Ныртæккæ нæ республикæйы актуалон темæтæй сæ иу у парламентон æвзæрстытæм цæттæгæнæн куыст. Уый фæдыл республикæйы Президент Бибылты Анатоли медиа-центр «Ир»-ы фембæлд нæ республикæйы политикон партиты лидертимæ. Фембæлды сæйраг темæ уыд, ацы аз июны мæйы нæ бæстæйы парламентон æвзæрстытæм цæттæ кæныны куыстыл æруынаффæ кæнын.

Тымбыл фынг бацæуæн ныхасæй байгом кодта Президенты Администрацийы Информацион-аналитикон управленийы сæргълæууæг, политикон эксперт Уазæгты Юри. Уый банысан кодта, зæгъгæ, политикон тыхты ‘хсæн сæйраг у диалог. Уый хъæуы уымæн, цæмæй æппæт сæвзæргæ фарстатыл уынаффæ цæуа. Ахæм къахдзæф та фадат ратдзæн, цæмæй ма сæвзæра æндыгъд уавæр.

Медиа-центр «Ир»-ы сæргълæууæг Гаглойты Иринæ бузныг загъта тымбыл фынджы хайадисджытæн, æмæ сын сæ хъусдард аздæхта, фæстаг рæстæджы æвзæрстыты фæдыл закъондæттынады цы ивындзинæдтæ æрцыд, уыдонмæ, кæцытæ не ‘хсæнады сæвзæрын кодтой дискусситæ, уæлдайдæр та бæрæг партиты баиу кæныны хъуыддаг. Гаглойты Иринæ куыд загъта, афтæмæй алкæцы политикон тыхтæ дæр хъуамæ æргомæй дзурой сæ хъуыды æмткæй нæ республикæйы сæвзæргæ уавæры фæдыл канд парламентон æвзæрстыты агъоммæ нæ, фæлæ уый размæ дæр.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, парламентон æвзæрстыты агъоммæ махмæ æнхъæлмæ кæсы тынг ахсджиаг рæстæг, уымæн æмæ кæцыфæнды æвзæрстыты компани дæр æхсæ-нады активизаци кæны æмæ иууылдæр цымыдис фæкæнынц æв-зæрстытæм.

Медиа-центр «Ир»-ы куыстыл 9 азы кæй сæххæст, уый фæдыл Президент Бибылты Анатоли йæ ныхасы райдиан арфæйы ныхæстæ загъта йæ сæргълæууæг Гаглойты Иринæйæн. Дарддæр республикæйы сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ, парламентон æвзæрстыты агъоммæ кæцыфæнды политикон тыхтæ дæр се ‘взарджыты сæ програм-мæтимæ зонгæ кæныны бæсты хъусдард аздахынц паддзахадон проблемæтæм.

«Кæцыфæнды политикон тыхтæ дæр сæ протест æмæ къухдариуæгады ‘рдæм сæ ахастæй хъусдард здахынц паддзахады социалон-экономикон проблемæтæм. Фæлæ иунæг политикон тыхæн дæр уыцы къахдзæфтæй ницы бафтдзæн йæ къухы, кæд æмæ йæ разы æвæры кæцыдæр партиимæ тох кæныны фарст, уæд. Нæ политикон партитæ æхсæнадон царды хайад исын райдайынц æвзæрстытæй фондз мæйæ раздæр.  Партиты минæвæртты хъуамæ фæнда сæ адæмы хæрзæбонæн æмæ сæ бæстæйы размæцыдæн исты хорздзинад аразын. Хи партийы тыххæй цахæмдæр политикон æндыгъд уа-вæр аразын раст  къахдзæф нæу.  Паддзахады райрæзтæн ахæм  æнæпайда  хъуыддæгтæ ницы дæттынц», – банысан кодта паддзахады сæргълæууæг.

Бибылты Анатоли ма банысан кодта, зæгъгæ, цæттæ у кæцыфæнды политикон партийы минæвæрттимæ дæр диалогмæ.

Политикон парти «Ныхас»-ы депутат Бесаты Зитæйы хъуыдымæ гæсгæ  Хуссар Ирыстоны æвзæрстыты фæдыл закъондæттынад арæх ивы, уæлдайдæр та – æвзæрстыты агъоммæ.

«Бæрæг у уый, æмæ æмбæстæгты бартæ къуындæг сты æвзæрстыты хайад райсыны хъуыддаджы. Мах тырнæм Уæрæсейы Федерациимæ иу барадон фæзуаты архайын, фæлæ нæ закъондæттынады ис, Конституцимæ гæсгæ аразыны аразыны бар цы хъуыддæгтæн нæй, ахæмтæ», – дзырдта Зитæ. Депутат ма хъусдард аздæхта, æвзæрстыты хайад райсыны бар кæмæн нæй, уый тыххæй закъонмæ æрæджыйы бахастуæвæг барастгæнинæгтæм.  Уыдон сты,  хыгъды чи лæууы, уыцы нозтуарзджытæ, наркотикон буарадтæй чи пайда кæны, йæ психикæ хæлд кæмæн у, ахæмтæ æмæ афтæ дарддæр.

