Номдзыд поэт Хъодалаты Герсаныл æххæст кæны 80 азы

 

80 азы æххæст кæны зынгæ ирон поэт, публицист æмæ тæлмацгæнæг, редакцион куысты патриарх (49 азы), ССР-ы Цæдисы фысджыты æмæ журналистты Цæдисы уæнг, Ирыстоны Фысджыты цæдисы правленийы уæнг, журнал «Фидиуæг»-ы сæйраг редактор, Хуссар Ирыстоны Парламенты дыккаг æрсидты депутат, РХИ-йы культурæйы сгуыхт кусæг, фæллойы ветеран, æхсæз хатты литературон премиты хицау, Къостайы номыл 2014 азы Националон преми «Нарты фæткъуы»-йы лауреат, РХИ-йы «Кады орден»-ы кавалер.

Хъодалаты Герсаныл. 

Уый сæраппонд ын газеты редакци кæны зæрдиаг арфæ, фæнды нæ уымæн бирæ азты æнæниз цæрæнбон æмæ ахадгæ сфæлдыстадон æнтыстытæ.

 

«ДЗАГ ХОРÆЙ МÆ ХОРДОН»

 

Къостайы ацы ныфсджын ныхас йæ бон у æмæ зæгъа йæ миднымæр йæ бирæ фыдæбонæй разыйы охыл Хъодалаты Герсан.

Мæ зæрдыл ахæм хадздзæг æрлæууыд бæстон нымады фæстæ. Мæнæ ирон адæмы размæ Герсан æрхаста æнæхъæн æнусы ‘рдæг  55 азы! – цы бакуыста удуæлдайæ ирон дзырдаивады зиуы, уыцы фæллой. Уыдон сты æртæ стыр томы: æмдзæвгæтæ, кадджытæ, поэтикон тæлмæцтæ, критикон æмæ публицистон уацтæ. Иу дзырдæй, Герсанæн ма йæ бон у Къостайы дыккаг стих сфæлхатт кæнын дæр  «Бæркадджын  мæ зæхх»!

Герсаны æмдзæвгæтæ мыхуыры куы фæзындысты фыццаг ( 1958 азы), уæд æз, ныртæккæ цы бынаты кусын, уым æрвыстон мæ цæрæнбонтæ. Кастæн ын йæ чингуытæ  йæ балцы райдианæй («Бæлццон», 1964 аз) йæ абон æртæтомон рауагъды уонг. Ам сæ ракастæн ногæй, æвналгæ сæм, æцæг, нæ фæкодтон, кæд редактор уыдтæн, уæддæр. Уый уымæн æмæ дзы редакторæн агаинагæй хæрзчысыл цыдæртæ федтон. Иннæ ‘рдыгæй та, курдиатджын фыссæг йæ зæры бон йæ «фæззыгон най»-æ цы бафснайдта йæ хордоны, уый куы хæсса адæммæ, уæд хъуамæ конкретон фиппаинæгтæй йæхи хиза редактор! Æз афтæ хъуыды кæнын, мæ нымад кæд искæй зæрдæмæ нæ цæуы, уæддæр.

Герсан 55 азы нæ цæсты раз кусы, зиууон лæгау, зæрдиагæй, æвæллайгæ нæ дзырдаивады. Курдиатджын кæй уыд йе ‘взонджы бонты дæр, уый хатыдысты æмæ нымадтой нæ фысджытæ сеппæт дæр. Аргъ дæр ын кодтой кæддæриддæр. Къостайы номыл Паддзахадон преми дæр ын уымæн саккаг кодтой фысджыты æхсæнад æмæ нæ хицауад. Æмæ мæнæ йæ поэты удуæлдай куысты фæстиуæг  æртæтомон рауагъд. Редактор рауагъды хæрзгъæд æмæ аивтæн ницы фæахъаз. Уыдон иууылдæр поэты курдиат æмæ зонды фæстиуæг сты. Фæлæ дзы кæд исты хуыздæр саразæн уыд, уæд уый хауы фыццаджыдæр рауагъды скондмæ,  ома æртæ томы цы уацтæ ис, уыдонæй чизоны исты нæ хъуыд хæссын ацы антологион рауагъдмæ, ома  хуыздæрты рæнхъмæ. Чизоны цитатæ…

Ныр у, æмæ мæ цалдæр ныхасы зæгъын фæнды Герсаны-поэты аивадон дунейы тыххæй.

