РХИ-йы Президент Тыбылты Леонид раарфæ кодта Донецкы Адæмон Республикæйы Сæргълæууæг Александр Захарченкойæн, Донецкы Адæмон Республикæйы сырæзтыл дыууæ азы кæй сæххæст, уый сæраппонд.

Арфæйы ныстуаны, сæрмагондæй, дзырдæуы:

«Цытджын Александр Владимиры фырт!

Республикæ Хуссар Ирыстоны къухдариуæгад æмæ адæмы номæй, афтæ мæхи номæй дæр зæрдæбынæй арфæ кæнын дæуæн æмæ Донецкы Адæмон Республикæйы æппæт цæрджытæн республикæйы сырæзты дыууæ азы цытæн. Донецкы æмæ областы цæрджытæ паддзахаддзинад кæй расидтысты, уымæн мах аргъ кæнæм, куыд киеваг хицауиуæгад цы антиадæмон политикæ æххæст кæнынц, уымæн дзуапп æмæ Ныгуылæн Украинæйы уырыссаг æвзагыл дзурæг цæрджыты национ интерестæ ницæмæ дарыны закъонбæрцон фæстиуæг. Уæ бæстæйы хъайтарон æмæ сæрибаруарзаг адæм тугкалæн тохты стыр зиæнтты аргъæй сбæлвырд кодтой сæ æнæфæтасгæ тырнындзинад сæрибармæ æмæ хæдуагæвæрдмæ сæ æнæбайсгæ бар реализаци кæнынмæ.

Сымах иунæг не стут сæрибардзинад æмæ хæдбардзинады сæрыл уæ тохы. Сымахимæ æмзæрдæ сты хæлар фæндоны æппæт адæмтæ. Махæн æввахс æмæ æмбæрстгонд сты уæ тохы мидис æмæ нысæнттæ, уымæн æмæ нæ адæм дæр рацыдысты ахæм дæрзæг æмæ бирæазон фæндагыл сæ паддзахаддзинад банымайынмæ. Мах, Республикæ Хуссар Ирыстоны лæмбынæг нæ хъус дардтам, уæ зæххыл цы драматикон цаутæ райтынг сты, уыдонмæ. Сымахимæ æмзæрдæ уæвгæйæ, Хуссар Ирыстоны цæрджытæн сæ бон цæмæй уыд, уымæй æххуыс кодтой тохгæнæг Донецкы адæмæн. Хæстон архайдтыты ветерантæ тырныдтой уæ хъахъхъæнджытæн æххуысмæ. Нæ бæстæ банымадта Донецкы Адæмон Республикæйы паддзахаддзинад æмæ нæ бæстæты байгом сты базарадон-экономикон минæварадтæ. Нæ бæстæты ’хсæн къухтæ фыст æрцыдысты æмæ æнтысгæйæ реализаци цæуы æхсæнпарламентон сразыдзинад. Мах дарддæр дæр фæнд кæнæм уæ бæстæимæ æфсымæрон бастдзинæдтæ æмæ кæрæдзийæн пайдайы æмгуысткæнынад рæзын кæнын. Уый тыххæй та хъæуы æрмæстдæр фидар сабырад.

Донецкы Адæмон Республикæйы æдасдзинады фидар гаранти мах уынæм уæ сæрибаруарзаг адæмы æнæфæтасгæ фæндоны æмæ уæ рæстаг тохы прогрессивон дунеон æхсæнады фарсхæцынады.

Мæ зæрдæ зæгъы дæуæн, цытджын Александр Владимиры фырт, æмæ Донецкы Адæмон Республикæйы æппæт æфсымæрон адæмæн, цæмæй уæ хæстарыд зæххыл æрбæстон уа фидар сабырад, тагъддæр сæндидза уæ бæстæ, афтæ ма амонд æмæ фæрныгад.

Бæрæгбоны хорзæх уæ уæд, зынаргъ донæгтæ!»

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.