Цытджын æмфыдыбæстæйонтæ!

Зæрдæбын арфæ кæнын æппæт ирон адæмæн Джиуæргуыбайы бæрæгбоны цытæн!

Ацы стыр бæрæгбон иу кæны Ирыстоны цæгат æмæ хуссары цæрæг алы нациты минæвæртты, æввахс æмæ дард фæсарæнты æппæт не ‘мфыдыбæстæйонты.

Нæ адæм сæдæгай азты дæргъы цы сыгъдæг æууæнкдзинад хъахъхъæ-нынц, уый адæмы зæрдæты дзаг кæны циндзинадæй, фидæны ныфс æмæ æууæнкдзинадæй. Нæ адæмы æнæхъæн историйы дæргъы, иууыл уæз-заудæр минутты, фыццаг рады хæстон архайдтытимæ баст цауты рæстæ-джы, сыгъдæг Уыстырджимæ кувгæйæ, мах хъахъхъæд цыдыстæм. Нæ адæмы историон фæндагыл Уастырджи хъахъхъæдта мах æмæ лæвæрдта нæ хæстонтæн уæлахиз.

Æнæхъæн сыгъдæг къуырийы алы ирон хæдзары дæр хъæрæй кувдзысты Уастырджийæн, цæмæй нын знæгтæй бахъахъхъæна нæ фыдыбæстæ, цæмæй фыдбылызтæй хиза нæ бæстæйы, цæмæй йын амона хуыздæр фæндæгтæ.

Уадз, Уастырджи мах кæнæт царды фæндагыл, нæ зæрдæты нын лæгдзинад æмæ æхсардзинад уадзгæйæ. Уадз,  нæ Райгуырæн бæстæйы нын хъахъхъæнæд фыдбылызтæ æмæ фыдбонтæй! Уадз, ацы бæрæгбонты ноджы тынгдæр æрбангом кæнæд мах. Уадз Уастырджи адæмы баууæндын кæнæд сæ тыхтыл, баххуыс сын кæнæд цахæмфæнды зынты ныхмæ фæлæууынæн, снысангонд нысæнттæ къухты бафтын кæнынæн!

Джиуæргуыбайы хорзæх уæ уæд, мæ зынаргъ æмбæстæгтæ!

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.