Чысыл раздæр дзырдтон – Герсаны поэзийæн аргъгæнæн цитатæ нæ хъуыд хæссын æмбырдгонды дыккаг томмæ. Уый тыххæй нæ, æмæ Герсаны поэзийæ кæй æппæлынц. Æппæлгæ нæ, рæстытæ дзы дзурынц. Ис дзы цитатæ мæнæй дæр. Æмæ ам мæ ныхас ногæй фæлхатт кæнын, æцæг, ныр иронау:

«Мæ нымадæй, Хъодалаты Герсан у, ныртæккæ ирон литературæйы цы поэттæ кусы, уыдон курдиатджындæртæй сæ иу. Поэты æнтыстыты бæрзæнд йæ иуæй-иу къуыхцытæй нæ, фæлæ йæ фидыц æмæ аивтæй баргæ у. Хохаг цæргæс хаттæй-хатт каркæй ныллæгдæр ран æрбады, фæлæ каркæн йæ бон æмбондæй уæлдæр стæхын нæу, цæргæсæн та – уæларвы тыгъдад у йæ хæтæн бæстæ. Гъе, уымæ гæсгæ карк у хæдзарон маргъ. Цæргæс та – поэт. Ахæм у мæ хъуыды Герсаны тыххæй!»

Цы у йæ бындур ахæм ахастæн Герсаны сфæлдыстадмæ?

Поэзийы сæйрагдæр миниуджыты тыххæй Сергей Есенин иу ран тынг аив æмæ раст ранымадта: «Буйство глаз и половодье чувств». Уый нысан кæны: поэты цæст хъуамæ уына дун-дунейы æппæт дæр  сабийы цæссыгæй тугуарæн къæвдамæ, фæззыгон халасыл тæрхъусы фæдæй уæлæрвты Æрфæны фæдмæ. Поэтæн йе ‘нкъарæнты змæлд та хъуамæ уа куы быдираг стыр доны сабыр, фæлæ æвирхъау тыхджын цыдау, куы та  хохаг донау сыгъдæг æмæ æвидигæ цыхцырау.

Герсаны хуыздæр æмдзæвгæты ацы дыууæ аивы æнцон фенæн сты алы чиныгкæсæгæн дæр, кæд йæ цæсты гагуытыл мигъвæлм нæ бада, уæд.

Мæнæ поэтæн йæ рагфыст æмдзæв-гæтæй иу – «Гыцци». Цыбыр у æмæ йæ уый тыххæй равзæрстон:

 

Гыцци, сбон та… Фæлæ уынджы

Ды нæ зыныс райсом раджы…

Хъуг нæма сахуыр дæ чындзыл

Æмæ йын æхсыр нæ уадзы.

 

Райс дæ сасир, Гыцци, фердæх,

Пец ыстæвд и… Арт ысхъауын…

Æви дæ бынтондæр ферох,

Мæн дæ армæйдзаг кæй хъæуы?..

 

Де суинаг сидзæр ысхъомыл,

Чиныгимæ дæр фæхæлар,

Фæлæ скъоламæ нæ комы, –

У æмпъузинаг йæ хæлаф…

 

Гыцци, сбон та…

Гыцци, сбон та…

 

Æмдзæвгæ у 1964 азы фыст лæппу-лæджы фыст, фæлæ уацмысы æрдзыхъæд раздæры рæстæгмæ амоны. Уацмыс у скъоладзау лæппуйы, сидзæр сабийы, йæ мадæн буцхаст хъæбулы стæм дзырд хъарæгау фыст.

Уайдзæфтыл амад у – цæуылнæ зыныс хъæуы уынджы райсом раджы? Кæм дæ, дæ хъуг дæ чындзыл нæма сахуыр æмæ æнæ дæу æхсыр куынæ уадзы, уæд? Æви дæ ферох, æз дæ армæйдзаг куыд уарзын? Науæд дæ сидзæрты кæстæр, йæ хæлаф ын цалынмæ бампъузай, уæдмæ скъоламæ кæй нæ ацæудзæн, уый?

