Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли ацыд РХИ-йы Знауыры районы Уисты хъæумæ (раздæры Цънелис), кæцымæ хæстæг гуырдзиаг фарс аразы æнæзакъонон блокпост.

Президент æрныхас кодта хъæуы цæрджытимæ, кæцытæ тыхсынц РХИ-йы æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн паддзахадон арæныл гуырдзиг фарсы провокацион архайдæй.

Бибылты Анатоли цæрджытæн ныфс бавæрдта, Цънелисы хъæуæн тас кæй ницæмæй у.

«Стабилондзинад æмæ æдасдзинад бахъахъхъæныны тыххæй нæ постытæ равæрд æрцæудзысты, цас хъæуы, уый бæрц, кæмыты хъæуы, уыцы бынæтты. Никæмæн суыдзæн йæ бон арæн фехалын. Цыфæнды провокацитæ куы кæна Гуырдзыстон, уæддæр нæ адæм уыдзысты æдас», – загъта Президент.

Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, Женевæйаг баныхæсты кæнæ инциденттæ аиуварс кæныны фæдыл механизмтæ уадзыны рæстæджы, алы хатт дæр Гуырдзыстон активизаци кæны йæ провокацитæ. Фæлæ Хуссар Ирыстонæн æппæт фадæттæ дæр ис, цæмæй уыцы провокациты ныхмæ фæлæууа. Ууыл ма хъуамæ дызæрдыг кæной нæдæр гуырдзиаг фарс, нæдæр – не ‘мбæстæгтæ.

Цънелисы хъæуы цæрджытæ загътой, зæгъгæ, ахæм ныфсы ныхæстæ сæ фæн-дыд фехъусын республикæйы сæргълæууæгæй.

Бибылты Анатоли уыд арæнмæ æввахс, бынаты базонгæ ис уавæримæ æмæ æнæмæнгхъæуæг хæстæ радта тыхон структу-рæты къухдариуæггæнджытæн.

Уый ма Постконфликтон бæстонкæнынады фарстытæ аиуварс кæныны фæдыл æххæстбарджын минæвар Джиоты Муратæн бахæс кодта, цæмæй Хуссар Ирыстоны домæн фехъусын кæна æмæ арæныл сæ провокацитæ ныууадзой инциденттæ аиуварс кæныны фæдыл механизмты рабадты рæстæджы.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.