Гасситы Знауыр ирон адæмы ʻхсæн зындгонд у, куыд Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахаддзинады аразджытæй сæ иу, йæ сырæзт æмæ размæцыды хъуыддагмæ йæ хайбавæрд стыр кæмæн у, ахæм адæймагæй. Гасситы Знауырæн ис хъæздыг биографи. Уый рацыдис царды зын фæндæгтыл æмæ уымæ гæсгæ, алыхатт дæр раст аргъгæнæг уыдис дуджы фæзилæнтæн.

Цытджын мадзалмæ æрбацыдысты нæ республикæйы разамонджытæ РХИ-йы Президент Бибылты Анатолийы сæргълæудæй, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов, Нæ республикæйы раздæры Президент Тыбылты Леонид, интеллигенцийы æмæ æхсæнады минæвæрттæ. Сæрмагондæй цытджын мадзалмæ хуынд æрцыдысты Знауырæн йæ бинонтæ дæр, уыцы нымæцы Гасситы Знауырæн йæ фырты фырт Гасситы Знауыр дæр Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы æххæстбарджын минæвар.

Мадзал бацæуæн ныхасæй байгом кодта Хуссар Ирыстоны Парламенты цыппар æрсидты депутат Кокойты Тъарзан. Уый адæмы зæрдыл æрлæууын кодта Гасситы Знауыры æвæллайгæ архайд, йæ хорз адæймагон миниуджытæ, йæ уæздандзинад. Адæм адæм уæд вæййынц, æмæ се ʻхсæн кадджындæр, уæздандæр, фæрнджындæр адæймæгтæн кад куы фæкæнынц, уæд. Ирон адæммæ бирæ ис кад чи скодта йæ куыстæй, йæ архайдæй, йæ ахастæй адæммæ æмæ не ʻппæтæн йæхи чи бауарзын кодта, ахæм адæймæгтæ. Гасситы Знауыр дæр хауы уыцы адæймæгтæм. Знауыр йæхи куы базыдта, уæдæй фæстæмæ цардис Хуссар Ирыстоны. Хъыг кодта адæм цæуыл хъыг кодтой, ууыл æмæ цин кодта адæмы амондыл, хæрзиуджытыл. Мæн стыр бузныг зæгъын фæнды нæ Президент Бибылты Анатолийæн, Хицауад æмæ Парламентæн абон Гасситы Знауыры хуызæн адæймæгтæн сæ ном æнусон чи кæны», – загъта Кокойты Тарзан.

Цытджын караул официалон æгъдауæй хъынцъымы музыкæйы зæлтимæ бакодтой мемориалон фæйнæг. Президент Бибылты Анатоли æмæ мадзалмæ æрæмбырдуæвджытæ номарæн фæйнæджы раз сæвæрдтой дидинджытæ.

Зынгæ политикы цард æмæ архайды тыххæй ма-дзалы раныхас кодта Дзиццойты Юри. «Мах абон æрбамбырд стæм æцæг лæг, æцæг патриот чи уыдис, Ирыстонæн стыр кад чи скодта æмæ бирæ хæрзты чи бацыд, ахæм адæймаджы тыххæй. Хуссар Ирыстоны уæззаудæр рæстæджыты нын президент нæма уыдис, мах уыдыстæм парламентон республикæ.  Æппæт  хъуыддæгты дæр уæз иууылдæр æрæнцадысты Знауыры уæхсчытыл. Æхсæв æмæ йын бон дæр нæ уыдис, афтæмæй куыста, лæггад кодта йæ райгуырæн Ирыстонæн. Зæрдæ йæм цæмæй фехсайдтаид, ахæм хъуыддагæй йæм бынтон дæр ницы рахатыдаис. Æппæты разæй-иу æрбацыд куыстмæ æмæ-иу иууыл фæстагмæ ацыдис хæдзармæ. Уыдæттæ уыдтой нæ адæм дæр. Иу хъуыддаг мæ фæнды зæгъын гуырдзы фыццаг хатт куы æрбабырстой, уæд адæмæй алчи нæ зыдта йæхи куыд хъуамæ дара, уый. Гасситы Знауыр фыццаг бонæй фæстæмæ зыдта цы хъæуы аразын æмæ куыд хъæуы архайын. Уæдæй æрлæууыд тох чи кодта, уыцы лæппуты фарсмæ. Уый уыдис, мæнмæ гæсгæ, йе ʻппæты стырдæр сгуыхтдзинад. Стæй ма уый дæр æмæ йе ‘мкусджытæн практикон æгъдауæй кæй уыдис ахуыргæнæджы хуызæн. Кæддæриддæр сæ здæхта раст куыст æмæ фæндагмæ æмæ сабыргай нæ паддзахад аразыны хъуыддæгтæм бавнæлдтам… Тынг æхсызгон хъуыддаг у, абон мах йæ номыл кады фæйнæг кæй бакодтам, уый. Уырны мæ, æрцæудзæн ахæм рæстæг æмæ Гасситы Знауыры номыл уынгтæ æмæ скъолатæ дæр уыдзæн», – загъта Дзиццойты Юри.