Фесты хъомыл сидзæр лæппуйæн уайдзæфтæ йæ царæфтыд мадæн. Йæ бон дзурын нал у, уынгæг хъуырæй йæ скæуынмæ бирæ нал хъæуы æрмæст ма сфæрæзта: «Гыцци, сбон та… Гыцци сбон та…»

Мады, уарзондзинады тыххæй ирон поэзийы бирæ аивфыст æмдзæвгæтæ ис, фæлæ ацы æмдзæвгæ йæ эмоцион мидисæй дæр, стæй аив æмæ бæрзонд хуымæтæгдзинадæй у сæ хуыздæртæй, сæ оригиналондæртæй иу.

Герсан йæ райгуырæн Ирыстоны æрдз куыд уыны æмæ куыд ныв кæны, уымæн та аив æвдисæн у æмдзæвгæ «Æхсæвы нывтæ», уый дæр поэтæн йе ‘взонджы бонты фыст у æмæ йæ уымæн равзæрстон:

Арв – зæрин дзыгъуыртæ, –

Рухс тæмæнтæ калы.

Хох йæ урс бызгъуыртæ

Сау къухтæй лæмары.

Æнгузы мæрайæ

Уыг æнкъардæй уасы.

Сычъиты цæрайæ

Æхсæрдзæн фæрасыг.

 

Стъалыты лæппынтæн

Уым сæ зæрдæ сцъæх ‘мæ

Райдыдтой гæппытæ

Удаистæй зæхмæ.

 

Мæй – дзæнхъа æрмгуырой, –

Кæсæгтæ йæ зилынц.

Дарæны æмырæй

Фыстæ чъиу æууилынц.

 

Рухс æхсæвæн – арфæ! –

Хъулон мад у бонæн.

Уый йæ сæрæй арвыл

Хурмæ дуæрттæ тоны.

Арв – дзыгъуырттæ! Уый стъалыты æрттиваг тæппытæ сты арвы æхсæвыгон саулагъз цæсгомыл. Ахæм хуызы сæ уыны æрмæст поэты курдиатджын цæст. Афтæ зæгъæн ис «сычъиты цæрайæ» æхсæрдзæн расыг лæджы арало кæй кæны æхсæвы æнцой сабырдзинады, уымæй дæр. Йæ фарсмæ фысты сынæр цæгъдын поэтмæ «чъиу æууилæгау» кæй кæсы, уый дæр. Стæй ма æхсæв арвы дуæрттæ кæй тоны йæ сæрæй Хурæн дунемæ фæндаг радтыны охыл, уый дæр.

Ам ма зæгъын хъæуы уый дæр æмæ Герсан æрдзы ныв канд цæстæй нæ уыны. Уый та ныййарæг зæххы аивтæ йæ зæрдæйы рæбын æвæрд кæй сты, ууыл дзурæг у. Фæлæ ма ам, бафтауын хъæуы поэты аивадон фæткмæ ноджы иу миниуæг: æрдз канд рæсугъд нæу, фæлæ удæгас кæй у, адæймагау цæрдхъом, æвзыгъд  адæй-маджы митæ кæнынмæ. Хох йæ быз-гъуыртæ лæмары талынджы æрмттæй, æхсæрдзæн расыгæй иллæлæй кæны. Лæппын стъалытæн арвы сæвджын тыгъдады «сæ зæрдæ сцъæх» æмæ зæхмæ сæхи ‘ппарынц. Мæйы æрмгуырой кæсæгтæ зилынц, фыстæ дарæны, хъæуы æвзонг чызджытау, æмырæй (улæфынц, фынæйы афон у æмæ хъæлæба кæнын нæ фæтчы!), «чъиу æууилынц». Æхсæв  боны «хъулон мад» йæ сæрæй арвы дуар хойы, цæмæй хур рацæуа æрвон æмæ зæххон дунемæ! Иу дзырдæй, поэтæн æрдзы дуне дæр, адæймаджы дунейау, цардбæллон æмæ цардфæлдисæг у. Ацы миниуæг поэты дуне ноджы адджындæр æмæ хицондæр кæны чиныгкæсæджы зæрдæ-йæн.