Уый фæдыл Бибылты Анатоли банысан кодта, зæгъгæ, йæхæдæг сæрмагондæй хайад иста Парламенты сессийы, цыран Бесаты чызг йе ‘нæразыдзинад равдыста ацы барасткæнинæгты фæдыл.

«Мæнæн уый уыд принципиалон, æмæ мæ хъуыдымæ гæсгæ, депутат Бесаты Зитæ райста лæмбынæг дзуапп уыцы барасткæнинæгты фæдыл. Депутатты фылдæр хай схъæлæс кодтой уый тыххæй, æмæ уый ууыл дзурæг у, кæй хъуыд æмæ йæ уый тыххæй кæй райстой», – банысан кодта бæстæйы сæргълæууæг.

Дискуссийы рæстæджы Бесаты Зитæ æрдзырдта, иуæй-иу партиты баиуы ныхмæ лæууын раст хъуыддаг кæй нæу. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, ахæм æнæраст къахдзæфтæ æвзæрын кæнынц æхсæнады æнæразыдзинад.

«Уыдис ахæм партитæ, кæцыты фæндыд сæ политикон тыхтæ баиу кæнын, фæлæ уыдонæн уыцы фадат лæвæрд не ‘рцыд. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыдонæн ис баиу уæвыны бар æмæ уыцы фадатæй пайда кæндзысты», – банысан кодта уый.

Ацы фарсты фæдыл Президент Бибылты Анатоли загъта, зæгъгæ, алы политикон тых дæр хъуамæ куса йæхи сæрмагонд фæрæзты бындурыл, ома, адæмы æууæнкдзинад йæхимæ здаха, æвдиса хисæрмагонд райрæзты программæтæ æмæ сæ æххæст кæна хисæрмагонд тыхты руаджы.

«Ацы баиугæндтæ хъæуæг сты, кæд æмæ дыл адæм се ‘ууæнкдзинад æфтауынц, уæд. Ацы тыхтæ уыдысты Парламенты сконды дæр æмæ уымæн æддейæ дæр. Фæлæ цы ахадæн куыст равдыстой сæ архайдæй? Кæд политикон тых дæ, уæд рахиз æддæмæ æмæ кус дæ адæмимæ. Кæд сæрмагондæй дæ бон размæ цæуын нæу, уæд регистраци кæнын дæр цы пайда у. Æмæ дыл кæд адæм не ‘ууæндынц, уæд баиугæнд дæр ницы ратдзæн», – банысан кодта Президент.

Парти «Ног Ирыстон»-ы лидер Санахъоты Дауыт дæр банысан кодта, зæгъгæ, ахæм фембæлдтытæ арæхдæр уагъд куы цæ-уиккой, уæд бирæ фарстатæ бæстон цæуиккой. Афтæ ма уый загъта, зæгъгæ, политикон тыхты конструктивон баныхæстæ хъуамæ уагъд цæуой Конституцийы фæлгæтты, кæцыйы фæткойтæм гæсгæ цæрынц нæ адæм.

Нæ республикæйы иууыл рагондæр парти – Коммунистон партийы лидер Коцты Ста-нислав зæрдыл æрлæууын кодта, Президенты цур цы Политсовет арæзт æрцыд, уый руаджы бæстон кæй цыд бирæ ахсджиаг фарстатæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, ныртæккæ уыцы совет лæмæгъ куыст кæны. Бирæ  ахсджиаг фарстытæ хъуамæ бæстон цæуиккой Политсоветы рабадтыты рæстæджы.

Парти «Фыдыбæстæ»-йы лидер Гобозты Вячеслав нымайы, зæгъгæ, бæрæг закъоныл бакусгæйæ æмæ йæ райсгæйæ, хынцын хъæуы æппæтдæр. Алкæцы политикон тых дæр йæ фадæттæй пайда кæндзæн уæрæхæй, цæмæй йæ къухты бафта фæстиуджытæ. Уый ма хъусдард аздæхта, æвзæрстыты рæстæджы республикæйæн æддейæ цы æвзарæн фадгуытæ гом æрцæуы, уыдон тыххæй фарстмæ æмæ банысан кодта, уымæ кæй хъæуы æркæсын.

Тымбыл фынджы рæстæджы ма сæ хъуыдытæ загътой партитæ «Иугонд Ирыстон» æмæ «Иудзинад»-ы лидертæ Тадтаты Алан æмæ Кокойты Зураб дæр.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.