Æнæрæстмæ бинонты сывæллæтты хъомыл кæныны проблемæтыл дзырд цыди Президент Тыбылты Леонидæн Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ Ахуырады министрадтимæ, стæй горæт Цхинвалы администраци æмæ Республикæйы барадхъахъхъæнæг органтимæ.

Æмбæлон службæтимæ ацы æмбырд Президент ауагъта, 21 апрелы ПТРК «Ир»-ы эфиры ног хабæртты цы сюжет равдыстæуыд, уый фæдыл. Уыцы ран дзырд цыди æнæрæстмæ бирæсывæллонджын бинонты тыххæй, цыран ис дзидзидай сывæллон дæр. Æнахъомты хъуыддæгты фæдыл горæты службæтæ ныййарджытæй ахастой сывæллæтты, уымæн æмæ уыдон уыдысты æнæркаст æмæ антисанитарон уавæрты.

Президент банысан кодта, зæгъæ, кæд республикæйы ахæм бинонтæ бирæ нæй, уæддæр ацы фарст у лæмбынæг æркæсын æмæ æмбæлон комплексон фæндæттæ рахæссыны аккаг.

«Мах традицион æхсæнады цæрæм, æмæ ахæм цаутæ иугæйттæ кæд сты, уæддæр æхсæнады расайынц карз æнкъарæнтæ, — загъта уый. Мах хъуамæ аскъуыддзаг кæнæм, цы саразын хъæуы, уый, кæд ис, сабитæ æнæркастæй кæм зайынц, æмæ рæстæгæй-рæстæгмæ сæ цардæн тæссаг чи у, ахæм æвзæр уавæртæ кæм сæвзæры, ахæм æнæрæстмæ бинонтæ, уæд».

Æнахъомты хъуыддæгты фæдыл органты кусджытæ банысан кодтой, зæгъгæ, республикæйы æмбæлон хъусдарæг орган кæй нæй, уый аххосæй ацы хæдзары сывæллæттæ арæх бахауынц, се нæниздзинад æмæ сæ удæн дæр тæссаг уавæрты, уымæн æмæ сæ ныййарджытæ арæх кæнынц фыднозт, сабиты та ныууадзынц æвæгæсгæй.

«Сæрмагондæй ацы конкретон бинонты ’хсæн сывæллæттæ ахæм фыдаудæн уавæрты бахауынц арæх, фæлæ республикæйы сæрмагонд хъусдарæг органтæ кæй нæй, уый аххосæй махæн нæ бон нæу ныййарджытæн сæ бартæ айсын, сывæллæтты байсын, кæд сывæллæтты рæстæгмæ ракæнæм, æмæ ныййарджыты та бæрндзинадмæ æркæныныл архайæм, уæддæр», — банысан кодта г. Цхинвалы Мидхъуыддæгты управленийы æнахъомты æхсæн фæткхалæнтæ ма руадзыны æмæ æруромыны хайады хистæр Гатайты Лали.

Социалон фарстыты фæдыл Президенты уынаффæгæнæг Сиукъаты Родион фехъусын кодта æрæмбырдуæвджытæн, ныртæккæ цæттæ кæй у æмбæлон закъоны проект æмбæлон хъусдарæг орган саразыны тыххæй. Уый скъуыддзаг кæндзæн уæлдæр дзырд кæуыл цыди, уыцы фарстытæ. «Закъоны проект цæттæ у ныридæгæн, æмæ рæхджы лæвæрд уыдзæн Хицауады рабадтмæ», — загъта уый.

Бæстæйы сæргълæууæг бахатыд уыдонмæ, цæмæй ацы фарстыл куыст æрцæуа æвæс-тиатæй, æмæ банысан кодта, зæгъгæ, абон къухфыст æрцæудзæн, Президенты цур сабиты барты фæдыл Æххæстбарджыны тыххæй Барамындыл, æмæ варианты хуызы, бакусын хъæудзæн хъусдарæг органты хæстæ уыцы институтыл сæвæрыны фарстыл.

Уымæй дарддæр ма, Президент радта ахæм сабиты рæстæгмæ бавæрыны фарстыл ба-кусыны хæс, уымæн æмæ ныртæккæ сæ ныййарджытæй цы æнахъом сабиты байсынц, ахæмты бавæрыны иунæг бынат у Республикон рынчындон. Президент банысан кодта, зæгъгæ, хъæуы æркæсын Цхинвалы скъола-интернат æмæ Ленингоры сывæллæтты хæдзары бындурыл иу цалдæр хатæны бацалцæг кæныны фарстмæ ныййарджытæй цы æнахъом сабиты байсынц, уыдон рæстæгмæ бавæрыны тыххæй. «Мах уый бар нæ ратдзыстæм, цæмæй сывæллæттæ дæргъвæтин рæстæджы баззайой медицинон уагдоны, уый ахъаз нæ уыдзæн сæ раст хъомыладæн, — загъта Президент. — Æнæмæнгхъæуæг у уый сæраппонд æмбæлон бæстыхæйттæ бацæттæ кæнын, æмæ сабиты зылдцух ма ныууадзын. Бахъуыды рæстæджы рахицæн кæнын хъæудзæн уæлæмхас штаттæ дæр».

Ацы фарстытæй дарддæр ма дзырд цыди ахуырад æмæ æнæниздзинад хъахъхъæныны æндæр фарстытыл, афтæ ма республикæйы демографион уавæр фæхуыздæр кæныны фарстыл дæр.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.