Республикæ Хуссар Ирыстон-Паддзахад Аланийы ног сæвзæрст президент Гаглойты Алан Эдуарды фырты инаугураци уагъд æрцыд 2022 азы 24-æм майы Паддзахадон драмон театры бæстыхайы. Уый уыд паддзахады сæргълæууæджы бынатмæ бахизыны æхсæзæм цытджын церемони, фыццаг уыд 1996 азы, уæд сæрмагондæй баконд æрцыд президенты бынаты институт. 2022 азы 1-æм сентябры 100 боны æххæст кæны Республикæ Хуссар Ирыстон-Паддзахад Аланийы фæндзæм президент Гаглойты Алан кусын куы райдыдта, уыцы боныл.

Абоны политикæйы «100 боны» æппæт дунейы дæр нымад цæуынц ахсджиаг боныл, кæцы фадат дæтты уæлдæр æмвæзады политикы архайдæн иуæй-иу развæлгъау хатдзæгтæ саразынæн.

Ног сæвзæрст президенттæ, премьер-министртæ æмæ алыгъуызон æмвæзадыл æндæр къухдариуæггæнджытæн хицауады архайды фыццаг «100 боны» фæстиуджытæн аргъкæнын фæзынд кæддæр ныгуылæны. Уæдæй фæстæмæ паддзахады сæргълæууæджы бынаты фыццаг сæдæ боны уæвыны фæдыл фæлварынц сбæрæг кæнын йæ къухдариуæгад цахæм уыдзæн, уый.

2022 азы 17 июлы снысангонд

референдумы тыххæй

Хицауады уæвынæй фыццаг бонтæй фæстæмæ Гаглойты Алан йæхи равдыста прагматикон политикæй. Афтæмæй, ацы аз 30 майы президент æрурæдта Уæрæсейы скондмæ нæ республикæйы бацыды фæдыл референдум ауадзыны тыххæй барамынды архайд, кæцыйыл къух æрфыста РХИ-йы раздæры президент 2022 азы 13-æм майы, Хуссар Ирыстоны президенты æвзæрстыты дыккаг туры развæлгъау хатдзæгтæ скæнынæй цалдæр боны фæстæ. Дыккаг тур уагъд æрцыд 2022 азы 8-æм  майы.

Референдум æруромыны тыххæй Президент Гаглойты Аланы Барамынды дыккаг пунктæй фидар æрцыд Хуссар Ирыстоны делегацийы персоналон сконд ацы фарсты фæдыл Уæрæсеимæ консультацитæ ауадзынæн. Минæварджын делегацийы сконды, РХИ-йы сæвзæрстгонд президентæй дарддæр уыдысты: Парламенты Сæрдар Тадтаты Алан, Уæлдæр тæрхондоны сæрдар Коцты Олеся, Централон æвзарæн къамисы сæрдар Гæджиты Эмилия, Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæстæ æххæстгæнæг Медойты Димитр æмæ президенты паддзахадон уынаффæгæнæг Коцты Константин.

2022 азы 21-æм июны Мæскуымæ кусæгон балцы хатдзæгты фæдыл, кæцыйы фæлгæтты уæрæсейаг къухдариуæгадимæ уагъд æрцыдысты консультацитæ Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федераци баиу кæныны тыххæй референдумы фарсты фæдыл. Хуссарирыстойнаг делегацийæн президент Гаглойты Аланы сæргълæудæй уагъд æрцыд пресс-конференци. Паддзахады сæргълæууæг радзырдта, зæгъгæ, референдумы темæ у тынг ахсджиаг æмæ йæ ауадзынмæ бæрнон ахаст дарын. Йæ ныхæстæм гæсгæ, референдум нысан æрцыд развæлгъау ыл нæ бакуыстой æмæ ацы фарстыл уæрæсейаг фарсимæ нæ уынаффæ кодтой, афтæмæй  æмæ уый та ныхмæ æвæрд у Æмцæдисад æмæ интеграцийы тыххæй Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн бадзырды фæдыл фæрсты хæстæн.

