Цырд фердæхты сæрмагонд къорды сырæзтыл 14 азы сæххæсты цытæн Цхинвалы уагъд æрцыд йæ кусджытæн цытджын рæнхъыслæуд. Сæрмагонд къордæн бæрæгбонон арфæ ракæнынмæ æрбацыд республикæйы Президент Тыбылты Леонид æмæ Мидхъуыддæгты министрады къухдариуæгад.

«Республикæ Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъæнæг органты сгуыхт кусæг»-ы цытджын ном лæвæрд æрцыд сæрмагонд къорды командир Тедеты Сосланæн, цалдæрæй та хорзæхджын æрцыдысты паддзахадон æмæ ведомствойон хорзæхтæй.

Мидхъуыддæгты министр Лæууойты Æхсары ныхæстæм гæсгæ сæрмагонд къорды хæстонтæ 14 азы дæргъы намысджынæй æмæ аккагæй æххæст кодтой æмæ кæнынц сæ разылæууæг хæстæ закъон æмæ барвæтк фехалыны кæцыфæнды бафæлвæрдтытæ иуварскæнгæйæ. Фыдракæндты ныхмæ тохы æнгом архайд кæнынц Мидхъуыддæгты министрады криминалон милицийы дæлхæйттимæ.

«Сымах бирæ фыдæвзарæнтæ баййæфтат. Хъыгагæн, бынат уыд трагикон цаутæн дæр. Мах не ‘ппæт дæр хъуыды кæнæм къорды цардуарзаг хæстон Остатьаты Шалвайы, кæцы йæ цард рауæлдай кодта фыдракæнды ныхмæ тох кæнгæйæ», – банысан кодта Лæууойты Æхсар. Уый куыд дзырдта, уымæ гæсгæ 2008 августы дæр ацы къорды службæгæнджытæ слæууыдысты Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты рæнхъыты.

«2008 азы августы уæззау бонты сæрмагонд къорды хæстонтæ се ‘ппæт дæр слæууыдысты нæ бæстæ бахъахъхъæнынмæ, æндæр хъахъхъæнджытимæ æмæ æрхастой бæстæйы сæрибардзинад æмæ хæдбардзинад.

Цырд фердæхты сæрмагонд къорды бирæ кусджытæ хъæбатырдзинад æмæ хъайтардзинад кæй равдыстой, уый тыххæй хорзæхджын æрцыдысты паддзахадон æмæ ведомствойон хорзæхтæй», – дзырдта уый.

Президент Тыбылты Леонид йæ раныхасы банысан кодта, паддзахад æмæ адæм сæрыстыр кæй сты Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæй.

«Мах сæрыстыр стæм сымахæй, сымах нæ паддзахад, нæ адæмы ныфс стут, уымæн æмæ мыййаг иу хатт нæ фенын кодтат æхсардзинад æмæ фæндвидардзинад, Райгуырæн бæстæйыл æнувыддзинад. Фæнды мæ, цæмæй сымах кæддæриддæр уат удæй фидар, уæ хæдзæртты кæддæриддæр æлдариуæг кæной сабырад æмæ хæрзиуджытæ», – дзырдта бæстæйы сæргълæууæг.

Мах, зæгъгæ, ныртæккæ стæм ахсджиаг цауы къæсæрыл – разæй сты президентон æвзæрстытæ.

«Фондз азы æмгъуыдмæ æвзардзыстæм ног Президент. Æмæ кæй равзарæм, уымæй кæнгæ у сабырад æмæ бæстæйы мидæг кæрæдзиæмбарынад. Уый хъуамæ дарддæр фидар кæна Стыр Уæрæсеимæ ахастытæ, кæцы абоны онг махæн кæны стыр æххуыс æмæ нæ фарсмæ лæууы», – банысан кодта Тыбылты Леонид.

Паддзахады сæргълæууæг ма банысан кодта, зæгъгæ, нæ Фыдыбæстæйы раз Ирыстоны хъайтарты лæггæдтæ никуы ферох уыдзысты. Абоны бонмæ нæ чи æркодта, уыдоны, зæгъгæ, мах кæддæриддæр хъуамæ хъуыды кæнæм. Тыбылты Леонид куыд фехъусын кодта, уымæ гæсгæ республикæйы Хицауады уынаффæмæ гæсгæ республикæйы тыхон структурæты 2004-2008 азмæ чи службæ кодта, уыдонæн сæ службæйы рæстæг æмных цæуы æртæ азмæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.