Бибылты Анатоли вертолетыл атахт æмæ йæхи цæстæй федта Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн паддзахадон арæн. Президент тахт, арæны хуссар-скæсæн фадыджы Дменисы хъæуæй Знауыры районы арæнгæрон хъæутыл æмæ дарддæр Дзауы районыл, Мамысаны æфцæджы – Хуссар Ирыстон, Уæрæсе æмæ Гуырдзыстоны арæнтæ кæм иу кæнынц, уый онг. Президентимæ ма уыдысты РХИ-йы Паддзахадон Æдасдзинады комитеты сæрдар Михаил Шабанов æмæ Паддзахадон Æдасдзинады комитеты Арæнгæрон службæйы къухдариуæггæнæг Валерий Зозуля.

Атахты фæстæ уынаффæ цыдис арæн хъахъхъæныны фæдыл истцæуæг мадзæлттыл.

Бибылты Анатоли ма атахты рæстæджы федта, электроадæттæн хаххыл аваритæ кæм æрцыдысты, уыцы фадыджы.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.