Сывæллæтты сфæлдыстады галуаны байгом Президентон назбæлас. Хайад дзы райста сæдæ сывæллонæй фылдæр. Се ‘хсæн уыдысты горæты скъолаты хуыздæр ахуыргæнинæгтæ, афтæ ма республикæйы дæрддаг хъæутæй 42 ахуыргæнинаджы.

Галуаны сывæллæттæн равдыстой концерт. Сывæллæттæ бакастысты национ æмæ нырыккон кæфтытæм, байхъуыстой Митын Дада æмæ Ног азы тыххæй зарджытæм.

Президентон назбæласы хайадисджытæн ма равдыстой сценкæтæ æрбалæугæ азы сæйраг персонажты архайдæй. Скъоладзаутæ уыдонæн æмдзæгъд кодтой æхсызгонæй.

Бæрæгбонон мадзалы хайадисджытæн ног 2018 азы цытæн раарфæ кодта Президент Бибылты Анатоли, йæ зæрдæ сын загъта стыр æнтыстытæ ног азы. «Уырны мæ, Ног азы ахуыр дæр æмæ уæхи дæр хуыздæр кæй дардзыстут æмæ уын уæд Митын Дада дæр кæй æрхæсдзæн диссаджы лæвæрттæ», – загъта Президент.

Сценæйыл æмдзæвгæтæ бакастысты Бестауты Сослан æмæ Дзиццойты Аннæ, 9-æм скъолайы дыккæгæм къласы ахуыргæнинаг Гæбæраты Хох та равдыста йе ‘рхъуыдыдзинад: лимоны руаджы куыд ис электроэнерги райсæн.

Назбæласы алфæмблай концерт адарддæр кодтой къухтыл хæцгæйæ кафтæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, семæ уыдысты Митын Дада æмæ Митын Чызг дæр.

Мадзалы хайадисджытæ иууылдæр райстой ногазон лæвæрттæ. Мадзалмæ ма æрбацыдысты Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, Парламенты Сæрдар Гасситы Петр æмæ Ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Натали.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.