Поэзийы дыууæ сæйраг миниуæджы дунеуынынад æмæ дунеæнкъарынад Герсаны сфæлдыстады аив æмæ цæрд-хъом кæй сты, стæй поэтæн йе взонджы бонтæй фæстæмæ, уый дызæрдыггаг хъуамæ макæмæн уа, йæ уацмыстæй йын иу цалдæры чи бакæса, уымæн дæр.

Аивады сæйраг миниуджытæй иу та у дунеæмбарынад. Уый хауы дунейы æхсæндзарды реалон фæзындтæм цы цæстæй кæсы поэт, уымæ. Ам ахсджиаг у адæмы æхсæндзардæн ивгъуыд дуджы æмæ абоны бон цы тæрхон хæссы, уый.

Герсан – йæ адæм æмæ фыдыбæстæйы патриот – æппæтмæ дæр кæсы, царды фæзындтæ хуымæтæджы адæймагæн, цардфæлдисæгæн, цы хæрзиуæг кæнæ цы фыдæвзарæн хæссынц, уый цæстæй. Йæ хъуыдыйы бындур амад у æхсæндзарды социалон рæстдзинад ныббиноныг кæныныл. Æмæ йæм ахæм позицийы охыл фау æрхæссæн нæй.

Æцæг, хаттæй-хатт æхсæндзарды фæзындтæй, стæй æхсæны лæгтæй дæр иуæй-иутæн уæлæнгай ныхæстæй тæрхон хæссыныл сразы вæййы нæ поэт, фæлæ уымæй уадиссаг нæ лæмæгъдæр кæны поэтикон вердикт.

Иу дзырдæй, мæ ныхас арæзт у чиныгкæсæгмæ. Хъодалаты Герсаны поэзи нæ национ литературæйы ахсджиаг фæ-зынд у æмæ йæ зонын хъæуы. Зонæн та йын ис, лæмбынæг æй куы бакæсай, æрмæстдæр уæд.

Æз æй лыстæггай февзæрстон, ногæй æртæтомон рауагъд куы кастæн редакторы цæстæй, уæд. Æмæ мæ ныхас хъуамæ фехъуыса, ирон аив дзырдты дуне чи уарзы, уыдонæй алкæмæ дæр: кæсут, уарзут æмæ нымайут ахсджиаг хъуыддагыл Герсаны поэзи лæмбынæгæй зонын. Уæд удæй кæндзыстут рæсугъддæр, зæрдæйæ – адæмуарзондæр, зондæй  дуне æмæ йе ‘хсæндзардæн раст тæрхон хæссæг.

                                                                                                                                                                                                                                              НАФИ

__________________________________

  УАСТЫРДЖИ  ДЕ ‘МБАЛ

Амæйразмæ бауадтæн мæ хæстæгмæ. Ацæргæ лæг у, иунæгæй вæййы хæдзары, æмæ йæ, зæгъын, абæрæг кæнон, куыду, цы у – …

Дуарыл куы бахæцыдтæн, уæд æй баййæфтон пецы фарсмæ бадгæ, йæ къухы иу бæзджынтæ конд чиныг, афтæмæй. Касти йæ, уæдæ цы.

Мæн куы ауыдта, уæд чиныг рудзынджы тæрвазыл æрывæрдта, сыстад. Мæ размæ мын бандон æрбайста, æрбад, зæгъгæ.

Æз цалынмæ не ‘рбадтæн, уæдмæ чиныгмæ бакастæн. Бæзджын, йæ цъæх тарбын æдтаг цъарыл уæлейæ фыст «Уастырджи», бынæй, рæбынæй – Хъодалаты Герсан.

– Герсаны чиныг кæсыс? – кæд æй мæхи цæстæй федтон, уæддæр æй афарстон.

– О, Герсаны. Æз æй лæгæй‑лæгмæ нæ зонын, фæлæ мæм йæ чиныг кæцæйдæр æрбахауд æмæ йæ æвдæлон рæстæджыты мæ къухмæ райсын, кæсын æй.

Æз чысыл фæдисаугонд дæн. Ацæргæ лæг, ирон лæг, æмæ кæсы ирон æмдзæвгæтæ. Ацы зын æмæ утæхсæйнаг дуджы, ас адæм нæ, нæ фæсивæд дæр кæнæ бынтон нæ кæсынц ирон чиныг, кæнæ та кæмдæр стæмтæ.

