Президент Тыбылты Леонид йæ 65 азы юбилейы цытæн раарфæ кодта Президенты Паддзахадон уынаффæгæнæг, Хуссар Ирыстоны сгуыхт тренер Джиоты Руфинæн

Бæстæйы сæргълæууæг стыр аргъ скодта Джиоты Руфины æнтыстытæн республикæйы физикон културæ æмæ спорты рæзты хъуыддаджы.

«Хуссарирыстойнаг спорты рæзты хъуыддаджы де ‘нтыстытæн аргъ скæнæн дæр нæй, – загъта Президент юбиляримæ йæ фембæлды рæстæджы æмæ йын загъта бирæ азты цæрæнбон æмæ Райгуырæн бæстæйы хæрзиуæгæн æфтиагджын куысты фæндиæгтæ.

Спорты рæзты йе стыр хисæрмагонд хайбавæрды æмæ йыл 65 азы кæй сæххæст, уый цытæн Джиоты Руфины Президент схорзæхджын кодта Хæлардзинады орденæй.

Йæхи рады юбиляр бузныджы ныхæстæ загъта бæстæйы сæргълæууæгæн, йæ архайдæн ын стыр аргъ кæй скодта, уый тыххæй, æмæ банысан кодта, зæгъгæ, йе ‘ппæт хъарутæ дæр сараздзæн Хуссар Ирыстоны хæрзиуæгæн кусынмæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.