Цытджын æмбæстæгтæ!

Айсут мæ иууыл зæрдиагдæр арфæтæ Сылгоймæгты дунеон бон 8 марты бæрæгбоны цытæн.

Уый у æппæты рæсугъддæр фадат, цæмæй равдисæм нæ мæдтæ, нæ хотæ, нæ чызджытæ, нæ уарзон сылгоймæгтæ, æмкусджытæ æмæ хæлæрттæм нæ уарзондзинад æмæ нæ хорз ахаст.

Уалдзыгон фыццаг хуры тынтау сымах, зынаргъ сылгоймæгтæ, лæвар кæнут уæ мидбылхудт, æмæ уый фæрцы мах зæрдæты райхъал вæййынц æппæты хуыздæр бæллицтæ æмæ фæндтæ хæрзиуæг æмæ фарны хъуыддæгтæ аразыны сæраппонд. Уе ‘мбаргæ зæрдæты рухс сылгоймæгты разæнгард кæны нæлгоймæгты сгуыхтдзинæдтæм, алыгъуызон ныфсхæссæн фæндтæ æмæ хъуыдытæ æххæст кæнынмæ.

Нырыккон сылгоймæгтæ цæуынц дæсныдзинады, сфæлдыстады бæрзæндтæм, мах, нæлгоймæгты се ‘нтыстытæй, адæмæн сæ ахъазæй дисы æфтаугæйæ, æмæ афтæмæй зæрдæмæдзæугæ, уæздан æмæ фæразонæй кæй баззайынц, уымæй.

Хуссар Ирыстоны зынаргъ сылгоймæгтæ! Сымах стут нæ паддзахады фидыц. Нæ Райгуырæн бæстæйæн йæ уæззаудæр азты сымах амадтат нæ уæлахиз нæ зæххыл фарн æмæ фидыдады сæраппонд, нæ адæмы сæрибар æмæ хæдбардзинады сæраппонд.

Бар мын раттут, цытджын сылгоймæгтæ, цæмæй уын зæгъон æвидийгæ æвзонгады, удыхъаруйы, уæ равзæрст фæндагыл æнтыстыты фæндиæгтæ. Уæ хъæбулты æмæ уыдон хъæбулты хурæй æфсæст ут, цæрут уе ‘ввахс адæмимæ æнгомæй, уæ куырыхондзинад хæлар кæнут фæндаг агурджытæн, рæдауæй лæвар кæнут уæ зæрдæты хъарм, уæ аудындзинадæй хъуаг чи у, уыдоныл, æмæ-иу уæддæр ут, куыд стут, афтæ рæсугъд æмæ уарзтæй хайджын.  

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.