Президент Гаглойты Алан Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты министрады коллективæн базонгæ кодта сæ ног къухдариуæггæнæг Плиты Агуындæйы.

Паддзахады сæргълæууæг куыд загъта, афтæмæй йæ ныфс ис ног министры æрцыдæй Хуссар Ирыстоны æнæниздзинад хъахъхъæныны системæ кæй рахиздзæн ногдæр, гъæдджындæр æмвæзадмæ, кæй фæхуыздæр уыдзæн медицинон лæггæдты гъæд.

«Æнæниздзинады рæзт, адæмы æнæниздзинады уавæр фæхуыздæр кæнын у нæ паддзахады социалон-экономикон политикæйы приоритет», – загъта уый.

Гаглойты Алан банысан кодта раздæр азты æнæниздзинад хъахъхъæныны системæйы куысты серьезон фæткхалæн цаутæ дæр.

«2021 азы Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрады бæрæггæнæн мадзæлтты рæстæджы рабæрæг сты фæткхалынæн цаутæ, фæлæ иуварс не ‘рцыдысты. Уыцы фæткхалæн цаутæ æвдыст æрцыдысты  акты дæр. Уый ах-хосæй абон паддзахадæн йæ бон нæу Республикон соматикон рынчындоны кусджытæн сæ куыстмызд бафидын. Уый тыххæй мах хъуамæ райсæм тыхон структурæты фæрæзтæй æмæ уыдонæй бамбæрзæм уыцы хæрдзтæ», – банысан кодта Президент.

Уый куыд бамбарын кодта, афтæмæй Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрадты ‘хсæн раздæр цы сразыдзинæдтæ арæзт æрцыд, уыдоны дырысæй нысан æрцыд, оптимизаци нæ ауадзгæйæ æмæ фæтк нæ ‘рывæргæйæ,  æнæниздзинады хаххыл финансон фæрæзтæ Хуссар Ирыстонмæ нæ цæудзысты.

«Уый тыххæй фæстаг транш мах нæ райстам. Мах фæнд кæнæм ахæм фæткхалæн цаутæ ма æруадзын», – фехъусын кодта Гаглойты Алан.

Йæ рады Плиты Агуындæ бузныг загъта паддзахады сæргълæууæгæн йе стыр æууæнчы фæдыл æмæ йын ныфс бавæрдта, æппæт тыхтæй кæй бацархайдзæн Хуссар Ирыстоны æнæниздзинад хъахъхъæнынады националон авторитет фæбæрзонддæр кæнын.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.