театралон кружоктӕ, ирон газеттӕ ӕмӕ журналты фӕзынд ӕмӕ райгуырд. Уыдон канд Ирыстоны нӕ гуырдысты; ирон аивадӕн бындур ӕвӕрдтой, ӕндӕр сахарты кӕй гуырдысты, кӕй куыстой, уымӕй. Зӕгъӕм, ирон драмон къордтӕ сӕ куыст кодтой Ирыстоны ӕддейæ – Тбилис ӕмӕ Бакойы, газет «Ног цард» ӕмӕ журнал «Ӕфсир» цыдысты Тбилисы, журнал «Хуры тын» та цыдис Петербурджы. Сӕ уадзӕг, сӕ фӕлындзӕг уыдысты Иры фӕлтӕр, Иры интеллигенци.

Елбыздыхъо тынг хъуыды кодта ирон пе-риодикон мыхуырыл, зӕрдӕрыстӕй афтӕ фыста: «Фыдӕлты цардӕй рахицӕн стӕм. Мӕсгуытӕ ӕмӕ галуантӕ ныууагьтам, ног цардмӕ та хӕццӕ нӕма баистӕм. Стӕм мах ахӕм фӕндагыл, ӕмӕ фӕстӕмӕ аздӕхӕн кӕуыл нал ис, размӕ цӕуын та сау талынг ӕмӕ тарф мигъ нӕ уадзынц. Ныдздзӕгъӕл уыдзыстӕм, хорз адӕм, уыцы мигъы кӕрӕдзимӕ хаттӕй-хатт куы нӕ хъӕр кӕнӕм, уӕд. Уыцы хъӕр у газет! Уыцы хъӕр мах ракӕндзӕн рухсмӕ».

Мадӕлон литературӕйы рӕзт нывыл кӕй нӕ уыд, ирон чингуыты нымӕц цъус кӕй уыд, ууыл тынг сагъӕс кодта Елбыздыхъо. Зӕрдӕрухс уыд Къостайы «Ирон фӕндыр»-ӕй. Уый сӕрыстырӕй фыста: «Къоста… ацы номимӕ баст у ирон литературӕйы уӕвынад… Къостайы чиныг уыд ӕмӕ у фыццаг чиныг ирон ӕвзагыл… иннӕ чингуытӕ сӕ койы ак-каг дӕр не сты.

Фидар у мӕ зӕрдӕ, бындур ис нӕ чиныгӕн, не ‘взагӕн. Пушкин уырыссаг чиныгӕн цы у, махӕн Къоста уый у… Гуырысхо нӕ кӕнын ӕз: алы хӕдзары дӕр зӕды нывау ауыгъд уыдзӕни Къостайы ныв».

Елбыздыхъо ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы хаххыл кӕд нӕ ахуыр кодта, уӕддӕр йӕ хъуыдыйӕ никуы схицӕн, кӕй у ирон, кӕй йын ис фыдӕлты куырыхон ӕвзаг, уыцы ӕвзаг рӕзынӕн та кӕй хъӕуы чиныг мадӕлон ӕвзагыл.

Уӕрӕсейы зӕххыл мадӕлон ӕвзагыл журнал уадзын хуымӕтӕг хъуыддаг кӕй нӕ уыд, уый хорз ӕмбӕрста Елбыздыхъо. Бирӕ йыл хъуыды кодта, йӕ сагъӕстӕ дардыл уы-дысты. Хорз ӕмбӕрста, йӕ уадзынӕн фӕрӕзтӕ дӕр ӕмӕ коллектив дӕр кӕй хъӕуы. Йӕ хъуыды, ӕвӕццӕгӕн, ӕппӕты фыццаг загъта Ӕмбалты Цоцкойӕн. Афтӕ йӕм фыста: «Ма фӕдис кӕн, кӕй дӕм фыссын, уый тыххӕй. Чи зоны, нӕ политикон платформӕтӕ фӕиппӕрд сты, фӕлӕ уый хъуамӕ йӕ аууон ма кӕна, нӕ бон фембӕлын кӕм у, уыцы бынӕттӕ. Мӕ зӕрдыл дӕ куыдӕй бадардтон, уымӕ гӕсгӕ мӕм афтӕ кӕсы, цы-ма дӕ нӕ адӕмы хъысмӕт тынг цымыдис кӕны. Уый цымыдис кӕны мӕн дӕр… Ӕз дӕр ӕмӕ ды дӕр хайджын стӕм литературӕйӕ… Мах рауадздзыстӕм ӕрвылкъуырион журнал. Ӕмкусджытӕй ӕрхондзыстӕм, фыссын чи райдыдта, ахӕм ӕрыгон фӕсивӕды. Афтӕмӕй нӕ къухы бафтдзӕн дыууӕ хъуыддаджы: рапарахат кӕндзыстӕм ирон литературӕ ӕмӕ уый ӕххуысӕй хъомыл кӕндзыстӕм нӕ адӕмы».