Гаглойты Алан ма банысан кодта, зæгъгæ, раст нæ уыд референдуммæ рахæсгæ фарсты формулировкæ дæр: «Сымах хæцут Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы баиу кæныны фарс?». Растдæр афтæ нысан уыд референдумы фарст. Фæлæ ахæм формулировкæйы  хынцыд цæуы УФ-йы скондмæ РХИ-йы бацыд нæ, фæлæ цахæмдæр æртыккаг паддзахад саразын, кæцыйы тыххæй дзурæн дæр нæй, – ирдæй бамбарын кодта УФ-йы президенты пресс-секретарь Дмитри Песков. Республикæ Хуссар Ирыстон-Паддзахад Аланийы президент Гаглойты Алан пресс-конференцийы банысан кодта, зæгъгæ,  бадзырдтам референдумы фарст æмæ æндæр фарстыты фæдыл  конкретон формулировкæ бакусыны фæдыл УФ-йы минæвæрттимæ куыст координаци кæнын, кæцы хауы референдум сорганизаци кæнын æмæ йæ ауадзынмæ.

Басгæрстытæ æмæ ревизитæ

Гаглойты Алан йæ къух цы фыццаг документтыл æрфыста, уыдонæй сæ иу уыд къорд басгæрсты ауадзыны тыххæй уынаффæ, кæцытæ хауынц 2022 азы 1-æм январæй 24 маймæ бæстæйы раздæры къухдариуæгады ахæм къахдзæфты закъондзинадмæ:

а) фæсарæйнаг æмæ æнæ æмбæстагдзинадæй адæймæгты РХИ-йы æмбæстагдзинадмæ райсын;

б) специалон æмæ æфсæддон нæмттæ, паддзахадон æмбæстагон службæйы  классон цинтæ æмæ РХИ-йы æмбæстæгтæн æндæр цинтæ радтын;

в) РХИ-йы æмæ фæсарæйнаг æмбæстæгты æхсæн хæцæнгæрзтæй схорзæхджын кæнын;

г) паддзахадон органтæ, уагдæттæ æмæ организациты балансыл уæвæг автомашинæ-тæ сфыссын.

Гаглойты Аланы Мидæгаггон политикæйы фæдыл бæрæг инициативæтæ систы  2020 аз, 2021 аз æмæ 2022 азы фыццаг æмбисы Дзауы æмæ Цхинвалы районты администрациты архайдæн ревизи ауадзыны тыххæй уынаффæтæ.

Уымæй уæлдай ма, президент Гаглойты Аланы инициативæйæ Хуссар Ирыстоны парламент сæрдыгон улæфтыты ацæуыны размæ Уæрæсейы Федерацийы казначействойы бас-гæрсты акт арвыста Хуссар Ирыстоны генера-лон прокуратурæмæ закъоны бархалæнты сбæрæг кæныны æмæ æмбæлон мадзæлттæ райсыны тыххæй.

Æппæт уыдæттæ уый нæ нысан кæнынц, æмæ Гаглойты Алан тырны РХИ-йы раздæры къухдариуæгадимæ йæ ахастытæ сбæрæг кæнынмæ. Парламенты ныхас кæнгæйæ, уый депутатæм æрсидт, цæмæй ферох кæной раздæры хицауады рæдыдтытæ æмæ иумæ кусой республикæйы хæрзиуæгæн. Уыимæ иумæ, уый равдыста, æвзæрстыты размæ цы ныфсытæ бавæрдта закъондзинад карзæй æххæст кæныны тыххæй, уыдон гæххæттыл фыстæй кæй нæ баззайдзысты, æмæ барады ныхмæ æппæт архайдтытæ, чи фæнды йæ ма сараза, уæддæр ын æмбæлон барадон аргъ скæндзысты.

