Æвæццæгæн, сфæлдыстадон адæймаджы лæгæй-лæгмæ зонай, сæйраг уый нæу, сæйраг у йе сфæлдыстадимæ базонгæ уæвын. Фыссæгæн йæ удыхъæд, йæ миддуне базонæн ис йæ уацмысты руаджы дæр. Дзугаты Георги, Нафи, Бестауты Георги, Дзуццаты Хадзы-Мурат, Джыккайты Шамил æмæ бирæ æндæр курдиатджын фысджытæ цы адæммæ уой, уыдон чысыл нымæц æмæ мæгуыр не сты. Арæх фехъусæн вæййы ахæм ныхæстæ, Дзугаты Георги, дам, æрмæст йæ поэмæтæ «Бындзыг» æмæ «Уарзт» куы ныффыстаид, уæд-дæр йæ ном баззадаид ирон литера-турæйы классикæй. Уыцы ныхасыл разы дæн æз дæр. Хорз æй хъуыды кæнын, уæлдæр кълæсты, ацы поэмæтæ цы чингуыты уыдысты, уыдон куыд раскъæф-баскъæф кодтам æмæ сæ кæрæдзийæн куыд кастыстæм. Абоны онг дæр, «Бындзыг» кæсгæйæ, мæ цæссыг нæ уромын, «Уарзт»-ы амындтытæ та зондзонæн уыдысты бирæ æрыгон чызджытæн.

Поэт, прозаик, публицист, драматург, тæлмацгæнæг, Хетæгкаты Къостайы æмæ бирæ литературон премиты лауреат Дзугаты Георги рох нæу йæ адæмæй. Стыр кад ын кæнынц Иры дзыллæтæ. Уый та ныр дæр рабæрæг, 7-æм апрелы фыссæджы 105 азы юбилейы кадæн Дзæуджыхъæуы центрон библиотекæйы цы мадзал арæзт æрцыд, уымæй дæр. Бацæттæ йæ кодта Цæгат Ирыстоны культурæйы сгуыхт кусæг, амынд библиотекæйы бæстæзонæн хайады сæргълæууæг Дзугаты-Мурасты Риммæ. Изæрмæ æрбацыдысты фысджытæ Ходы Камал, Дасохты Музафер, Джусойты Нафи, Агънаты Гæстæн, Соттиты Риммæ, ахуыргонд Цыбырты Людвиг, Хуссар Ирæй йæ фырт Дзугаты Къоста, Парламентон комитеты сæрдар, фыссæг Гæбæраты Юри, Георгийæн йæ хæрæфырттæ Басаты Левæ æмæ Батраз, йæ иннæ хæстæг æмæ къабæзтæ, мыггаджы минæвæрттæ, йе сфæлдыстадæн табугæнджытæ, скъоладзаутæ… Мæскуыйæ сæрмагондæй ссыд Георгийы чызджы чызг Катауты Маринæ.

Изæр байгом кодта æмæ фыссæджы цард æмæ сфæлдыстады тыххæй бæстон радзырдта Мурасты Риммæ. Куыд банысан кодта, афтæмæй кур-диатджын поэт Дзугаты Георги æнувыд æмæ хъаруджынæй фæлæггад кодта Ирыстоны литературæйы рæзтæн, йæ алы къабазмæ йын бахаста бæркад-джын æмæ цæстуарзон хуынтæ. Йæ диссаджы уацмыстæ йын абон дæр цымыдис æмæ зæрдиагæй кæсынц ирон, гуырдзиаг, уырыссаг æмæ æндæр адæмты мингай чиныгкæсджытæ. Георгийы уды баиу сты æрдзон курдиат, адæмон зондахаст. Уыд уæздан æмæ рæсугъд адæймаг. Æдзухдæр сыгъд ирон аив дзырды сфæлдыстадон куырдадзы цæхæры.
Георгийы диссаджы сфæлдыстады тыххæй, стæй йæ мысинæгтæ дзырдта Нафи. Цæрæнбонты иу цæды галтау иумæ фæцыдысты сфæлдыстадон фæндæгтыл æмæ йын йæ мæлæт чысыл маст нæ уыд. «…Цалынмæ нæ базæронд дæн, уæдмæ арæх цыдтæн Цхинвалы уæлмæрдмæ, уым ме ’мгæрттæй ныгæд чи сты, уыдоны уынынмæ. Арæх-иу лæууыдтæн Джиуæры цырты уæлхъус. Уæлион дунейы фылдæр хатт нæ фембæлд зарæгыл фæуд кодта. Ныр дæр-иу мæм афтæ каст, æмæ мыл йæ зарæг хъуысы дæлзæхæй, æмæ-иу ын мæ миднымæры йæ зарæгæн бахъыр-ныдтон,»- дзырдта Нафи.