– Кæсын æй, æмæ дын раст куы зæгъон, уæд мæ зæрдæмæ цæуы. Æндæра йæ афонмæ иуварс æрæвæрдтаин. Кæсын æй, нæ йæ кæсын, уый мæхи йедтæмæ никæмæ хауы. Æмæ йæ кæсын. Мæхицæн дзы цыдæр æхцон исын. Æвæццæгæн, нæ царды иунæг ахæм фæзынды, иунæг ахæм къабаз нæй, æмдзæвгæтæ дзы кæуыл нæ фыссы. Фыссы хуымæтæг, æнцон æмбарæн æвзагæй. Æмæ уыцыиу рæстæджы аив амæлттæй, зæрдæйыл чи æмбæлы, ахæм афыстытæй. Фыссы йæ уарзон Райгуырæн бæстæйыл – Ирыстоныл, йе ‘взонджы бонтыл, йæ мад æмæ йæ фыдыл, нæ рæсугъд æрдзыл. Æмæ канд уыдоныл нæ, фæсарæнтæм дæр ма авнæлдта. Поэты зæрдæ рисы цалдæр азы размæ Чилийы цы хабæрттæ æрцыд, уыдоныл:

 

Æз цы зыдтон, сыстдзысты та ног

        Ингæнæй Иудæ æмæ Яго…

     Пиночеты фидиссаг æрдонг

     Сисдзæни Альендемæ йæ цонг,

     Адардзæни тугхъулон Сантьяго?..

Фыссы Герсан йæ иу æмдзæвгæ « Уыцы ‘хсæвы».

Æмæ цал æмæ цал зæрдæмæхъаргæ æмдзæвгæйы ис ацы чиныджы, иууыл сæ чи фæнымайдзæн. Фæлæ мæм уæддæр иууыл хуыздæр кæсынц, йæ сабийы бонтыл, Ирыстоны рæсугъд æрдзы нывтыл, йæ адæмы цард æмæ зæрдæйыуагыл цы уацмыстæ ныффыста, уыдон. Мæхицæн сæ цыдæр æхцон тæлмæнтæ исын, мæ зæрдыл мын æрлæууын кæнынц мæхи æвзонджы бонтæ дæр æмæ сæ кæсгæ дæр уымæн кæнын.

Æмæ мæхæдæг та цы зæгъинаг дæн? Уый, æмæ ацы хæрз чысыл уацы мæнæн Герсаны сфæлдыстадыл дзурыны фадат нæй, фæлæ цыбырæй уый зæгъинаг дæн, æмæ Герсан, мæ хъуыдыйæ, хауы Ирыстоны хуыздæр поэтты рæнхъмæ, йæ уацмысты цы нывæфтыд фæлгондзтæй æмæ амæлттæй пайда кæны, уыдонмæ гæсгæ, сæ аивадон ахадындзинадæй.

Уый тыххæй мæ цы бафæнддзæн Герсанæн йæ юбилейон бонты? Цæмæй нырæй фæстæмæ дæр уа афтæ кусынхъом, растдæр зæгъгæйæ та, ног, ноджы хуыздæр поэтикон уацмыстæ фæлдисынхъом цæмæй йæ чиныгкæсджыты зæрдæ барухс кæна йæ ног сфæлдыстадон æнтыстытæй.

Æмæ ма ноджы. Æцæг ын уый æрæджы, йын республикон библиотекæйы агъуысты цы юбилейон изæр уыд, уым загътон, зæгъын, дын, Герсан,  дæттын сæдæ азы цæрæнбон æнæниз æмæ дзæбæхæй. Фæлæ афтæ цы зæгъай, кæсыс, Къостайы цæст мын уæд, фылдæр азты цæрæнбон нæ бауарзта, фæлæ æз ныр йæ фыддæрадæн 110-120  азы дæр цæрын, уыцы амонд ын Хуыцау зæгъæд.

