Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид йæ къух æрфыста республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Цхуырбаты Къазбулаты йæ бынатæй ссæрибар кæныны тыххæй барамындыл.

Уый хæдразмæ Тыбылты Леонид фембæлд министримæ, æмæ Цхуырбаты Къазбулат уыцы фембæлды рæстæджы бафидар кодта йæ бæрнон бынат ссæрибар кæныны фæнд.

Президент æмбарындзинад равдыста министры куырдиаты фæдыл æмæ цымыдис кодта, Цхуырбаты Къазбулат йæ ацæуыны фæстæ цы куыст кæнинаг у, уымæ.

Президенты хъуыдымæ гæсгæ, Цхуырбаты Къазбулат у перспективон специалист æмæ йæ арæхстдзинадæй дарддæр дæр уыдзæни спайдагæнæн.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.