Президент Гаглойты Алан фембæлд Цхинвалы æмæ Знауыры районы фермертимæ.

Фембæлды рæстæджы æрныхас кодтой хъæууонхæдзарадон нысаниуæджы зæххытæ рахицæн кæныны фарстатыл.

Къостайыхъæуы компани Арæнгонд бæрндзинады æхсæнад «Южный сад»-ы филиалы фæткъуыйы дыргъдæттæ уæрæхдæр кæнынц сæ плантацитæ снысангонд арæнты. Кондад кæй уæрæхдæр кæны, уымæ гæсгæ уыцы уæлæмхас зæххытæм бахауынц ахæм фадгуытæ, кæцыйы уый размæ куыстой фермертæ, æмæ уый фæдыл сæм фæзынд катайдзинад.

Районы администрацийы сæргълæуджытимæ æмбырды рæстæджы Президент хъусдард аздахын кодта, арендæйы райсгæ зæххытæн документтæ саразынимæ баст проблемæтæм. Бахæсгонд æрцыд ревизи ауадзын, сбæрæг кæнын сæрибар зæххыты фæзуат æмæ арендæйы ист зæххыты нысаниуæг.

«Арендæйы ист зæххыты фылдæр хай куыстгонд нæ цæуынц, æмæ  арендæйы аргъ фыст нæ цæуы. Уыцы зæххытæ цæудзысты ист. Уыдон лæвæрд æрцæудзысты кусын кæй фæнды, ахæм адæмæн», – загъта Гаглойты Алан.

Президент банысан кодта, зæгъгæ, республикæйы къухдариуæгад алыхаттдæр цæттæ у æнæмæнгхъæуæг æххуыс бакæнын сæвзæргæ проблемæтæ аскъуыддзаг кæнынæн æмæ зæххы фадгуытæ фермертæн лæвæрд кæй æрцæудзысты бакæнгæ ревизиийы фæстиуджытæм гæсгæ.

«Цæмæй, ахæм проблемæтæ фидæны ма фæзыной, уый тыххæй хицæнгонд фадгуытæ документтæй фидар æрцæудзысты сæ хицæуттыл, цæмæй сæм мачиуал æвнала æмæ проблема иуварс æрцæудзæн», – банысан кодта, уый.

Уымæй уæлдай ма, Гаглойты Алан банысан кодта, зæгъгæ, ис бæрæг проблемæтæ хъæууонхæдзарадон техникæйы цухдзинадимæ æмæ Хуссар Ирыстоны къухдариуæгад ахъаз кæндзæн уыдон иуварс кæнынмæ.

Фембæлды хайад райстой хъæууон хæдзарады министр Мæргъиты Алан, Цхинвалы районы администрацийы сæргълæууæг Бæззаты Инал æмæ Знауыры районы администрацийы сæргълæууæг Гобозты Алан.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.