2017 азы 9 апрелмæ нысангонд Республикæ Хуссар Ирыстоны президентон æвзæрстытæ куыд хæстæгдæр кæнынц, афтæ бæстæйы уавæр кæны карздæр. Афтæ зыны, цыма бæлвырд тыхтæ æргом сæ ных сарæзтой уавæр скарз кæнынæн бындур æрæвæрынмæ. Цыфæнды аргъæй дæр хицаудзинад сæхи бакæнын æмæ сæ хисæрмагонд пайда райсыны сæраппонд уыдон аразынц ахæм къахдзæфтæ, уæззау фæстиуджытæм чи æркæна, æмæ та ногæй Хуссар Ирыстоны политикон кризисы чи ныппара.

Махмæ тæссагдзинад æвзарын кæны уый, æмæ æрæджы цы æвзæрстыты агъомæйы цæдис сæвзæрд Бибылты Анатоли æмæ Кокойты Эдуарды æхсæн, уыдоны ‘рдыгæй æдзух кæй хъуысы, сабырдзинад æмæ закъондзинад бахъахъхъæнынмæ чинæ æркæндзæн, ахæм сидтытæ. Сæрмагондæй, закъонмæ гæсгæ регистрацигонд чинæ æрцыд, РХИ-йы уыцы экс-президент Кокойты Эдуард йæхицæн бар дæтты, цæмæй æргом æртхъирæн кæна хицауадон структурæтæм æмæ æвдисы æнæзакъонон акцитæ уадзыны хъæппæрис.

Æрæджыйы онг дæр ма Кокойты Эдуард тынг зæрдæбынæй æххуысы зæрдæ æвæрдта архайæг Президентæн. Ныртæккæ уый, раздæр сæ позицитæ цæхгæр ныхмæвæрд кæимæ уыдысты, уæлдайдæр та РХИ-йы хицауиуæгады бахъахъхъæныны æмæ йæ рæзты фарстыты, уыцы Бибылты Анатолийæн сиды хъæлæс дæттынмæ. Уый у æргом æвдисæн, Кокойты Эдуардæн кæй ницы уæлдай у, кæимæ баиу уа, æрмæст йæ нысан йæ къухы бафта, уый йедтæмæ. Ууыл дзурæг сты йе ‘нæбындур провокацион ралæудтытæ бæстæйы сæргълæууæг æмæ йæ командæйы ныхмæ.

Фидарæй зонæм, æнæмæнгхъæуæг кæй у, цы хорз ивддзинæдтæ нæм цæуы, уыдон бахъахъхъæнын æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны хорз размæцыды фæндагыл дарддæр ацæуын. Мах хорзыл нымайæм архайæг Президенты равзæрст фæндаг æмæ сидæм æппæт æмбæстæгтæм дæр, цæмæй 9-æм апрелы сæ хъæлæстæ радтой Тыбылты Леонидæн, сабырдзинад æмæ фарны сæраппонд!

Мах хъуыдымæ гæсгæ, ацы æвзæрстытæ хъуамæ ног æвдисæн суой, Республикæ Хуссар Ирыстонæн ацы этапыл размæцыды фадат кæй ис, куыд хæдбар паддзахад, æмæ йæ хицауиуæгад бахъахъхъæнын æмæ дарддæры рæзт дæр æххæст кæй цæудзæн Уæрæсейы Федерациимæ интеграци æмæ æнгом кæныны фæрцы.

 

Чилæхсаты Владимир – Парти «Адæмон иудзинад»-ы сæрдар;

Æлборты Алан – Парти «Ныхас»-ы сæрдар;

Джиоты Аллæ – Парти «Ирыстон – сæрибардзинады фæзуат»-ы сæрдар;

Гаглойты Роберт – Ирæтты уæлдæр совет «Стыр ныхас»-ы Хуссар Ирыстоны хайады къухдаруæггæнæг;

Коцты Станислав – Коммунистон партийы 1-аг секретарь;

Санахъоты Давид – парти «Ног Ирыстон»-ы раздзог;

Гасситы Домбай – парти «Родина»-йы сæрдар;

Гобозты Вячеслав – парти «Фыдыбæстæ»-йы сæрдар;

Плиты Мадинæ – Фæцæфуæвджытæн æххуысы фонды къухдариуæггæнæг.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.