«Дзабиты Иналы хъуыддаджы» тыххæй

Дыууæ азы рацыд Дзабиты Иналы трагикон амæлæты бонæй, ацы резонансон уголовон хъуыддаджы фæдагуырд логикон æгъдаумæ конд не ‘рцыд, фæлæ дзы ис бæрæг ивындзинæдтæ. Хуссар Ирыстоны президент иу æмæ дыууæ хатты нæ фехъусын кодта, зæгъгæ, ацы хъуыддаджы æппæт аххосджынтæ хъуамæ æмбæлон  æфхæрд баййафой закъоны фæлгæтты.

Ацы азы 1-æм августы Цхинвалы горæтон суд рахаста уынаффæ уголовон хъуыддаг генпрокуратурæмæ аздахыны бæрæг бархалы-нæдтæ аиуварс кæныны тыххæй. Фæлæ 28 августы рабæрæг, зæгъгæ, Дзабийы фырты хъуыддаг нырма ис тæрхондоны, æмæ уымæ гæсгæ РХИ-йы генпрокуроры хæстæ æххæстгæнæг Битеты Сергей не сразы хъуыддаджы фæдагуырды фæдыл комментаритæ радтыныл.

Уый размæ 15 июлы Хуссар Ирыстоны Уæлдæр тæрхондон сраст кодта Цхуырбаты Николай æмæ фæмардуæвæг Дзабиты Иналы, кæцытæ уыдысты Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министр Наниты Игоры марынмæ бафæлвæрды тыххæй уголовон хъуыддаджы аххосджынтæ, ацы фыдракæнды аххосджын кæй нæ уыдысты, уымæ гæсгæ.

Æхсæнад æнхъæлмæ кæсынц æмæ нæ дызæрдыг кæнынц, хъуыддаджы фæдыл фæдагуырд кæй уыддзæн ирд æмæ раст, æмæ æппæт аххосджынтæ дæр æфхæрд кæй баййафдзысты, ууыл. Дзабиты Иналы амæлæты тыххæй уголовон хъуыддаг прокуратурæмæ фæстæмæ кæй аздæхтой, уый фадат ратдзæн ацы фыдракæнды уæлдай лæмбынæгдæр æмæ объективон  фæдагуырд ауадзынæн.

ПАДДЗАХАДОН СИСТЕМÆ БАЛАНСГÆНÆГ ФÆРÆЗТÆ

2022 азы 18-æм июны РХИ-йы парламенты раныхас кæнгæйæ, президент Гаглойты Алан фехъусын кодта, зæгъгæ, æнæмæнгхъæуæгыл нымайы президентмæ хауæг  контролон æмæ æндæр хæслæвæрдты иу хай цадæггай парламентмæ адæттын.

Паддзахады сæргълæууæг ма фехъусын кодта, зæгъгæ, президенты администрацийы инициативæтæй сæ иу уыдзæн, «Республикæ Хуссар Ирыстоны хицауады тыххæй» Конституцион закъонмæ гæсгæ алы министры бакæнгæ куысты тыххæй парламентаритæн хыгъд аразын. Уый фæахъаз уыдзæн паддзахады (сдержки) æмæ (противовесы) нормалон системæйы рæзтæн.

Гаглойты Алан ноджыдæр бафидар кодта, кæй у президентон-парламентон къудариуæгады фарсхæцæг. Кæй зæгъын æй хъæуы, тагъд рæстæджы æнхъæлмæкæсæн уыдзæн паддзахадон системæйы банысангонд здæхты  реформæйыл бакусын æмæ йæ реализацийы фæдыл конкретон къахдзæфтæм.

Æппæт уыдæттæ дзурæг сты, ныры геополитикон реалитæ бахынцгæйæ, паддзахады политикон стабилондзинады,   куыд алы политикон тыхты ‘хсæн, афтæ æнæхъæнæй хицауиуæгад æмæ æхсæнады ‘хсæн консенсусы  тыххæй Алан Эдуарды фырты фæндоныл.

