РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли бацыд Къубалты Александры уацмыс «Æфхæрдты Хæсанæ»-мæ гæсгæ æвæрд спектаклы  премьерæмæ.

Спектакль æрæмбырд кодта театралон аивад уарзджыты æнæхъæн зал. Уыдоны нымæцы уыдысты Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, РХИ-йы Ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Натали, РХИ-йы УФ-йы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов, æндæр официалон адæймæгтæ, республикæйы æхсæнад.

Поэмæ «Æфхæрдты Хæсанæ» нымад цæуы ирон литературæйы иууыл хуыздæр уацмыстæй сæ   иуыл. Уый хицæн кæны бæрзонд драматизм, кæцыйæн йæ сæйраг мотив у, æхсæнады чи уæвынад кодта, уыцы тугисын. Спектакль нын æвдисы æвзонг идæдз Госæмайы трагикон хъысмæт, кæцыйы бахъуыд хъæды тары æмбæхсын, йæ хъæбул Хæсанæйы æлдар Хъуыдайнатæй аивæрзын кæныны тыххæй. Йæ лæппуйы схъомыл кæнгæйæ йын уый уарзын кодта, йæ фыды амарыны æмæ йæ мады бафхæрыны тыххæй маст райсын кæй хъæуы.

Спектаклы архайынц курдиатджын артистты  къорд. Сæйраг рольтæ æххæст кæнынц Паддзахадон драмон театры артисттæ Куымæридтаты Батрадз, Тадтаты Фатимæ æмæ Гаглойты Артур.

Сценæмæкæсджытæ æдзынæгæй кастыты артистты хъазтмæ, кæцытæ арæхстджынæй равдыстой сæйраг архайджыты фæлгондзтæ. Спектакль сæвæрдта Цæгат Ирыстоны аивæдты сгуыхт архайæг, театралон режиссер Бекъойты Розæ. Сценографæй та ралæууыд РХИ-йы æмæ УФ-йы адæмон нывгæнæг Чилæхсаты Магрез, кæцыйы театралон эскизты куыстыты равдыст байгом ис Хетæгкаты Къостайы номыл Паддзахадон драмон театры фойейы.

Республикæ Хуссар

Ирыстоны Президенты

пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.