РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли фембæлд Паддзахадон тырысайы  æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны  бæрæгбонтæм Италийæ æрцæуæг делегациимæ.

Делегацийы сконды уыдысты Италийы РХИ-йы минæвар Марио Мурджа, журналист, политолог Джульетто Кьеза, Pandora TV-йы сæйраг редактор Маргерита Фурлан, афтæ ма эксперттæ æмæ амалиуæггæнджытæ.

Бибылты Анатоли сын бузныг загъта Хуссар Ирыстоны паддзахадон бæ-рæгбонты хайад райсыны сæ фæндоны тыххæй.

«Махмæ фыццаг хатт æрцыд ахæм егъау делегаци Италийæ. Бузныг уын рæстæг кæй ссардтат нæ бæрæгбонты циндзинад немæ адих кæнынæн. Республикæйы бон у Райгуырæн бæстæйы хъахъхъæнджыты тугæй æлхæд æмæ фыццаг сæвзæрст парламенты депутатты хъайтарон бавæрды фæстиуæгæн. Растдæр уыдон сарæзтой æппæт дæр, цæмæй абон Хуссар Ирыстонмæ фарстытæ ма дæттой юридикон æгъдауæй, паддзахады арæзтады рæстдзинады фæдыл», – загъта Президент.

Уый ма  банысан кодта,  Хуссар Ирыстон æмæ Италийы бизнесы ‘хсæн экономикон ахастыты ахсджиагдзинад æмæ перспективæтæ.

Æз зонын, сымахмæ кæй ис фæндæттæ Хуссар Ирыстоны экономикæйы хайад исыны фæдыл. Уыцы фæндæттыл хъæуы бакусын æмæ иумиаг хъуыдымæ æрцæуын, уый  закъондæттынад цæттæ кæй у æмæ кæй ахъаз кæны, цæмæй инвесторты ныфс уа, цы фæрæзтæ бавæрой, уыдон хъахъхъæд кæй цæудзысты, уый хынцгæйæ», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

Марио Мурджа йæ рады радзырдта Хуссар Ирыстонмæ Италийы цæрджыты цымыдисдзинад фæбæрзонддæр кæныны фæдыл плæнтты тыххæй.

Бибылты Анатоли Италийы делегацийы балцы фæлгæтты радта эксклюзивон интервью телеканал Pandora TV-йæн.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.