Ныхасы бар лæвæрд æрцыд нæ бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатолийæн. Уый, фыццаджыдæр банысан кодта Ирыстоны политикæйы патриархы алыварсон архайд æмæ куырыхондзинад. «Гасситы Знауыр Никъалайы фырт нæ мысынады баззайдзæнис куыд стыр гоймаг æмæ ирон политикæйы патриарх, афтæ. Мæнмæ гæсгæ, никæмæй ферох уыдзысты уымæн йæ цыргъзонддзинад, йæ æгæрон фæндвидардзинад, йæ хъазæгой æмæ фæлмæн ныхæстæ, кæцытæ адæймаджы рахизын кодтаиккой исты æвзæр æмæ æнкъард хъуыдытæй. Уый-иу ссардта ахæм дзырдтæ, кæцытæ-иу ныфс уыдысты адæймагæн. Уымæн йæ архайд, йæ къахдзæфтæ Ирыстоны хæрзæбоны тыххæй сты раппæлыны аккаг. Нæ республикæ иууыл уæззаудæр уавæры куы уыдис, уæд Гасситы Знауыр уыд уыцы гуылфæны æмæ бавзæрста уæззау дуджы сау тар. Уæд мах хъуыдис æхсардзинад равдисын æмæ Уæрæсейы Федерациимæ æнгом ахастытæ саразын уыцы политикон архайджытимæ, кæцытæ æххуыс кодтой Хуссар Ирыстонæн йæ зын уавæры. Хъуыдис ахæм ахастыты саразын Уæрæсеимæ, цæмæй сомбон радтаиккой фæстиуджытæ. Æмæ уыцы фæстиуджытæ та мах ныридæгæн федтам, нæ хæдбардзинад нын Стыр Уæрæсе куы банымадта, уæд. Æз хорз хъуыды кæнын уый æмæ мах куы райстам Уæрæсейы æмбæстаджы паспорттæ, уæд Гасситы Знауыр хуымæтæг дзырдтæй фæсидт адæммæ. Схуыдта сæ зынаргъ уæрæсейæгтæ æмæ адæм сæ цины ‘нкъарæнтæ равдыстой тыхджын къухæмдзæгъдæй. Уыцы хуымæтæджы дзырдтæй уый бахахх кодта, зæгъгæ, нæ Уæрæсе кæй нæ ферох кодта, нæ фарсмæ кæй сты æмæ нæ кæй хъахъхъæнынц.

Гасситы Знауыры ном сæнусон кæнын та у æнæмæнг хъуыддаг. Политикæйы махмæ ис ахæмтæ, кæцытæй исæм дæнцæг æмæ сæ фæзмæм сæ хæрзиуæгон хъуыддæгты. Гасситы Знауыр уыд ахæм, кæцы зæрдæйæ уарзта йæ адæмы æмæ йæ райгуырæн бæстæ, уыд стыр патриот. Уый та ууыл дзурæг у æмæ политикæйы кæй фæархайы рæстаг адæймæгтæ дæр. Гасситы Знауыр нæ зæрдæйы баззайдзæн, куыд патриот, куыд политик, кæцы йæхи никуы ницæмæй счъизи кодта», – загъта Бибылты Анатоли.

Уæрæсеимæ нæ ахастыты тыххæй Гасситы Знауырæн йæ фæстаг интервьюйы иу хаймæ байхъусын кодтой æрæмбырдуæвджыты, цыран загъдгонд æрцыдысты ахæм ныхæстæ, зæгъгæ, ирон адæмæн сæ амонд ис æрмæстдæр Уæрæсеимæ.

Цхуырбаты Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.