Нæ республикæйы сæйраг горæт Цхинвалæн йæ раздæры  хуыз чи хъуыды кæны, уыдон æнæдызæрдыгæй фæзæгъынц,  нæ горæт кæй уыд тынг рæсугъд горæтыл нымад, уæды рæстæджы абарæнтæм гæсгæ. XX æнусы кæрон нæ республикæйы райдыдтой уæззау бонтæ, иу иннæйæ фыддæр зындзинæдтæ æййæфтой не ‘мбæстæгтæ, тас, хæст æмæ уæззау уавæрты амæлттæ кодтой. Афтæмæй, куыдфæстагмæ нæ раздæры рæсугъд горæтæй æппындæр ницыуал аззад нывыл, баисты нæ «уæздан» сыхæгты судзгæ нæмыджы  æмæ æгъатыр лæгсырдты амæттаг. Фæлæ, дам, рæстæг цæуы æмæ фарн йемæ хæссы, загъдæуы, афтæ та нæ хæстæфхæрд республикæ дæр цадæггай сулæфыд йæ уæззау уавæрæй, бонæй-бон хуыздæрæй-хуыздæр кæнынц нæ царды уавæртæ, рæзы æмæ фæлындзы йæ хуыз нæ горæт ногæй. Арæзт цæуынц алыгъуызон нысаниуæгджын бæстыхæйттæ, улæфæн бынæттæ æмæ æндæр æнæмæнгхъæуæг уагдæттæ. Адæймаджы зæрдæйæн уæлдай æхсызгондæр вæййы, æрæджы дæр ма цъыфы зæйтæ цы уынгтыл лæдæрстысты, уыдоны ныр аив арæзтæй куы фенæм, уæд.

Куыд горæты сæйраг уынгтæ, афтæ арæзт цæуынц иннæ уынгтæ дæр. Æрæджы арæзтадон компани «Дорэкспострой» сцалцæг кодта æмæ эксплуатацимæ радта горæты 11 уынджы. Дарддæр дæр 2015-2017 азтæн Инвестпрограммæйы фæлгæтты æмæ ма сæхи финансон фæрæзтæй дæр фæнд кæнынц цалдæр уынджы саразын, фæлæ мæн ныртæккæ цы  уынгты кой фæнды ракæнын, уыдоны арæзтад, хъыгагæн, æппындæр ничи райста йæхимæ, кæд æхсæнадæн сæ нысаниуæг чысыл нæу, æмæ сты тынг æдзæллаг уавæры, уæддæр.

Горæты цæгатварсæрдыгæй  æрбацæуæны сты Димитровы æмæ Едысы уынгтæ, фæлæ мæнмæ иуæй-иу хатт, уыдоныл цæугæйæ сæвзæры ахæм æнкъарæнтæ, цыма уыдон æппындæр горæтмæ нæ хауынц. Æрдæг æнусæй фылдæр Димитровы уынджы уæвынад кæнынц  9-æм скъола æмæ 8-æм сывæллæтты рæвдауæндон. Советон дуджы дæр ма ацы дыууæ уынджы уыдысты кæрæдзийыл æмбаст, сæ иуы уавæр æндæвта иннæйы уавæрыл. Фыццаджыдæр уый тыххæй, æмæ дыууæ уынджы зæххыбыны коммуникацитæ уыдысты иу хаххыл арæзт, æмæ-иу кæд иу уынджы аскъуыд хæтæл, уæд уый æндæвта иннæ уынджы уавæрыл дæр. Трубæтæ пырх кæй уыдысты, уымæ гæсгæ-иу арæх аскъуыдысты куыд  нуазыны доны, афтæ канализацион хæтæлтæ дæр æмæ-иу чъизи дон ралæдæрст дыууæ уынджы, нал-иу уыд ахизæнтæ,  æмæ ма æнуд смагæй дæр тыхстысты адæм. Скъола æмæ рæвдауæндонмæ цæуджытæ та-иу сæ фæндаг ацыбыр кодтой  Едысы уынгæй Димитровы уынгмæ цы цыбыр бацæуæн уыд, ууыл бахизгæйæ.

2008 азы хæсты рæстæджы ацы дыууæ уынджы ныппырх сты æмæ басыгъд бирæ хæдзæрттæ. Уыдон арæзт æрцыдысты, фæлæ арæзтæдты рæстæджы уынгтæ ноджы фехæлдысты, скалд, цы уæлæнгай асфальты уæлцъар ма сыл уыд, уый дæр. Ныр нæ республикæйы ног царды ивæнты дæр, хъыгагæн, ацы уынгты уавæр бирæ нæ фæивта, кæд цæрджытæ ацы проблемæйы фæдыл бирæ инстанцитæм бахастой сæ хъаст, уæддæр. Алы къæвдабоны дæр дон бакæлы хæдзæртты ныккæндтæм, уынгты сырæзы цæдтæ æмæ дзы машинæтæ дæр æдæрсгæйæ нал фæхизынц, фистæгæй та дзы æппындæр нал вæййы рахизæн. Цæрджытæ сæхи хæрдзтæй бацалцæджытæ кодтой хæтæлты пырх бынæттæ, æмæ уавæр чысыл фæхуыздæр, фæлæ уый –  цыбыр рæстæгмæ.

Димитровы уынджы цæрджытæ дæр æййафынц ахæм зындзинæдтæ, æмæ ма æрмæст цæрджытæ нæ, фæлæ скъола æмæ рæвдауæндонмæ цæуджытæ дæр.  Димитровы æмæ Едысы уынгты хæрзарæстадон уавæртæ дæр сты æдзæллаг уавæры, ис дзы тротуартæ дæр, фæлæ уыдонæй цæрджытæ пайда кæнынц, куыд сæхи сæрмагонд уынгтæ, афтæ.

Ныр æрбалæууыд фæззæг, райдайдзысты та къæвдабонтæ æмæ нын ацы фарсты фæдыл цæрджытæ сæхæдæг куыд загътой, афтæмæй ныридæгæн тыхсынц æмæ курæг сты нæ республикæйы æмбæлон органтæй, цæмæй сын сæ фарстамæ сæ хъус æрдарой.

Хуыгаты М.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.