 

                                                                                    МÆРГЪИТЫ Къоста

­­­­­­­­­­­­­­­­­­­­­­­­­­­­­­­­_________________________________

 ЦГЪОЙТЫ Аринӕ

                                  НӔХИ ГЕРСАН

(Хъодалаты Герсаны 80-азы юбилейы цытӕн)

 

Мӕлгъӕвзагæй нæм де ‘мдзæвгæтæй дзурыс,

Нӕртон лӕджы фарн де ‘мдзӕрин ыссис.

Зӕрдиагӕй бӕрзонд Хуыцауӕй курыс,

Ирыстонӕн куыд айсафа йӕ рис.

 

Æвзонг фӕлтӕрты зӕрдӕтӕм ыссардтай

Рӕсугъд фӕндаг – сӕ миддуне ныррухс.

Фӕхастай суг дзырдаивады артмӕ,

Дӕ фарсмӕ – Нанион – ӕгас комыаргъ ус.

 

«Æвронг зарӕг», гъе «Рухс фын» кӕнӕ «Авдӕн»

Хӕрдгӕ рӕнхъытӕй снывӕзтай фӕрнӕй.

«Гыцци» – ӕвдисӕн уарзон мады кадӕн,

«Хӕрдмӕдзог цъиу» ныззарыди хъӕрӕй.

 

Хъӕздыг Ирон поэзийы къӕбицмӕ

Уӕзгӕ хуынтӕ нӕ бахастай ды цъус.

Цӕстуарзонӕй лӕггад кӕныс нӕ Ирӕн,

У «Фидиуӕг» дӕ цӕстытӕн сӕ рухс.

 

Дӕ кӕстӕртӕн – цӕвиттойнаг, куырыхон,

Тӕхудиаджы дада, се стыр кад.

Сӕ хурӕй бафсӕд, иузӕрдион балхон,

Нӕрӕд нæ Иры арф кæмтты сӕ зард.

 

Фӕзӕгъынц, музӕ у поэты удварн,

Дывӕр – йӕ фӕрцы сфӕлдыстад, дӕ цард.

Æрхӕссӕд дын стыр цинтӕ бӕстыфарн,

Дӕ кад та айхъуысӕд дунетыл дард!

2018 аз

_____________________________________ 

ХЪОДАЛАТЫ Герсан

 

ТЕМЫРБОЛАТЫ ХЪЫНЦЪЫМ

Ауадз мæ, сау ингæн, ауадз, фæстæмæ

Аздæхон хъуамæ мæ Иры бæстæмæ.

 

Теркæй æрбарæдыд Туркмæ мæ фæндаг,

Царды уæззау сагъæс рахастон уаргъæн.

Карз фæсмон зæрдæйы ‘фтыдта йæ дæндаг,

Тадтæн уæлхъæдæй мыдадзын цырагъау.

 

Хъарсы сæрмæ-иу куы стылди зæрин мæй, –

Уайтагъд-иу фергом мæ уды фæндиаг:

Исты хабæрттæ-иу рахæсс мæ Ирæй,

Зæгъын, тæхуды, кæмæн ис дæ ниат!..

 

Бабын дæн афтæмæй… Иунæджы зарæг

Уæзæджы сау къæйыл сидзæрæй баззад.

Нæй йын «мæн у» зæгъæг, нæй йæ рæвдауæг,

Æмæ уынгæгхъуыр, фæсусæй дзыназы…

 

Ардæм, мæ уæлмæрдмæ, ферох и фæндаг,

Уæлмæрды кæрдæгыл хæрджытæ хизынц.

Хур мыл бæргæ тауы судзгæ сырх зæлдаг,

Фæлæ дзы рухсы цъыртт риумæ нæ хизы.

 

Ацу, мæ зарæг, мæ ингæны цурæй,

Дзæлгъæды ма кæн æрдиаг дæ фыдыл.

Ацы цъæх хæрджытæ нал комынц сурын,

Ацы кæрдæг мыл фæлтæргай ныггуыдын.

Ацу, дæ фыды хуыст артдзæст æрцагур,

Цалынмæ ме ‘мбисонд не ‘рцыд дæуыл дæр.

Ахæсс мын демæ мæ сыгъд зæрдæ – сау дур,

Иры былкъахыр мæсыгыл æй сæвæр!..

Ауадз мæ, сау ингæн, ауадз, фæстæмæ

Аздæхон хъуамæ мæ Иры бæстæмæ!..

