Æз, Плиты Александр Михаилы фырт, Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстаг, райгуырдтæн горæт Цхинвалы 1972 азы 30 сентябры.

1989 азы каст фæдæн горæт Цхинвалы №12 астæуккаг скъола. 1989 азы санитарæй куыстон республикон рынчындоны æмæ ахуыр кодтон горæт Цхинвалы №78 Профессионалон-техникон ахуыргæнæндоны.

1991 азы ахуыр кæнынмæ бацыдтæн цæгатирыстойнаг Медицинон институтмæ, æмæ 1997 азы æнтыстджынæй каст фæдæн Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы цæгатирыстойнаг медицинон академи.

1997 азæй 2001 азмæ куыстон Республикон санэпидстанцы, фæллойады гигиенæйы хайады сæргълæууæгæй.

2001 азы фыццаг профессионалон цæттæдзинад райсыны фæстæ кусын райдыдтон Республикон рынчындоны дохтырæй – анестезиолог-реаниматологы дохтырæй.

2002 азæй дæн Республикон рынчындоны Анестезиологи æмæ рениматологийы хайады сæргълæууæг.

2005 азæй 2009 азтæм рынчындоны куыстимæ ма куыстон фыццаг цæгатирыстойнаг фидауынгæнæн батальоны медицинон службæйы хистæрæй, капитанæй, дæн 2008 азы цауты активон хайадисæг.

2009 азы æвзæрст æрцыдтæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты 5-æм æрсидты депутатæй Адæмон партийæ, куыстон Парламенты Социалон политикæ æмæ æнæниздзинад хъахъхъæныны фæдыл комитеты сæрдарæй.

2014 азы партийы съезды æвзæрст æрцыдтæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Политикон парти «Адæмон партийы» сæрдарæй.

2017 азы ахуыргæнæгæй кусын райдыдтон ХИПУ-йы хими æмæ биологийы кафедрæйы.

Уыцы аз фæстæмæ æвзæрст æрцыдтæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты 6-æм æрсидты депутатæй, фракцийыл къухдариуæггæнгæйæ.

2019 азы æнтыстджынæй бахъахъхъæдтон кандидатон диссертаци æмæ райстон медицинон зонæдты кандидаты зонадон къæпхæн.

2019 азы къухдариуæгад кодтон Республикæ Хуссар Ирыстоны политикон парти «Адæмон парти»-йыл, æртыккаг хатт æвзæрст æрцыдтæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты 7-æм æрсидты депутатæй.

Ныртæккæ дæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдары хæдивæг, Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Социалон политикæ æмæ æнæниздзинад хъахъхъæныны фæдыл комитеты сæрдар.

Хорзæхджын æрцыдтæн Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы уæлдæр хорзæхтæй.

Ис мын цардæмбал, хъомыл кæнын цыппар сывæллоны.

Цæрын ахæм адресыл: Республикæ Хуссар Ирыстон, горæт Цхинвалы Хъуылымбегты Торезы уынджы №17 хæдзар.

 

 

Ныфсы мæсыг

Плиты Михаилы фырт Алыксандр райгуырди  г.Цхинвалы. Ахуыр кодта 12 – æм астæуккаг скъолайы.

Хистæртæн алы хатт дæр кодта стыр аргъ. Йæ ахуыргæнджытæн, йе ‘мгæрттæн – уарзон. Скъола хорз бæрæггæнæнтимæ каст фæуыны фæстæ бацыд Цæгат Ирыстоны Медицинон Академимæ, æмæ йæ тыхтæ радта фидæны дæсныйады сæйраг бындуртæ æрæвæрыныл. Райста бæрзонд æмвæзадыл зонындзинæдтæ.

Райгуырæн бæстæмæ уарзондзинад æй йæхимæ ивæзта, йæ хъуыдытæй нæ хауд нæ адæмы мæгуыр уавæр æмæ æрыздæхт Цхинвалмæ.

2001 азы уæлдæр профессионалон цæттæдзинад рацæуыны фæстæ кусын райдыдта анестезиолог-реаниматологæй Республикон рынчындоны, ссис йæ хайады сæргълæууæг.

Цыфæнды тыхст рæстæджыты дæр æхсæвæй – бонæй уыд йæ куысты. Рынчынты цард æмæ мæлæты астæу тох кæнгæйæ – иу архайдта сæ фервæзыныл.

2005 азæй 2009 азмæ æмгуыст кодта 1 – аг  Цæгат Ирыстоны Сабырдзинадхæссæг батальоны Медицинон службæйы сæргълæууæгæй капитаны    чины.

Адæймаг йæ хорз хъуыддæгтæй, йæ иубæстон адæмæн лæггад кæнынæй скæны йæхицæн кад æмæ ном.  Ахæмæй басгуыхт йæ раттæг адæмæн Плийы фырт дæр. Адæм æй зонынц алыварсæй дæр æвæрццаг адæймагæй, æууæндынц ыл.

Хæдбардзинадмæ фæндагыл нæ Республикæ бирæ фыдæвзарæнты сæрты ахызт. 2008 азы цаутæ  нæ адæмы зæрдæты æмæ историйы баззадысты стыр хъæдгомæй. Уыцы цауты активон хайад райста Алыксандр дæр рынчынтæн уæззау, хæстон уавæрты алыгъуызон æххуысгæнгæйæ, удуæлдай куыст кæнгæйæ, йæ коллегæтимæ иумæ.

2009 азы æвзæрст æрцыд РХИ-йы Парламенты V сæвзæрсты депутатæй  «Адæмон парти»-йæ. Куыста Парламенты социалон политикæ æмæ æнæниздзинад хъахъ-хъæныны комитеты сæрдарæй.

