Зынаргъ æмбæстæгтæ!

Зæрдииаг арфæ уын кæнын æрцæуинаг Чырыстийы Райгасы Рухс боны, аргъуаны æппæты ахсджиагдæр боны цытæн.

Ирон адæм ацы бæрæгбон нысан кæнынц, Алайнаг паддзахад ма куы уыди, уæдæй фæстæмæ. Уæд чырыстон дин райстæуыд нæ фыдæлтæм, куыд паддзахадон дин, афтæ. Уымæ гæсгæ чырыстон дин у нæ адæмы национ хиæмбарынады бындуртæй иу.

Уый охыл мæ фæнды раарфæ кæнын сымахæн ноджыдæр уый тыххæй, ацы аз Чырыстийы Куадзæныл мах кæй æмбæлæм Паддзахад Аланийы, æмæ æз бузныг дæн не ‘мбæстæгтæй, референдумы хайаад кæй райстой æмæ нæ бæстæйæн йæ историон ном кæй раздæхтам, уый тыххæй.

Райгасдзинады Рухс бæрæгбон у чырыстон адæмты æнгомдзинады бон. Уыцы бон адæмы зæрдæтæ æрбайгом вæййынц хæрзиуæгæн, фарнæн, цинæн, хатыр кæнынæн. Уыцы бон миллуангай адæмы куывдтытæ иу уды мидæг схæццæ вæййынц уæлæрвтæм, Хæрзиуæг фыдбылызыл кæй фæуæлахиз уыдзæн, уый ныфсимæ. Ацы бон мах, Чырыстийы цæвиттон фæзмгæйæ, хатыр кæнæм кæрæдзийæн нæ мæстытæ æмæ тæригъæдтæ, нæ удтæ æмæ нæ хъуыдытæ Хæрзиуæг æмæ Рæстдзинады сæраппонд сыгъдæг кæнгæйæ.

Чи сæндидзыдта, уыцы чырыстон аргъуанæн ис стыр нысаниуæг канд нæ фыдæлты уырнынадмæ раздæхыны хъуыддаджы нæ, фæлæ кæддæриддæр уый уыди йæ адæмы фарсмæ йæ уæззау, æмæ æгæрыстæмæй йе ‘нæныфсы бонты дæр, æмæ адæмæн лæвæрдта цæрыны хъомыс йæ тæссаг фыдæвзарæнты, разæнгард æй кодта уæлахизмæ. Æмæ абон Чырыстон аргъуан архайы ууыл, цæмæй æхсæнады æрфидар уой бæрзонд моралон-хæрзнамысон уды миниуджытæ æмæ бинонты æгъдæут-тæ, кусы рæзгæ фæлтæры хъомыладыл. Фæнды мæ зæгъын, æз кæй æууæндын нæ аргъуаны æмæ Алайнаг паддзахады фидæны хæрзиуæгыл.

Чырыстийы Куадзæны ацы бæрæгбоны Хуссар Ирыстоны æппæт адæмæн мæ цæст уарзы фидар æнæниздзи-над, фарн, хæрзиуджытæ æмæ Хуыцауы æххуыс се ‘рвылбонон архайды, цæмæй кæрон макуы уа сæ цинæн. Уадз æмæ йæ арфæгонд æххуысы къух хъахъхъæна мах не ‘ппæт цардвæндæгтыл дæр, уадз æмæ Чырыстийы Райгасы рухс кæддæриддæр кæла уæ зæрдæтæм. Фарн æмæ амондджын цардæй хайджын ут, зынаргъ Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæ!!!

Чырысти Райгас!!!

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.