РХИ-йы Президент Тыбылты Леонид уыд Цхинвалы районы Къуернет æмæ Дампъалеты хъæуты, цыран бынаты базонгæ ис цæрджыты проблемæтимæ. Йæ балцы паддзахады сæргълæууæгимæ уыдысты Президенты паддзахадон уынаффæгæнæг Цоциты Барис, Цхинвалы районы администрацийы сæргълæууæг Плиты Алан, паддзахадон унитарон куыстуат «Мелиораци»-йы директор Хуыгаты Владимир.

Банысан хъæуы, Президенты химæисæнмæ раздæр ацы хъæуты цæрджы-тæй кæй бацыд хъаст, æвзæр фæндæгты æмæ нуазыны дон кæй нæ фаг кæны, уыдæтты тыххæй.

«Республикæйы разамынад сæрмагонд хъусдард здахы хъæууон бынæттæм æмæ махæн ахсджиаг у адæмы хъæутæм раздахын, уый тыххæй та хъæуы уым уавæртæ саразын: фæндæгтæ аразын, дон, электрохæххытæ бауадзын», — загъта Тыбылты Леонид.

Къуернеты хъæуы цæрджытæ паддзахады сæргълæууæгæн радзырдтой, нуазыны дон сæм кæй нæй, уый сын бæрæг кæй зындæр кæны сæ цард.

«Мах пайда кæнæм суадоны донæй æмæ фæстаг цалдæр азы та уыцы суадон арæх басур вæййы, — банысан кодта ацы хъæуы цæрæг Хуыгаты Чичико. — Хъæуы айнæг къæдзæх ныххуынкъ кæнын æмæ уымæй гæнæн ис доны цыд фæтынгдæр кæнын».

Президент суадоны доны фенгæйæ, районы администраци æмæ паддзахадон унитарон куыстуат «Мелиораци»-йæн бахæс кодта, цæмæй сахуыр кæной ацы бынаты æмæ бакусой дон рауадзыны фадатыл.

«Фæндаджы уавæр хъæуы фæхуыздæр кæнын, схæрзарæзт кæнын хъæуы дыууæ километры дæргъæн фæндаг, цæмæй трассæмæ сæрибарæй уа рахизæн», — фæбæлвырд кодта уый.

Дампъалеты хъæуы медпункты медицинон хо Коцты Эльзæ радзырдта, хъæуы цæрджытæ зындзинæдтæ кæй æвза-рынц, медицинон æххуыс кæм райсой, уыцы хатæн чысыл кæй у, уый аххосæй.

«Медпункт ахæм чысыл у æмæ пациентты бахъæуы æвзæр боныгъæдты дæр уынджы рады фæлæууын, — загъта уый. — Дампъалеты хъæуы ис скъола, кæцыйы мидæг ис сæрибар хатæнтæ æмæ нæ фæнды, цæмæй медпунктæн уым рахицæн кæной иу хатæн. Уымæй дарддæр ма махæн стыр проблемæтæ ис транспортæй. Бахъæуы цалдæргай километры ацæуын, цæмæй рынчынæн баххуыс кæнæм, фистæгæй та адæймаг рæгмæ бафты, стæй тæссаг дæр у — хъæды ис бирæ тугдзых сырдтæ».

Цæрджыты проблемæтæм байхъусгæйæ, Тыбылты Леонид бахæс кодта, цæмæй медпункты раивой скъолайы бæстыхаймæ æмæ районы администрацийы сæргълæууæгæн бацамыдта, цæмæй ацы фарсты равзара. «Мæйы æмгъуыдмæ ацы фарст скъуыддзаг æрцæудзæн», — банысан кодта Плиты Алан.

Паддзахады сæргълæууæг ма ныфс бавæрдта, цæмæй Цхинвалы районæн рахицæн æрцæуа автомашинæ.

«Мæскуымæ мæ фæстаг балцы рæстæджы æз фембæлдтæн бизнесментимæ, уыдонæй сæ иу баныфсæвæрдта, республикæйæн кæй балæвар кæндзæн 8 автомашинæйы, — загъта уый. Уыцы машинæтæй сæ иуы мах ратдзыстæм уæ районæн æмæ уый гæнæн ис аскъуыддзаг кæна сæвзæргæ проблемæйы».

Хъæуы цæрджытæ ма се ’нæразыдзинад равдыстой, ардæм æнæзакъонæй кæй æрласынц, уыцы арæзтадон брæтты фæдыл. Президент районы барадхъахъхъæнæг органтæн бахæс кодта, цæмæй æфхæрд æййафой ахæм æмбæстæгтæ. Хъæуы цæрджытæ сæхи рады бузныг загътой Тыбылты Леонидæн, сæ проблемæтæ скъуыддзаг кæныны хайад кæй исы æмæ сæ кæй æмбары, уый тыххæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты официалон сайт

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.