Сфæлдыстадон адæймаджы куыст кæддæриддæр вæййы уæлдай аргъкæнинаг, уымæн æмæ йæ архайды æвдыст фæцæуы нацийы цардуаг, йæ миддуне, йæ истори… Нацийы хæзнаты иу хайыл нымад цæуынц нæ фысджыты аив æвзагæй фыст уацмыстæ. Уыдонæй бирæтæ ирон литературæйы æрцахстой аккаг бынат, се сфæлдыстад  алы дуджы дæр у актуалон. Цард цæуы æмæ ивы фæлтæрæй-фæлтæрмæ, дуг дæр ивы æмæ ныры царды дæр нæ литературæйы стыр хайбавæрд кæмæн ис, ахæмтæ бирæ сты. Алыгъуызон темæтыл аив фыст уацмыстæй адæймаджы зæрдæйæн æхцондзинад кæй хæссынц, уымæ гæсгæ рæстæгæй-рæстæгмæ сæ куыстæн аргъ æрцæуы.

12-æм июлы киноконцертон зал “Чермен”-ы фыццаг хатт цытджын æгъдауæй лæвæрд æрцыд литературон преми “Булæмæргъ” æвзонг автортæ Плиты Инал, Годжыцаты Нелли æмæ Бестауты Аланæйæн.

Литературон преми «Булæмæргъ» дæттыны сæйраг нысан у ирон æвзаг рæзын  æмæ популярондæр кæнын. Йæ бындурæвæрджытæ сты Хуссар Ирыстоны минæвар Уæрæсейы Федерацийы æмæ гом акционерон æхсæнад «Стройцентр».

Литературон преми  лæвæрд цæуы, ирон æвзагыл чи фыссы æмæ ирон литературæмæ аккаг хайбавæрд кæмæн ис, ахæм автортæн, кæцыты руаджы чиныгкæсджыты æмæ æхсæнадæн сæ хъуыды здæхт цæуы литературæмæ. Преми лæвæрд цæудзæн  æрвылаз дæр.

Литературон преми «Булæмæргъ» райсынмæ раразмæгонд цæудзысты ирон æвзагыл фыст уацмыстæ, афтæ ма æндæр æвзæгтыл фыст уацмыстæ, кæцытæ тæлмац æрцыдысты ирон æвзагмæ, раразмæгонд ма цæуынц радзырдты, уацауты, æмдзæвгæты æмбырдгæндтæ.

«Булæмæргъ»-ы премитæ радтыны цытджын мадзалмæ хуынд æрцыдысты Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти, Уæрæсейы Федерацийы æххæстбарджын минæвар Хуссар Ирыстоны Къарджиаты Эльбрус, Абхазы республикæйы минæвар Хуссар Ирыстоны Елбачиты Алан, РХИ-йы Никарагуайы Уæлвæткон æмæ æххæстбарджын минæвар Хуан Эрнесто Васкес,  РХИ-йы  Венесуэлæйы  минæварады  хъуыддæгты рæстæгмæ бæрнджын Альваро Энрике Санчес Кордеро.

Преми «Булæмæргъ» радтыны церемони байгом нæ адæмы нæртон кафт «Симд»-æй, кæцы сæххæст кодта Цхинвалы районы администрацийы культурæйы хайады ансамбль «Амонд».

Мадзаламонæг Дзуццаты Тамерлан æрæмбырдуæвджыты базонгæ кодта преми дæттыны нысанимæ. Уый фæстæ сценæйыл раныхас кодта премийы бындурæвæрджытæй сæ иу – Æзнауыраты Вячеслав. Уый банысан кодта, зæгъгæ, преми радтыны хъуыддаг у стыр бæрæгбоны хуызæн æмæ йæ бафæндыд, цæ-мæй йæ номинанттæ азæй-азмæ фылдæр   кæной.