ГАГЛОЙТЫ АЛАНЫ ИНИЦИАТИВÆТÆ

Хуссар Ирыстоны цæрджытæн Уæрæсеимæ арæн «Дæллаг Зæрæмæг»-ы уадзæн пункты стыр радтæ бирæ азты дæргъы риссаг проблемæ у. Тæвд хурмæ кæнæ уазал зымæджы адæмы сæ радмæ æнхъæлмæ кæсын бахъæуы бирæ сахаттæ. 2022 азы 4-æм августы, Мæскуыйы кусæгон балцы уæвгæйæ, Уæрæсейы Федерацийы администрацийы къухдариуæггæнæг  Дмитри Козакимæ фембæлды рæстæджы Гаглойты Алан раразмæ кодта йæ инициативæ «Дæллаг Зæрæмæг»-ы уадзæн пункты реконструкцийы æнæмæнг-хъæуындзинады фæдыл, цæмæй арæны сæрты хизын Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæн æмæ бирæнымæц уазджытæн фенцондæр уа, уый тыххæй. Ацы фарстыл ныридæгæн куыст кæй цæуы, ууыл дзурæг у Цæгат Кавказы таможнæйон управленийы хистæры фыццаг хæдивæг Дмитри Штенбергы æрæджыйы раныхас, цыран фехъусын кодта, зæгъгæ, «Дæллаг Зæрæмæг»-ы таможнæйон пост реконструкцигонд æрцæудзæн, уый фæстиуæгæн фæактивондæр уыдзæн йæ куыст æмæ арæныл радтæ нал уыдзæн.

Иннæ инициативæ дæр хауы риссаг проблемæмæ. 2022 азы 18-æм августы Республикæ Хуссар Ирыстоны Æдасдзинады советы рабадты фæстиуджытæм гæсгæ, Ленингор æмæ Дзауы районы цæрджытæн лæвæрд æрцыд Гуырдзыстонимæ арæны сæрты хизыны бар алы мæйы дæр 20-æй 30-æм бонты.

Президент Гаглойты Алан банысан кодта, зæгъгæ, уым чи цæры,уыцы æмбæстæгтæ бахатыдысты уæлдæр банысангонд районты администрацитæм, цæмæй æркæсой ацы фарстмæ. Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн арæн æхгæд æрцыд 2020 азы февралы коронавирусы пандемийы рæстæджы, афтæ ма æдасдзинад сифтонг кæныны нысанæн, 2019 азы гуырдзиаг тыхон структурæты кусджытæ Уистæйы хъæуы районы æнæзакъонæй блокпост куы сæвæрдтой, уый фæстæ.

ИУÆЙ-ИУ ХАТДЗÆГТÆ

Ног сæвзæрст президент Гаглойты Аланмæ йæ размæйы къухдариуæгадæй хуымæтæг бынтæ не ‘рхауд. Кæй зæгъын æй хъæуы, диссаг уыдаид, бирæ азты цы проблемæтæ æрæмбырд сты, уыдон 100 бонмæ скъуыддзаг куы æрцыдаиккой, уæд уый. Уымæй дарддæр ма сæвзæргæ уавæртæ Гаглойты Аланы æркодтой уымæ, æмæ уыцы 100 боны президенты бынаты кусы «къухæй скъæрæгау». Уымæ нæ кæсгæйæ, ахæм цыбыр рæстæджы арæзт æрцыд политикон-барадон базæ дарддæры системон ивындзинæдтæ сæххæст кæныны тыххæй. Афтæ ма РХИ-йы ног президенты къахдзæфтæ, сæйраджыдæр барадхъахъхъæнæн фадыджы æмæ æнæзакъонон архайдтытæ равзарыны хъуыддаджы, æхсæнадмæ сæвзæрын кодтой разыдзинад æмæ фæахъаз сты æхсæнады æрдыгæй хицауиуæгадыл æууæнк сфидар кæнынæн. Бæстæйы къухдариуæгады раз цы серьезон хæстæ лæууы мидæггагон политикæйы дæр (паддзахадон управленийы системæйы кардиналон рацарæзты æнæмæнгхъæуындзинад) æмæ æддагон политикæйы дæр (дунейы æрцæугæ геополитикон ивындзинæдты масштаб) – уыдон бахынцгæйæ, уый цъус хъуыддаг нæу.

ХАРЕБАТЫ Мæдинæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.