2014 – æм азы РХИ -йы  «Адæмон парти» – йы æмбырды æвзæрст æрцыд  «Адæмон парти»-йы сæргълæууæгæй. Уыцы аз ногæй æвзæрст æрцыд РХИ-йы Парламенты VI сæвзæрсты депутатæй; уыд фракцийы сæргълæууæг.

2019 азы стыр æнтыстытимæ бахъахъхъæдта диссертаци æмæ райста медицинæйы зонæдты кандидаты ном.

Иудзырдæй, Плиты Алыксандры йæ бæстæмæ, йæ адæммæ уарзондзинад  ссоны царды уылæнтæм размæ.

Адæмы иудзинадæн стыр тых ис, æмæ иууыл уæззау рæстæг æмæ уавæры дæр йæ бон суыдзæнис адæмимæ иумæ зындзинæдтæ аиуварс кæнын. Алы хатт дæр йæ уæхск бадардзæн зын уавæры бахауæг адæймагмæ. Ахæм у йæ удыхъæд. Йемæ ныхасгæнгæйæ йын æнæрахатгæ нæ фæуыдзынæ йæ адæймагдзинад, патриотизм æмæ адæммæ уарзондзинад. Тох кæны йæ адæмы сæрыл, цæмæй ма æййафой æфхæрд, ма кæной хъизæмар цард, фæлæ сæ цард æрвитой амондджынæй.

Абон стыр ныфс æмæ хъаруимæ, рæсугъд фæндтимæ хъавы царды уæлдæр къæпхæнтæм схизынмæ, цæмæй йæ хæларзæрдæйы уагимæ ноджыдæр хуыздæр, иузæрдиондæр лæггад бакæна йæ уарзон тыхст адæмæн ацы уæззау дуджы.

Ис ыл стыр æууæнк. Гуырысхойаг нæу адæймаджы бартæ кæй хъахъхъæндзæн.

Адæм фидæнмæ ныфсимæ кæсынц. Сидæм, цæмæй кæрæдзимæ æнгомдæр æрбалæууæм, хуыздæр цæстæй ракæсæм кæрæдзимæ, æмбаргæ дæр разынæм Ирыстоны хæрзæбонæн! Алы æмбæстаджы  дæр 10-æм апрелы 2022 азы хонæм æвзарæн фадгуытæм. Схъæлæс кæнут уæ равзаргæ кандидатæн.

Лæгты дзуар не ‘мбал!

 

Дохтыры  дæсныйад

Дохтыры  дæсныйад кæцыфæнды æхсæнады дæр у бæрзонд æвæрд.

Зындгонд грекъаг философ Сократ дзырдта:  «Суды кусæг, ахуыргæнæг æмæ дохтыры професси у хуыцауæй ратгæ».

Хуымæтæг адæймаг искæй мæлæтæй куы фервæзын кæны, уæд ын скæнынц стыр кад, схорзæхджын æй кæнынц.

Медицинон кусæгæн та уый у уæззау, æрвылбоны куыст, кæцыйы рæдийæн нæй. Ахæм рæдыдæн ис стыр аргъ адæймаджы  цард.  Хорз дохтыры удыхъæды миниу-джытæ бирæ сты: хæларзæрдæ, æгъдауджын, тæнзæрдæ, æнæзивæг адæймагуарзон, бæрнон.

Æппæт ацы миниуджытæй æххæст у йæ дæсныйады иттæг хорз специалист, йæхиуыл æнæауæрдгæйæ адæмæн чи лæггад кæны, уыцы Плиты Алыксандр.

Алыксандр схъомыл Михаил æмæ Марияйы фæрнджын хæдзары. Уæздан фыд æмæ мад радтой  хорз хъомылад сæ кæстæртæн, царды сæ раст фæндагыл сæвæрдтой.

Йæхи æмбарынхъом куы фæци, уæдæй фæстæмæ Алыксандр тырныдта ахуырмæ æмæ йæ зæрдæйы цы бæллиц хаста, уый сæххæст кодта, Цæгат Ирыстоны медицинон академи æнтыстджынæй каст фæци æмæ райдыдта йæ бæрнон куыст медицинæйы тыгъдады, йæ зæрдæ не сивта йæ райгуырæн Хуссар Ирыстоныл æмæ йæ фыццаг уæндон къахдзæфтæ дæр йæ дæсныйады акодта ацы ран.

Æмæ ныр 25 азы дæргъы цæстуарзон æххуыс кæны тыхст уавæры бахауæг адæмæн, разамынд дæтты   Республикон рынчындоны реанимаци æмæ анестезиологийы хайадæн.

Алыксандр цафонфæнды дæр ссары рæстæг тыхст рынчынты уæлхъус æрбалæу-уынæн æмæ сын сæ рис фæрæуæг дæр кæнынæн.

Цардимæ æмдзу чи кæны, æнтыстдзинæдтæ дæр  уый  къухы  æфтынц.

Уый хынцгæйæ, Алыксандр æдзух дæр кусы йæхиуыл, æмæ зонадон куыст кæнгæйæ бахъхъахъæдта кандидаты диссертаци æмæ райста медицинон зонæдты кандидаты ном.

Уыимæ ма æрмæст дæсны дохтыр нæ, фæлæ у  фæзминаг фыд йæ рæсугъд бинонты къордæн.

Йæ цардæмбал Регинаимæ хъомыл кæнынц цыппар хъæбулы .

Алыксандры хорз ном хъуыстгонд у Хуссар Ирыстоны  æмæ бæлвырд у, иузæрдион кæй у йæ дæсныйадыл, зындзинæдтæй кæй нæ тæрсы æмæ йа цард  кæй нывонд кæны йæ равзæрст хъуыддагæн.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.