Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид раарфæ кодта Республикæ Абхазы Президент Рауль Хаджимбайæн республикæйы Хæдбардзинады цытæн.

Арфæйы фыстæджы, сæрмагондæй, дзырдæуы:

«Цытджын Рауль Джумкы фырт!

Республикæ Хуссар Ирыстоны къухдариуæгад, нæ адæм æмæ мæхи номæй дæуæн æмæ æфсымæрон Республикæ Абхазы æппæт цæрджытæн зæрдиаг арфæ кæнын нысаниуæгджын бæрæгбон –  Республикæ Абхазы ссæрибары боны цытæн.

1993 азы 30-æм сентябры Абхазы сæрибаруарз адæм тугкалæн æмæ карз тохты фæстæ, бирæнымæц удзиæнтты аргъæй рамбылдта уæлахиздзинад, республикæйы территори æгасæйдæр гуырдзиаг тыхæйисджытæй ссæрибар гæнгæйæ.

Райгондæй мæ фæнды банысан кæнын, æфсымæрон Абхазы адæм ацы нысаниуæгджын боныл кæй æмбæлынц, йæ адæмы аккаг фидæн чи аразы, гуырахстджын социалон-экономикон проекттæ чи æххæст кæны, ныфсджынæй йæ æхсæнпаддзахадон авторитет фидар кæныны фæндагыл чи цæуы, ахæм хæдбар паддзахад уæвгæйæ.

Фидарæй мæ уырны, рагæйдæр хъарм æмæ халарадон хуссарирыстойнаг-абахазаг ахастытæ дарддæр дæр кæй фидар кæндзысты æмæ рæздзысты не ‘фсымæрон республикæты хæрзиуæг æмæ дидинæфтыды сæраппонд. Ацы бæрæгбон мæ, дæуæн, цытджын Рауль Джумкы фырт, æмæ  Абхазы æппæт цæрджытæн фæнды зæгъын фидар æнæниздзинад, амонд, æмæ хæрзиуджыты фæндиæгтæ».

 

АРФÆ БЕСЛАН БАРЦИЦАЙÆН

РХИ-йы Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти раарфæ кодта йæ коллегæ – Абхазы Премьер-министр Беслан Барцицайæн Республикæ Абхазы ссæрибар кæныны боны сæраппонд.

Арфæйы, сæрмагондæй, дзырдæуы:

«Цытджын Беслан Константины фырт!

Хицауады æмæ сæрмагондæй мæхи номæй зæрдæбынæй арфæ кæнын дæуæн æмæ æфсымæрон Абхазы цæрджытæн Республикæ Абхазы ссæрибар кæныныл 23 азы сæххæсты сæраппонд.

1993 азы 30 сентябры æрцыд нысаниуæгджын цау, кæцы фæивта Абхазы адæмы хъысмæт. Бæстæ райста хæдбардзинад æмæ йын фадат фæцис сæрибар демократон паддзахад аразынæн. Республикæ æнтысгæйæ рæзы, къахдзæфæй къахдзæфмæ зындзи-нæдтæ иуварс кæнгæйæ, хæсты ныппырхгонд хæдзарад æндидзын кæнгæйæ.

Мах зæрдæбынæй цин кæнæм ацы бæрæгбоны сымахимæ æмæ нæ цæст æппæт Абхазы æфсымæрон адæмæн уарзы сабырад, хæрзиуæг, ног æнтыстытæ республикæйы дидинрафтыды сæраппонд.

Уырны мæ, æнусон хæлардзинад æмæ кæрæдзиæмбарынадыл чи бындуриуæг кæнынц, уыцы ахастытæ дарддæр дæр кæй рæздзысты Абхазы æмæ Хуссар Ирыстоны адæмты хæрзиуæгæн.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар

Хъуылымбегты Доменти

 

БИБЫЛТЫ АНАТОЛИЙЫ АРФÆ ВАЛЕРИ БГАНБАЙÆН

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар Бибылты Анатоли раарфæ кодта Республикæ Абхазы Парламенты Сæрдар Валери Бганбайæн Республикæйы Хæдбардзинады боны цытæн.

Арфæйы фыстæджы, сæрмагондæй, дзырдæуы:

«Цытджын Валери Рамшухы фырт!

Стыр цытимæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламент æмæ мæхи номæй дæуæн æмæ æппæт æфсымæрон абхазаг адæмæн зæрдиаг арфæтæ кæнын Абхазы Хæдбардзинады боны цытæн. Уæ адæм сæ хæдбар æмæ сæрибардзинады сæрыл тохы рацыдысты уæззау фæлварæнты фæндагыл, фæлæ, сæ амондæн, азтæ æмæ дæсгай азтæ чи ахаста, уыцы фæндаджы кæрон ралæууыд демократон æфтиæгты Дуг. Сымах уæхи бакодтат сæрибар размæцыды бар, бахъахъхъæдтат уæ сабыр цардаразæн фæллойы фадат. Республикæ Абхазы адæмы къухты бирæ бафтыд аивгъуыйгæ азты дæргъы социалон-экономикон къабазы, фæлæ ма дзы бирæ ис саразинæгтæ, æмæ уый тыххæй та абхазаг адæммæ ис фаг хъомыс, æмæ мæ уырны, уый æххæстæй царды йæ бынат кæй ссардзæн. Райгондæй мæ фæнды банысан кæнын, нæ дывæрсыг æхсæнпадзахадон иудзинад кæй цæуы æххæст æууæнчы æмæ кæрæдзийæн аргъ кæныны уавæрты, Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны адæмтæ баст сты хæлардзинад æмæ æфсымæрдзианды æнæбасæтгæ бастдзинæдтæй» .

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.