1967

 

 

ПОЭТМÆ

 

Поэт, фыддарадæн Хуыцау

Ныссагъта цардæн дæу йæ зыны.

Дæ ном, тырысайау, уæззау,

Фæлæ дæ ма ‘ркæнæд йæ быны!

 

Кæд алхатт нæу дæ зæрдæ рухс,

Уæд рухсхъуыды уæддæр дæ зарæг!

Мæлдзыджы сагъæсмæ дæр хъус,

Нывæнд бæрзонд бæллицтæ ‘хсарæй!

 

Æвирхъау карз заман æрцыд,

Нæ зæхх бындзарæгæй ысризы.

Фæуæд æвдадзы хос дæ дзырд, –

Нæ дугæн йе ‘ндон нуæрттæ риссынц.

 

Тæппуд лæг цæстытæн сындз у,

Лæгъз фæндагыл аик дæр тулы.

Фæлтау цыргъ карды комыл цу,

Æрфæнау зæххыл уадз дæ тугвæд!

 

Хæрамы цонг нæма ‘рцыд саст, –

Дæ къæбут, размæ кæсгæ, хъахъхъæн…

Дæ риуæй ратонæд æваст

Фæдисы араугæ фыццаг хъæр!

 

Цъæх арвау дунейыл æххæсс,

Зынг хурмæ байрæзæд дæ хъарм уд.

Уæвгæ, куыд ыстыр у мæ хæс

Æмæ куыд чысыл у мæ хъару!

1970

 

ÆНÆРЦÆФ

 

Æз – Быценты æнæрцæф хæрæфырт,

Гъех, сæ низ мыл æнусмæ фæхæст и:

Гуырцæй рацыдтæн афтæ – дæрзæг дзырд

У мæ зæрдæйæн калмы фæхæстау.

 

Дамбацайы уыраугæ нæмыгæй

Æз нæ тæрсын… Ныррæхой мæ цирхъæй, –

Туджы ‘ртæхтæ нæ ныхсин цæссыгæй,

Не сирвæзид мæ дзыхæй фæдис-хъæр.

 

Фæлæ ацы уæгъдидон ныхæстæ,

Фæлæ ацы æбуалгъы фидис!..

Акалынц мын мæ уаз туг мæ цæстæй,

Бафтауынц мыл, чъырын артау, фыдрис.

 

Аргъуыд донæй мæ цæсгом æхсад у,

Къæй ныффæлдахут хахуырты ‘взæныл.

Нæу лæджы зæрдæ цуайнаджы сау дур, –

Хатт фæрчытæ фæхауын дæр зоны…

1980

 

*  *  *

Æз фембæлдтæн дуртыл… Æндæр зæгъæн нæй

Æнæзæрдæ, салдтуг, уæлбикъон лæгтæй!..

 

Цынæ вæййы царды, фæтыхстæн кæддæр,

Æмæ сæм фæхастон мæ иунæджы сæр.

 

Сæ разы лæмæрстон мæ зæрдæйы туг,

Дыгъуырццæгæй кодтон мæхимид хуыдуг.

 

Фæлæ, о, цы федтон, цы бавзæрстон æз! –

Фыдгулæн дæр ма уæд уый фидыны хæс…

 

Кæд салдысты тынгдæр мæ туджы тæвдæй…

Уæдæй нырмæ хъуысы мæ уды дæдæй.

 

Мæ хъуыддаг – цыфæнды!.. Æндæр у мæ рис:

Зæгъ, ахæм лæг-дуртæй ныццамайæн ис

 

Нæ фидæн-мæсыгæн?.. Ныккæлид æваст…

Æз фембæлдтæн дуртыл… Ныддур и мæ маст…

1985, август

 

 

 

ÆНÆФЫСТ ÆМДЗÆВГÆ

 

Æнахуыр фарст лæууы мæ разы:

Поэт кæд уыд йæ дугæй разы?

 

Куы зæгъæм раст, – нырма поэтæн

Йæ зæрдæ никуы срухс и цардæй,

Фæлæ уæддæр æгас дунетæн

Сæ зæрдæ рухс кæны йæ зардæй.

