12-æм январы РХИ-йы Хицауады Сæрдары хæдивæг Пухаты Эрик кусæгон балцы уыд Къуыдаргомы. Уый Президент æмæ Хицауады Сæрдары амындмæ гæсгæ бабæрæг кодта Къуайсайы социалон нысаниуæгджын объектты куыст, ивгъуыд аз сæм цы рынчындон сырæзт, уый куыстæй куыд райгонд сты къуайсайæгтæ æмæ иумæйагæй сисгæйæ ацы комы цæрджыты цы фарстатæ тыхсын кæны.

Хицауады Сæрдары хæдивæгимæ ма уыдысты Къуайсайы горæты администрацийы сæргълæууæг Гæззаты Роберт æмæ прокуратурæйы минæвæрттæ.

Фыццаг Пухаты Эрик бабæрæг кодта медицинон уагдон. Уый цымыдис кодта, фæстаг рæстæджы цы вирусон инфекци апарахат, уый Къуайсайы цæрджытыл куыд бандæвта æмæ сын æмбæлон медицинон æххуыс цæуы æви нæ рынчындоны, уымæ.

Къуайсайы рынчындоны сæйраг дохтыр Цхуырбаты Ульяна Хицауады минæвары базонгæ кодта иумæйагæй медицинон уагдоны куыстимæ, æппæт æнæмæнгхъæуæг медикаменттæй æххæст кæй сты, хъарм æмæ сæм хорз уавæртæ кæй ис рынчындонæн лæггад кæнынæн. «ОРВИ-йæ рынчынтæ нæм ис, фæлæ афтæ бирæ не сты. Зымæджы бонты уый æрвылаз дæр вæййы афтæ. Ныртæккæ нæм цы рынчынтæ ис, уыдонæн сæ фылдæр сты гриппæй рынчынтæ, фæлæ ис ахæмтæ дæр, кæцытæ хос кæнынц сæхæдæг, хæдзарон уавæрты», – дзырдта сæйраг дохтыр.

Пухаты Эрик сæрмагондæй йæхæдæг азылд æмæ федта, палататы цы рынчынтæ хуыссыд, уыдоны уавæр.

Дарддæр Пухаты Эрик йæ фæндаг акодта сывæллæтты рæвдауæндонмæ. Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм: ивгъуыд аз 15-æм ноябры РХИ-йы Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти кусæгон балцы Къуыдаргомы куы уыд, уæд конкретон хæслæвæрдтæ радта Къуайсайы горæты администрацийы сæргълæууæг Гæззаты Робертæн, сабидоны арæзтады рæстæджы цы згъуыдтæ уагъд æрцыд, уыдон аиуварс кæныны тыххæй.

Ацы уагдоны къухдариуæггæнæг Тедеты Индира уазæджы базонгæ кодта рæвдауæндоны куыстимæ: «Махмæ ис 60 сывæллоны. Куысты уавæртæ нын ис, фæлæ агъуысты уæлхæдзар æмткæй цалцæггæнинаг у æмæ уымæ гæсгæ уагдоны арæх æрхъары къæвдайы дон. Уый фæстиуæгæн систæ хъуына кæнынц. Ныртæккæ нæ сабидонмæ цы чысыл хуртæ цæуынц, уыдонæй гриппæй фæ-рынчын сты 34 сабийы бæрц. Иннæ сабитæ дæр нæ цæуынц сабидонмæ, ма фæрынчын уой, зæгъгæ, уый нысанæн. Мах аразæм æппæт дæр, цæмæй куынæг æрцæуа инфекци, дезинфекци цæуынц хатæнтæ», – загъта сывæллæтты рæвдауæндоны сæргълæууæг.

Уый фæстæ уазджытæ ацыдысты сывæллæтты библиотекæмæ.

Библиотекæйы сæргълæууæг Багаты Асиат загъта: «Бирæ рæстæг библиотекæйы агъуыст æдзæллаг уавæры кæй уыд, уымæ гæсгæ нæм æмбæлон куыст нæ цыд. Фæлæ Президент æмæ Хицауады фæрцы библиотекæйы хатæн цалцæг æрцыд. 2016 азы нæ чиныгкæсджыты нымæц уыд 128 сывæллоны бæрц. Ныр мæн ныфс ис, цы бирæ алыгъуызон тематикæйыл фыст чингуытæй фæхъæздыг нæ библиотекæ, уыдон агуырджыты нымæц бæрæг кæй фæ-фылдæр уыдзæн.

Хицауады Сæрдары хæдивæг Пухаты Эрик фембæлд          Къуайсайы цæрджытимæ дæр, цæмæй зона адæмы иууыл тынгдæр цы актуалон фарстатæ тыхсын кæны, уыдон.

Цымыдисгæнæг фарстытæ уыдысты алыгъуызон. Хъахъхъæнынады министрады цы æвзонг лæппутæ службæ кæны, уыдон цымыдис кодтой гæнæн ис æви нæ Къуайсайы горæты дæр банкомат сæвæрынæн. Бæрæг куыд у, афтæмæй ацы министрады службæгæнджытæн сæ мызд хыгъд æрцæ-уы банкон картæтæм. Цæмæй уыцы хыгъдæй æхцайы фæрæзтæ райсой, уый тыххæй сæ бахъæуы горæт Цхинвалмæ рацæуын.

Цæрджытæ ма куыд загътой, афтæмæй сæм æртаджы аргъ у 40 сомы. Хицауады Сæрдары хæдивæгмæ бахатыдысты, цæмæй сын уавæртæ саразой æмæ уыдон дæр æртаг æлхæной горæт Цхинвалы æргътæм гæсгæ.

Куыд рабæрæг, афтæмæй серьезон проблемæ у Цхинвал-Дзæуджыхъæумæ транспорты маршруты хъуыддаг дæр. Цалынмæ, дам, Къуайсайæ Цхинвалмæ хæццæ кæнæм, уæдмæ Дзæуджыхъæуы рейсон автобустæ ацæуынц.

Пухаты Эрик ныфс бавæрдта цæрджытæн æппæт ацы фарстатæм лæмбынæг кæй æркæсдзысты хицауады радон æмбырды.

Кусæгон балцæн фæстиуджытæ аразыны рæстæджы Хицауады Сæрдары хæдивæг Пухаты Эрик загъта: «Цæрджытæ рæгъмæ цы фарстатæ рахастой, уыдон сты актуалон. Хицауадæй кæнгæ чи у, уыдон се ‘ппæт дæр скъуыддзаг æрцæудзысты. Иумæйагæй сисгæйæ цæрджытæ æмæ компетентон органты ‘хсæн æнæмбаргæ фарстатæ нæй. Фæстаг рæстæджы къуыдаргомы цы социалон нысаниуæгджын объекттæ арæзт цæуы, уыдонæй райгонд сты къуайсайæгтæ.

РХИ-йы Президент лæмбынæг йæ хъус дары Къуайсайы цардуагон фарстатæм. Абон мæ балцы нысан дæр уый у. Тыбылты Леонид мын бахæс кодта, цæмæй лæмбынæг сахуыр кæнон цæрджыты проблемæтæ», загъта кæронбæттæны Пухаты Эрик.

Уазæгты М.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.