«Булæмæргъ»-ы фыццаг преми лæвæрд æрцыд  Плиты Иналæн. Уый ирон æвзагмæ ратæлмац кодта зынгæ испайнаг, англисаг, болгайраг æмæ æндæр адæмты номдзыд поэтты æмдзæвгæтæ, куыд, зæгъæм, Рубен Дарио, Альба Торрес, Андрес Элон Бланко æмæ æндæрты. Плиты Иналы æрæмбырдуæвджытæн  базонгæ кодта ХИПУ-йы ректор Тедеты Вадим. Уый сæйраджыдæр бузныг загъта премийы бындурæвæрджытæн. Премийы фыццаг номинант Плиты лæппуйы тыххæй та загъта, зæгъгæ, йæ райгуырæн бæстæйы раз бирæ сты йæ лæггæдтæ, уый æрмæст тæлмацы куыст нæ кæны, фæлæ ма Ирыстон уæззау хæстон уавæры куы уыдис, уæд Инал, журналист уæвгæйæ, зонгæ кодта нæ хабæрттимæ фæсарæнты дæр.  Ныр дæр РХИ-йы Президенты администрацийы сæргълæууæджы æххуысгæнæгæй кусгæйæ, йæ хæстæ æххæст кæны цæсгомджынæй.

Инал дæр йæ ныхасы банысан кодта, зæгъгæ  йын æхсызгон у, ахæм стыр хорзæх кæй райста, уый. Сценæйыл Иналæн преми радта Хуан Эрнесто Васкес. Стæй фыццаг премийы хицау бакастис йæ тæлмац æмдзæвгæтæ.

Преми «Булæмæргъ»-ы дыккаг лауреат та ссис Годжыцаты Нелли. Æрæмбырдуæв-джытæн æй базонгæ кодта РХИ-йы Парламенты Национ политикæ, культурæ, дин, ахуырад, зонад æмæ дзыллон информацийы фæрæзты фæдыл комитеты сæрдар Гæбæраты Юри. Уый загъта, зæгъгæ, абоны уагъдцæуæг мадзалы йæ зæрдæ цинæй байдзаг ис.

Годжыцаты Неллийы тыххæй та загъта ахæм хъуыды: «Нелли у æцæг поэт, ис ын йæхи философи, йæхи уынынад. Уæларвон зæдтимæ ныхас кæна, æви зæххон адæмимæ, алкæй тыххæй дæр ын  ис йæхи æнкъарынад. Гъе, æмæ Неллийæн мæ зæрдæ зæгъы, ацы преми йын йе сфæлдыстадон арæхстдзинадыл ноджы базыртæ цы басадза!».

Годжыцаты Неллийæн преми радтынмæ сценæмæ хуынд æрцыдис Альваро Энрике Санчес. «Булæмæргъ»-ы дыккаг премийы хицау æрæмбырдуæвджытæн бакастис йæхи фыст æмдзæвгæ.

«Булæмæргъ»-ы æртыккаг премийы лауреат та ссис Цæгат Ирыстоны горæт Беслæны скъолайы ахуыргæнинаг Бестауты Аланæ, кæцыйæн йе ‘цæг райгуырæн бæстæ у Хуссар Ирыстон. Премийы лауреаттæй иууыл æв-зонгдæр кæй уыдис, уый уæлдай æхцон-дзинад æрхаста мадзалмæ æрбацæу-джытæн. Æрæмбырдуæвджытæн æй базонгæ кодта профессор Плиты Гацыр. Уый бирæ хорз хъуыдытæ загъта ацы æрыгон чызджы тыххæй. Мадзалы тыххæй та загъта, зæгъгæ, ирон æмбисонд куыд зæгъы, алчи, дам, йæхи гуылы бын æндзары, – цæмæй махæн нæ гуыл хомæй ма баззайа, уый тыххæй ахæм мадзæлттæ уадзын у æнæмæнгхъæуæг. Уымæн æмæ нæ алкæмæн дæр йæ зæрдæйы хъуамæ уа иу ахсджиаг фарст  – фидæны не ‘взаг цы бауыдзæнис, – загъта Плиты Гацыр.

Бестауты æвзонг чызгæн та хорзæх йæ къухтæм радта Къарджиаты Эльбрус. Стæй сын уый дæр бакастис йæхи фыст æмдзæвгæ, цыран куырдта Стыр Хуыцауæй, цæмæй йын йæ адæмы ма фæкæна фыдвæндаг.

Хорзæхтæ дæдтыны церемонийы фæстæ ма бузныджы æмæ арфæйы ныхæстæ загъта РХИ-йы Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти дæр. Сæ музыкалон номыртæй ма-дзалы барæсугъд кодтой зарæггæнæг Биазырты Аллæ, фольклорон инструментты къорд «Къона», РХИ-йы Президенты цур лæппуты хор, Хъуылымбегты Сослан, Алла Кокион æмæ æндæртæ.

Туаты Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.