Брытъиайы фырт развӕлгъау хорз ӕмбӕрста, цы ратдзӕн ирон журнал адӕмӕн дӕр ӕмӕ ирон национ культурӕйы рӕзтӕн дӕр. Уыцы хъуыды дӕр ӕргомӕй загъта йӕ фыстӕджы Ӕмбалты Цоцкойӕн. Фыста йӕм: «Уӕдӕ афтӕ, Цоцко, ӕппӕт дӕр саразын хъӕуы, цӕмӕй рӕсугъд, хӕрзуаг ӕмӕ физикон ӕгъдауӕй ӕнӕниз алымӕйон (ам ын ныр мӕйон у – Г. П.) журналӕй бӕрзонддӕр сисӕм, хъуынайы чи фӕныгъуылы, уыцы удты».

Хорз зонгӕ уыд Елбыздыхъоимӕ Гуыриаты Гагуыдз, зыдта, цӕуыл кусы ӕмӕ хъуыды кӕны Елбыздыхъо. Журнал «Хуры тын»-ыл куыд архайдта, уыдӕттӕ дӕр ын ӕнӕ зынд нӕ уыдысты. Уый тыххӕй фӕстӕдӕр афтӕ фыста: «1912 азы январы Брытъиаты Елбыздыхъойы къухты бафтыдис ирӕттӕй саразын рауагъдады къорд, уым чи цардис ӕмӕ ирон ӕвзагыл журнал «Хуры тын» рауадзын йӕ размӕ нысанӕн чи ӕрӕвӕрдта, уыдонӕй. Къорды хайад истой Солтамты Алыксандры фырт Васили, Гуытъиаты Сосикъойы фырт Елбыздыхъо, Гатуты Алыксандры фырт Никъала, Дзахты Иваны фырт Алыксандр ӕмӕ Цӕболты Димитры фырт Павел».

Елбыздыхъо ӕмӕ журнал «Хуры тын»-ы тыххӕй йӕ рӕстӕджы фыста Гӕдиаты Цомахъ дӕр. Уый Елбыздыхъойы лӕгдзинад, хъӕбатырдзинадыл дзургӕйӕ, банысан кодта уый дӕр, ӕмӕ Елбыздыхъо карз дуджы кӕй бавнӕлдта стыр хъуыддагмӕ. Цомахъ фыста: «Революцийы дуг йӕ кӕронмӕ фӕцӕйцыд. Революцион уылӕнтӕ та райдыдтой нӕрсын. Ленӕйы гӕрӕхтӕ цы аз ӕмӕ цы мӕй ӕрцыдысты (1912-ӕм аз, апрелы), раст уыцы аз ӕмӕ уыцы мӕй рацыд Бетырбухы ирон журнал «Хуры тын». Редактор та йын уыд Брытъиаты Елбыздыхъо».

Журнал «Хуры тын» уадзгӕйӕ, редактор ӕмӕ редколлеги сӕ разы ӕвӕрдтой хӕс, цӕмӕй журналы руаджы фӕхуыздӕр, фӕхъӕздыгдӕр уа национ литературӕ, ирон аивад ӕмткӕй. «Хуры тын» йӕ разы ӕвӕрдта хӕс, цӕмӕй мыхуыр кӕна:

Аргъӕуттӕ, таурӕгътӕ, ӕмбисӕндтӕ, пьесӕтӕ.

Ӕнӕниздзинад, зайӕгойтӕ, зӕххы куысты фарстытӕ.

Адӕмы цард, се змӕлд, ахуырад, дин, ирон ӕгъдӕуттӕ.

Адӕмы иумиаг куысты пайда.

Журнал уадзынӕн тых ӕмӕ уавӕртӕ хъуыд. Уыдон та Елбыздыхъомӕ нӕ уыдыс-ты. Уый Петербурджы цы тыхст цард фӕкод-та, уый дӕр нӕ дисы ӕфтауы, цы уды конд ын уыд, куыд сахъ лӕг уыд, зындзинӕдтӕн куыд фӕразон уыд.

«Хуры тын»-ы алы номырӕн дӕр ис йӕхи нысаниуӕг. Ууыл дзурӕг сты, журналы номыртӕ сӕхӕдӕг. Зӕгъӕм: «Хуры тын»-ы фыццаг номыры мыхуыр ӕрцыд йӕ пьесӕ «Маймули – рухсаг, ӕгас цӕуӕд ирон театр». Фыццаг ӕмӕ дыккаг номырты ныммыхуыр кодта дыууӕ уацхъуыды ахӕм сӕримӕ: «Чиныгуадзӕгӕй», ӕртыккаг номырӕн йӕ разныхасы мыхуыр кӕны уацтӕ ахӕм номимӕ: «Ныстуан»-1, «Ныстуан»-2, «Ныстуан»-3.

1912 азӕй бавнӕлдта Елбыздыхъо «Амы-ран» фыссынмӕ (кӕд ма йыл 1909 азы дӕр хъуыды кодта, уӕддӕр).