1980

 

ДЫГЪУЫРЦЦÆГ

 

Мæнгард лæгимæ æз нæ дæн æмвынг, –

Йæ койæ дæр фæцæйхуыссы мæ зынг.

 

Гæртамхоримæ нæу мæ бон цæрын, –

Æлгъагдæр ма цы низ уыдзæн, цы рын!?

 

Уæйгæнæгæн, куы мын уаид фæрæз, –

Йæ хъус рæбыныл ачъепп кæнин æз!

 

Дзырдхæссæгимæ кусын у хæрз зын, –

Мæ аууонæй дæр байдайын тæрсын…

 

Кæд искуы ис мæ раст удæн æзнаг, –

Уæд уый – фæндыртыцæгъдинаг – хуыснæг.

 

Мæ фæндаг иу æввонгхоримæ нæу. –

Мæ хуымы тауын нал уæндын мæнæу.

 

Æдзæстуарзонæн фенын, зæгъгæ, ‘нтыст, –

Æвæстиуæгæй разыны мæ куыст.

 

Лæгау йæ дзырдæн чи нæ у æфсин,

Æз уыимæ куыд дих кæнон мæ цин?

 

Ысхъиуд лæгыл куыд æвæрон мæ къух? –

Хъæуы йæм дзурын арæхстгай æдзух.

 

Хæтаг лæджы дæр нæу мæ бон быхсын, –

Мæ цæстыты, хъæстæ сындзау, ныхсы.

 

Мæхи фæласын хиппæлойæ дард,-

Хуыцауы мары фæздæгæй йæ арт.

 

Куы мæлон, уæд… фæзынæд мæм тæппуд

Æмæ фæуа дзæнæты хай мæ уд!

 

Йæхи гуылы бын чи ‘ндзары æрмæст, –

Зон, уый дæр нæу мæ фыдæхæй иртæст.

 

Чъынды лæгæй фæнычы рыгтæ райс,

Йæ цæсты йын сæ бакал æмæ… рай!

 

Дыгъуырццæджы ныссæдзын, цуркау, хатт,

Ысгуылф кæны мæ зæрдæйы цъæх арт:

 

Ызгæ удтæ, бæхы бындзытау – бæр.

Куыд хæрон семæ адджынæн къæбæр?

 

Æцæг хæлæрттæ? Ма дæм кæсæд дис, –

Æнгуылдзтыл дæр сын банымайæн ис.

 

Уæддæр цæрын мæ сомбоны ныфсæй, –

Мæ уд-арвыл фæсмоны бындзыг нæй!..

10.05.86

 

 

ДУРЗÆРДÆ МАД

 

Max хъысмæт нæ иртасы фыдохæй…

Уал хъæбулы буцзæрдæ Гыцци

Рацæйцыд йæ бинонтæм фæсхохæй, –

Ивылд доны амæттаг фæци…

 

Цас адæм æрæмбырд и сæ кæртмæ! –

Аууæтты чыртæй-чыртæй лæууынц.

Лæгтæ – джих, æркъул кодтой сæ сæртæ,

Устытæ æргом-сусæг кæуынц…

 

Фесты конд хæрзбонгæнæн ныхæстæ,

Табæт февзæрд уæхсчытыл æваст.

Ивæзы мæрддзыгой бардз йæ фæстæ,

С’ алкæмæн дæр зæхмæ у йæ каст.

 

Азæлы дзыназгæ хъæлæс: «Ма-ма!…»

Уый – йæ сидзæр хъæбултæй сæ иу

Ризгæ мыртæй ацарæзта хъама

Æмæ фады алкæмæн йæ риу…

 

Куры кæд, мыййаг, зæгъгæ, мын буц мад

Бацамона иунæг хатт уæддæр

Галиу хъуджы къæртамæ куыд дуца,

Фæлæ… мардмæ нал фæхъуысы хъæр…

 

…Мад кæны сæхицæй дардæй-дарддæр,

Чызг – хъæрахст… Æниу цы ‘мбулы, кæд

Удхæссæгау дурзæрдæ у мад дæр,

Ингæнмæ куы фæцæйцæуы, уæд?..

23.04.2002

Æрмæджытæ мыхуырмæ бацæттæ кодта ГÆЗЗАТЫ Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.