Фыссæджы тыххæй ма сæ мысинæгтæ дзырдтой Дзасохты Музафер, Ходы Камал, Мамсыраты Тасолтан, Цыбырты Людвиг, Гæбæраты Юри. Юри куыд загъта, афтæмæй йæхи амондджын хоны, Георгийы чысылæй фæстæ-мæ кæй зыдта, уымæй. Уый сæм арæх цыд хæдзармæ дæр. Йæ фыды куырдиатмæ гæсгæ-иу йемæ акодта уазджытæ дæр. «Алчидæр æй зоны, Георгийы æмдзæвгæтыл фыст зарджытæ æцæг адæмон кæй систы. Зындгонд зарджыты уарзынц, аргъ сын кæнынц адæм. Фæлæ ныртæккæ цы зарджытæ фæзынд, уыдон Георги куы фехъусид, уæд мæрдты цалдæр мард акæнид. Тæхуды, æмæ-ма Ирыстоны Георгийы хуызæн хистæртæ куы уаид», — загъта Юри.

Кæронбæттæны изæры архайджытæн, организатортæн зæрдæбын бузныг загъта Георгийы фырт Къоста æмæ йæ фыды æмдзæвгæтæй цалдæр бакаст, уый фæстæ библиотекæйæн балæвар кодта чингуытæ. Мыггаджы номæй ма адæмæн арфæ ракодта Дзугаты Хъазыбег дæр.

Мадзал сæ аивадæй барæсугъд кодтой героикон зарæггæнджыты къорд «Фарн». Уыдон акодтой цалдæр зарæджы, уыдонæй иу — Георгийы уарзон зарæг «Къостайы зарæг». 36 æмæ 38-æм скъолаты ахуырдзаутæ радзырдтой поэты æмдзæвгæтæ, Дзаттиаты Уаккайы чызг Зæлинæйы разамындæй Георгийы зарджытæй цалдæр азарыдысты. Адæм экраныл федтой Георги æмæ йæ бинонты къамтæ.

Дзугаты-Мурасты Риммæ стыр арфæйаг куыст бакодта. Фондз азы размæ фыссæджы цард æмæ сфæлдыстады тыххæй йæ сæдæ азы юбилеймæ рауагъта брошюрæ ахæм номимæ: «Дæ Ирæн цырагъдар фæцыдтæ, — хæрзиуæг ын уарзта дæ цæст». Ахæм брошюрæ ныр та йæ 105 азы юбилеймæ рауагъта «Фламингойы базырау рæсугъд сфæл-дыстад», зæгъгæ.

Мадзалы организацион хъуыддæгты стыр æххуыс бакодта Георгийы чызг Дзерассæ дæр.

Дзугаты Георгийæн мыхуыры рацыд цыппор чиныгæй фылдæр. Алыхуызон литературон жанрты самадта æнусты цыртдзæвæн æрмæст йæхицæн нæ, фæлæ йæ рæсугъд кæстæртæн, Дзугаты фæрнджын мыггагæн, йæ удæй фылдæр кæй уарзта, уыцы Ирыстонæн. Йæхи загъдау:

Æз уарзын цард — рæстаг æмæ хуымæтæг.
Мæ Ир вæййы кæдфæнды дæр мæ мæтаг.
Фæлæ йын хорз цы саразон, — нæ зонын…
Йæ разы ’рмæст æркъæдз кæнын мæ зоныг…

ДЖУСОЙТЫ Нинæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.