Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли йæхимæ райста, æхсæнадон химæисæнмæ чи бахатыд, уыцы æмбæстæгты. Цæрджытæ ист цæуынц развæлгъау арæзт номхыгъдмæ гæсгæ. Иу къуырийы дæргъы паддзахады сæргълæууæгмæ æрбацыдыстсы 30 адæймагæй фылдæр.

Цæрджыты йæхимæ райсгæйæ Бибылты Анатоли ныхас кодта Цхинвалы цæрæг Хуыгаты Маринæимæ, кæцы цæры къуындæг уавæрты йæ ныййарджыты хæдзары йæ сæры хицау æмæ æртæ сывæллонимæ. Хуыгаты чызг раздæр бахатыд Президентмæ, æмæ йын йæ фæндонмæ гæсгæ рахицæн кодтой зæххы фадыг Цхинвалы районы Ксуисы хъæуы. Ныр йæ куырдиат уыд, цæмæй йын баххуыс кæна хæдзар аразыны хъуыддаджы  Ксуисы хъæуы. Бибылты Анатоли, хъæу райрæзын кæныны цымыдисæн Ксуисы хъæуы хæдзары арæзтады тыххæй бакодта æмбæлон хæслæвæрд.

Президент ма бахæс кодта, цæмæй хæдзар саразынæн æххуыс æрцæуа Цхинвалы районы цæрæг Лалыты Аланæн дæр.

Бибылты Анатоли ма йæхимæ райста, сæ хæдзæрттæ кæмæн басыгъдысты, ахæм æртæ бинонты. Уыдонæн сæ сæрмагонд хæдзæрттæ басыгъдысты 2015 азы, æмæ уæдæй фæстæмæ цæрынц æххуырст фатерты. Паддзахады сæргълæууæг бахæс кодта, цæмæй дарддæр дæр фыст цæуа сæ фатерты аргъ æмæ банысан кодта, зæгъгæ, сæ хæдзæрттæ кæмæн басыгъдысты æмæ рады чи лæууы, уыдон сæ цæрæнуæттæ  райсдзысты.

Æрбацæуджыты ‘хсæн ма уыдысты Хетæджы фырты уынджы №1 хæдзары цæрджытæ. Ацы хæдзары 2008 азы онг цардысты 6 бинонтæ, фæлæ цæрæнуат арæзт æрцыд æрмæст сæ иуæн.

Æрбацæуджытæ Президентæй куырдтой, цæмæй сын фатертæ рахицæн кæной Хъайтарты уынджы цæрæнуатон комплексы, уый размæ азты сын ныфс кæй бавæрдæуыд, уымæ амонгæйæ. Бибылты Анатоли банысан кодта, зæгъгæ, Хъайтарты уынджы фатертæ арæзт сты рады лæуджытæн æмæ бахæс кодта Цхинвалы Администрацийæн, цæмæй бацагурой фатертæ гуырдзыйаг агрессийы рæстæджы, сæ хæдзæрттæ кæмæн бахъыгдард сты, уыдонæн горæты æндæр районты.

Президентмæ æрбацæуынц, зын цардуагон уавæрты чи бахауы, уыдон дæр. Гатыгкоты Фрося цæры кæлæддзаг хæдзары, дыууæ инвалид – йæ мад æмæ йæ фыртимæ. Фотоæрмæджытимæ базонгæ уæвгæйæ,  Бибылты Анатоли бахæс кодта, цæмæй Гатыгкоты бинонтæн саразой чысыл хæдзар.

«Нывтæм гæсгæ бæрæг у, сымах цы уавæрты цæрут, уыцы уавæрты цæрæн нæй, уый. Мах уын æнæмæнгæй сараздзыстæм хæдзар. Хæдзар аразын райдайдзысты зымæджы фæуды», – загъта  Президент Бибылты Анатоли.

Президент ма ахæм хæслæвæрд радта Козаты Иннæйы бинонты хъуыддаджы фæдыл дæр. Гатыгкоты æмæ Козаты бинонтæ сты рады лæуджыты номхыгъды, фæлæ сæ хæдзæрттæ саразыны фарст скъуыддзаг куы ‘рцæуа, уæд фатер райсынæй хицауады нал домдзысты.

Æрбацæуджытæй бирæтæ паддзахады сæргълæууæгмæ æрбацæуынц хæдзары æмбæрзт раивыны тыххæй дæр. Уыдоны æхсæн уыд Стыр Фыдыбæстæйон хæсты архайæг Тедеты Николай дæр.

2018 азы Президенты хæслæвæрдмæ гæсгæ Цхинвалы æмæ республикæйы районты ивд æрцыд 130 æмбæрзты, куыст дарддæр дæр цæуы, хыгъдты нырма ис 300 хæдзарæй фылдæр. Фæлæ Бибылты Анатоли бахæс кодта, цæмæй Стыр Фыдыбæстæйон хæсты архайæгæн йæ хæдзары æмбæрзт раивой тагъд рæстæджы.

Уый ма ахæм хæс бакодта Дзæгъойты Клавдийæ, Цгъойты Клим, Уалыты Вахтанг æмæ Дзабиты Мендикы хæдзæртты тыххæй дæр.

Президентмæ ма бахатыд амалиуæггæнджыты иу къорд, кæцыты хъæуы паддзахадон æххуыс Хуссар Ирыстоны Дзауы районы Цъоны хъæуы фермерон хæдзарад райрæзын кæнынæн. Фермертæ радзырдтой Бибылты Анатолийæн, зæгъгæ, райстой кредит, фæлæ уый æххæст бæрцæй фыст не ‘рцыд, æмæ уымæ гæсгæ уый сæ бизнесыл тынг бандæвта.

Президент банысан кодта, амалиуæггæнджыты æнæнтысты аххосджын кæй вæййынц сæхæдæг дæр, уымæн æмæ уыдон нæ сарæзтой бизнес-проект, фермерон хæдзарады куыстæн нæ уыд æнæмæнгхъæуæг план æмæ хынцынад. Уый фермертæн бауынаффæ кодта, цæмæй саразой проект æмæ йæ бавдисой хатырон кредит радтыны къамисмæ.

«Кæд къамис уæ проект хорзыл банымайа, уæд уын лæвæрд æрцæудзæн хатырон кредит афæдз 5 процентыл», – загъта Бибылты Анатоли.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.