РХИ-йы Президенты пресс-службæ куыд фехъусын кодта, афтæмæй  Бибылты Анатоли венок сæвæрдта Æбæрæг салдаты ингæныл, Мæскуыйы Александровский сад, зæгъгæ, уыцы бынаты.

Цытджын хъарагъулы хайадистæй ирон тырысайы хуызтæй арæзт венок цытджын æгъдауæй æвæрд æрцыд, Фыдыбæстæ хъахъхъæнгæйæ чи фæмард, уыдоны  цырт-символыл.

Фæмардуæвæг хæстонты рухс ном ссардтой иу уысм æдзæмæй алæугæйæ.

Церемонийы хайад райстой Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Паддзахадон суагъæйы департаменты Директор Игорь Богдашев, Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов, Кремлы комендант Сергей Хлебников, Уæрæсейы Федерацимæ Бибылты Анатолиимæ официалон балцы  уæвæг Хуссар Ирыстоны делегацийы уæнгтæ, Уæрæсейы Федерацийы Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Гасситы Знауыр, Минæварады кусджытæ.

Веноктæ сæвæрыны фæстæ церемонийы хайадисджыты рæзты цытджын цыдæй рацыдысты цытджын хъарагъулы ротæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.