Амыраныл рагӕй кӕй хъуыды кодта, Амыран – Прометейы тыххӕй бирӕ ӕрмӕджытӕ кӕй тымбыл кодта, уый разынд журнал «Хуры тын»-ы: ныммыхуыр дзы кодта иронмӕ тӕлмацӕй уырыссаг фыссӕг Хиряковы уацмыс «Стыр тох». Уый дӕр у зӕронд легендӕ Прометейыл. «Хуры тын»-ы фыццаг номыры разныхасы дзырд цӕуы ирон ӕвзаджы уа-вӕрыл, адӕм се ‘взаг сӕ сӕрмӕ кӕй нал хӕссынц, уый Елбыздыхъо нымадта ӕнамонддзинадыл. «Хуры тын»-ы ӕрмӕджытӕй ахсджиагдӕртӕ сты «Ирон ӕвзаг» ӕмӕ «Æртӕ ӕфстаубоны». Сӕ автор Баби, (кӕй псевдоним у, нӕ зонын).

Журналы мыхуыр ӕрцыд Хъороты Дауыты ӕмдзӕвгӕ «Къостайӕн» – йӕ псевдоним Хъолоимӕ, фольклорӕй дзы мыхуыр ис «Ханты Госӕмайы хъарӕг». «Хуры тын»-ы рацыдыл тынг фӕцин кодта Секъа, ныммыхуыр ын кодта йе ‘мдзӕвгӕ, цыран фыста:

«Хуры тын ӕрбакаст, –

Нӕ зӕрдӕ ныррухс.

Курӕм дӕ, хуыцау,

Бакӕн нын ӕххуыс».

Журналы ма мыхуыр цыдысты Ӕмбалты Цоцко, Тлатты Хох ӕмӕ Ӕлборты Барисы ӕрмӕджытӕ. Журнал парахат кӕныныл Дзӕуджыхъӕуы куыстой Тлаттаты Хаджумар ӕмӕ Дзанайты Садуллӕ, Уӕлладжыры комы – Зӕнджиаты Бӕбу ӕмӕ Кцойты Бекызӕ, Беслӕны – Уырыймӕгты Хосдзау ӕмӕ Дзантиаты Ибрагим, Калачы – Рӕмонты Тата.

«Хуры тын»-ы фыццаг номыры Тлатты Хох йӕ уац «Сагъӕстӕ»- йы карзӕй ӕфхӕры йӕ адӕмӕй чи фӕиппӕрд, йе ‘взаг, йе ‘гъдӕутты сӕрмӕ чи нал хӕссы, ахӕм интеллигенцийы минӕвӕртты, Муссӕйы хуызӕн уӕрӕседзауты. Уым Елбыздыхъойӕн йӕхицӕн дӕр мыхуыр ӕрцыдысты уацтӕ «Титаник» ӕмӕ «Ленӕйы сыгъзӕрин къахджыты сӕфт». Елбыздыхъо уӕндонӕй фыста Думӕ ӕмӕ тӕрхондоны кусджыты ӕнӕраст митыл.

Журнал «Хуры тын» алыварсон уыд. Йӕ дыккаг номыры мыхуыр ӕрцыд Къаболаты Егоры уац «Ӕхсӕны дуканитӕ», цыран дзырдӕуы адӕмы мӕгуырдзинадыл, куыд сӕ стигъынц базаргӕнджытӕ.

Журнал йӕ хъус дардта адӕмы ӕнӕниздзинадмӕ дӕр. Ууыл та дзурӕг у уац «Бахъахъхъӕнӕм низӕй нӕхи». Йӕ автор уыдис Быдтаты Агуыбечыр. Журналы цъус ӕрцыд мыхуыр литературон уацмыстӕ, кӕд йӕ нысан уымӕ здӕхт уыд, уӕддӕр.

«Хуры тын»-ы мыхуыры цыдысты тӕлмацгонд ӕрмӕджытӕ дӕр. Кӕд стыр хъуыддӕгтӕ нӕ бакодта журнал кӕстӕрты тыххӕй, уӕддӕр сын лӕвӕрд цыдис сӕрмагонд къуым.

Ӕртӕ номыры бӕстӕ кӕм афӕлдӕхтаиккой, фӕлӕ уӕддӕр зӕгъын хъӕуы, «Хуры тын» уыдис раззагон демократон зондахаст кӕмӕн уыд, ахӕм. Йӕ рауагъды нысан та уыд: журнал у аив литературон ӕмӕ ӕхсӕнадон-политикон ирон журнал. Нӕ хъӕуы рох иу хъуыддаг – «Хуры тын»-ы номыртӕ нӕ рацыдаиккой Джиоты Пора куынӕ уыдаид, уӕд.

Журнал «Хуры тын»-ы рацыдыл ӕххӕст кӕны 110 азы. Йӕ ном ссаринаг, ӕрымысинаг у, уадз нӕ ирон чиныгкӕсджытӕ зоной, цы уавӕрты рӕзыд ирон литературӕ, ирон периодикон мыхуыр.

  ПЛИТЫ Гацыр

ХИПУ-йы профессор

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.