Президент Бибылты Анатоли радон хатт йæхимæ райста, алыгъуызон фарстаты æмæ æмбæлон куырдиатты тыххæй Хуссар Ирыстоны Президенты Æхсæнадон химæрайсæнмæ чи бахатыд, республикæйы уыцы æмбæстæгты. Уыцы фарстатæн сæ фылдæр баст уыдысты цæрæнуатон проблемæтимæ.

Паддзахадон теле-радиокомитеты телеалæвæрд «Путешествие по родному краю»-йы программæйы автор æмæ  амонæг Габайты Владимир бахатыд Бибылты Анатолимæ цæрæнуатæй йæ сифтонг кæныны фарсты тыххæй. Йæ ныхæстæм гæсгæ, уый цæрæнуат райсынмæ рады лæууы 1970 азæй фæстæмæ, æмæ уал азы дæргъы цæры æххуырст фатеры. Рады лæуджыты номхыгъды уый у фæндзæм.

«Владимир Никъалайы фырт, ныфс дын дæттын, ацы азы кæрон ды райсдзынæ фатер», – банысан кодта паддзахады сæргълæууæг.

Цæрæнуаты фарсты тыххæй Президентмæ бахатыд Тъбеты хъæуы цæрæг Къусраты Ноннæ дæр. Уый хъомыл кæны дыууæ сывæллоны æмæ цæры йæ ныййарджытимæ.

«Ис мын хæдзар аразыны тыххæй зæххы фадыг. Ме ‘фсымæр махимæ нæ цæры, фæлæ домы, цæмæй æз мæ фыды хæдзарæй ацæуон», – загъта уый.

Президент ын бацамыдта, цæмæй бахата барадхъахъхъæнæг органтæм, уыцы хъуыддаджы йе ‘фсымæры домæн закъонон кæй нæу, уый тыххæй. Хæдзар саразыны тыххæй та паддзахады сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ, цæттæ у аразæн æрмæджытæй йæм фæкæсынмæ.

Горæт Цхинвалы цæрæг Тасойты Инга дæр Президентмæ бахатыд æнгæс проблемæйы тыххæй.

«Мæ хæдзар у кæлæддзаг, ныппырх хæсты рæстæджы. Ис мын æртæ сывæллоны, мæ цардæмбал та у I-аг къорды инвалид. Нæ цардуагон уавæртæ æв-зæр кæй сты, уый тыххæй тынг тыхсæм æмæ сæ хъæуы фæхуыздæр кæнын, кæнæ та нын ног хæдзар саразын», – загъта уый.

Тасойты Инга банысан кодта, зæгъгæ, сын горæты администрацийы сæргълæууæг ныфс бавæрдта, æртæхатæнон фатерæй сæ кæй сифтонг кæндзæн, фæлæ уыдон ууыл разы не сты, уымæн æмæ уый бирæ бинонтæн фаг нæу.

«Мæ цардæмбал у уатон рынчын, уымæ хъæуы уæлдай зылд кæнын. Сывæллæттæн та чызгæй лæппуйæ иумæ цæрæн нæй», – йæ уавæр бамбарын кодта сылгоймаг.

Президент ын куыд загъта, афтæмæй уыдонæн иууыл хуыздæр амал у æртæхатæнон цалцæггонд фатер.

«Уый раст хъуыды у. Æз æй не ‘мбарын, проблемæ цæй мидæг ис? Кæд дæ фатер хъæуы, уæд æртæхатæнон фатер тынг хорз амал у. Дæ зæрдæмæ цы нæ цæуы?» – бафарста йæ Президент.

Фæстæдæр куыд рабæрæг, афтæмæй сæ зæронд хæдзар æмæ зæххы фадыг фесафой, уый нæ фæнды ацы сылгоймаджы бинонты. Закъонмæ гæс-гæ, уыцы бинонтæн фатер куы рахицæн кæной, уæд зæронд хæдзар æмæ зæххы фадыг рахиздзысты горæты балансмæ.

Паддзахады сæргълæууæг бацамыдта, цæмæй лæмбынæг ахъуыды кæной,  æмæ сæхицæн равзарой оптималон вариант.

Химæрайсты уыдысты Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Ветеранты советы уæнгтæ дæр. Уыдон домдтой льготæтæм гæсгæ сæ медикаменттæй ифтонг кæнын. Йæ рады Президент бахæс кодта Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты министрады сæргълæууæг Тотчиты Георгийæн, цæмæй сбæрæг кæна æмæ Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветеранты медицинон препараттæй ифтонгад фæхуыздæр кæна.

Алыгъуызон фарстатимæ паддзахады сæргълæууæгмæ бахатыдысты 45 адæймагæй фылдæр.

Æмбæстæгты куырдиаттимæ куысты фæдыл управленийы хистæры хæди-вæг Гæджиты Радик куыд банысан кодта, афтæмæй æмбæстæгтæ абоны онг цы фарстатимæ цæуынц, уыдон хауынц цæрæнуат сæндидзын кæнынмæ, цæ-рæнуат райсынмæ, тæрхондоны быцæ-уаг уынаффæтимæ, фæсивæды куыс-тæй сифтонг кæныны тыххæй куырдиæттæ дæр цъус не сты.

Уый куыд радзырдта, афтæмæй Президентмæ химæрайстмæ бахауыны тыххæй Управленимæ куырдиæттæ æрбахастой 800  адæймаджы, æндæр хъуыддæгты тыххæй куырдиæттæ сты 2000-йæ фылдæр.

«Куырдиæтты фылдæр хай у цæрæн хæдзæртты агъуыстытæ сæндидзын кæныны тыххæй. Президент сын куы фехъусын кодта, зæгъгæ, уыцы финансон фæрæзтæ паддзахадæй нæ цæуынц, фæлæ арæзт цæуынц парти «Иугонд Ирыстон»-ы фадæтты æххуысæй, уымæй дыууæ къуырийы фæстæ куырдиæтты нымæц схызт иу минмæ. Мах бабæрæг кодтам уыцы куырдиæтты хицæутты адрестæй цалдæры, æмæ куыд рабæрæг, афтæмæй сæ агъуыстытæ дæр сты, куыд æмбæлы, афтæ æмæ ма сæ кæртыты дæр лæууыд дыгай лексустæ. Уый фæстиуæгæн зæгъæн ис, уыцы куырдиæтты хицæуттæн сæхицæн сæ бон у сæ хæдзæртты агъуыстытæ раивын.

Раст нæу æппæтмæ хицауадмæ æнхъæлмæ кæсын. Махмæ бирæ ис æцæгæй дæр чи тыхсы æмæ фæкæсынхъуаг чи у, ахæм æмбæстæгтæ», – загъта Гæджиты Радик.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.